Нæ цард тагъд ивы. Æрæджы дæр ма ахъуыдыгæнæн цæуылты нæ уыд, уыдонæн абон æвдисæн стæм, æвзарæм сæ нæхиуыл хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр. Цард куыд ивы, афтæ ивы нæ алфæмблай æрдз дæр – кæм тагъддæр, кæм сындæггай æмæ дзы адæймаг æнæ хайадисæг нæу, уыцы нымæцы климаты цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдоны дæр.

Ныртæккæ зымæг йæ тæккæ тæмæны ис – фæуд кæны йæ дыккаг мæй. Фæлæ ма акæсут уæ хæдзары рудзынгæй, гъе та рахизут уынгмæ, æндæра дзы зымæджы бæрджытæй уæ цæст цæуыл схæцид! Арв – сæгъы цæстау ирд. Стæм бонтæ уыдысты, хур-иу йæхи мигъты фæстæ куы бамбæхста. Бæрцæй цалдæр хатты «рантыст» мит уыцы мигътæй æмæ-иу цыбыр рæстæгмæ нæ дзабырты дæлфæдтæ «банкъардтой йæ ад». Нæ  тыхсын кæны зымæг мах йæ уазæлттæй дæр. Уынгмæ хизгæйæ, нæ гардеробы хъарм, зымæгон дарæс иуварс ассонæм æмæ райсæм, фæззæджы рог уазæлтты дæр скæнынæн чи бæззынц, ахæм дарæс. Æвæццæгæн, арс дæр сдыгъуырццæг æмæ хъуыдыты адзæгъæл, бафынæй кæна  уалдзæгмæ йæ лæгæты, æви нæ.

Ахæм хъарм зымæг фыццаг хатт не ‘рбалæууыд. Цадæггай-цадæггай сыл ахуыр кæнæм.

Æмæ раздæр та цахæм уыд нæ зымæг! Хистæр фæлтæр абон дæр хорз хъуыды кæнынц цахæм бонтæ æрвыстой афæдзы ацы афоны. Зымæг йæхи зонын кодта æрæгвæззæгты, декабры мæй та нымад цыд иууыл уазалдæрыл. Уæд бонтæ вæййынц цыбыр, хур тигъмæ фæкæсы зæхмæ, кæд ын уыцы фадат фæзыны, уæд. Ацы мæйы æруаргæ миты нæ фыдæлтæ нымадтой иууыл фидардæрыл, зæгъгæ, уый фæлæууы суанг уалдзæгмæ. Судзгæ уазæлттæ йæ сæлхъивынц æмæ къæхты бын йæ къæскъæс фæцæуы. Зæхх-иу æгасæйдæр зымæгон бонты уыд митуардтыты, миттымыгъты уацары – алцы дæр иу ын басаст. Нæ йыл саст æрмæстдæр адæймаг.

Нæ адæм та хæхбæсты цæрæг уыдысты. Сæ зымæг – даргъдæр, уазалдæр, митуарæндæр. Хъæуты-иу кæд цард æрнымæгау, уæддæр нымæг нæ кодта. Æрвылрайсом, рабадгæйæ, хæдзарæй рахизгæйæ, митæй сыгъдæг кодтой рахизæнтæ, фæндæгтæ гæрстой скъæттæм, хъæууынгмæ, дон кæцæй хастой æмæ фосæн дон кæм дардтой уырдæмыты. Чи нал зындысты, уыцы цъериты къахтой миты бынæй, сæ холлагæй йедзаг кодтой холлагдæтты, уырдыгæй та йæ фосæн райсом æмæ изæры æвæрдтой. Зæгъгæ, фосæн донмæ фæндаг сыгъдæг кæнын къухты нал æфтыд, уæд мит тайын кодтой æмæ сын уыцы дон дардтой.

Царды алцыдæр æрцæуы æмæ-иу, зæгъгæ, тагъд хъуыддаджы фæдыл искуыдæм æвæд фæндагыл цæуын бахъуыд, уæд-иу къах-къæлæттæ бакодтой, цæмæй сæ къæхтæ миты ма ныгъуылдаиккой.

Митуардтæ-иу æрæхгæдтой хъæуæй хъæумæ фæндæгты æмæ алы хъæу дæр, дунейæ иппæрдæй, йæхи цардæй цардис уалдзæгмæ. Хъæуы хистæртæ-иу куыд дзырдтой, афтæмæй-иу æруарыд уый-бæрц мит дæр æмæ хæдзарæй хæдзармæ тъунелтæ къахтой.

О, карз, æгъатыр уыд зымæг. Фæлæ йæ ныхмæ фæлæууын зыдтой хæхбæсты адæм. Фæлтæрдта сæ æмæ сын уый æнцондæр кодта сæ уавæр. Зыдтой, уыцы зымæг сын даргъ кæй уыдзæн æмæ кæмæн куыд йæ бон уыдис, афтæ-иу æм йæхи фæззæджы бацæттæ кодта.

Ахæм уыд ивгъуыд дуджы нæ зымæг. Æмæ чизоны исчи зæгъа, кæнæ ахъуыды кæна, зæгъгæ, уый раджы уыдис. Фæлæ адæймаджы царды астæуккаг дæргъ историйы барæнтæм гæсгæ у хæрзцыбыр, нæ царды иу минут, иу уысм куыд у, афтæ. Уымæ гæсгæ æвзæры фарст: афтæ куы ахæсса, афтæ куы ива нæ цæстыты раз климат, куы хъармдæр кæна, уæд цахæм уыдзæн нæ зæхх 100-120 æмæ ноджы фылдæр азты фæстæ? Ау, зæххыл искуы нал уардзæнис мит? Ау, тайын чи райдыдтой, уыцы цæгаттаг æнусон ихтæ искуы бынтондæр батайдзысты?

Ацы процессы адæймаджы архайд у аххосджын, æви æрдзысконд йæхи закъæттæм гæсгæ уæвы?

Абоны хъарм, ирд, сæрдыгон зымæджы цæргæйæ, адæймаджы бафæнды нæ ивгъуыдмæ адзурын: цы фестут, зымæгон судзгæ уазæлттæ?

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.