Нывафыст

Йæхи рæсугъддзинад ис зымæгæн. Мит æруары, бæгънæг бæлæсты урсвæлыст скæны. Бæстæ урс-урсид адары. Зымæгон уæлдæф вæййы сыгъдæгдæр æмæ дзы адæймаг æхцонæй фæулæфы. Кæд адæймаг уазалæн зынтæй фæразы, уæддæр тынг цымыдисон вæййы зымæгон изæрты уынгты тезгъо кæнын, уæлдайдæр та мит сындæггай куы фæуары æмæ къæхты бын йæ фæлмæн хъыррыст куы фæцæуы, уæд.

Уæлиау хæхты цъуппытыл æвзистау æрттивынц райсомы хуры фыццаг тынтæ. Митмæ цæстытæ нæ лæууынц. Арв – сыгъдæг. Мит хъæрзы къæхты бын. Зымæг лæджы æмбæрц æруары мит. Фæлæ ахæм зымæг рагæй нал уыд. Уæлдайдæр та ацы аз. Митмæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц нæ горæты цæрджытæ æмæ куыддæр фыццаг тъыфылтæ зæхх æрæмбæрзтой, афтæ  горæты уынгтæ æмæ фæсгорæты фæхстæм сабитæ раивылдысты. Сæхи ирхæфсынц къахдзоныгътыл æмæ дзоныгътыл бы-рынæй.

Уæвгæ боныхъæд цыдæр æнахуыр хæссы. Ацы зымæг адæм раст цыма европæйаг бæстæты сты, афтæ сæм кæсы. Мит нæй, уый иу хъуыддаг у, фæлæ ма уæлдæфы уазал дæр дæлæмæ нæ æмæ нæ хæцы зымæджы йæ къæхтæ кæдæмдæр ахастой æмæ нæ иувæрсты фæхъуызы.

Зымæджы бирæты фæфæнды спорты зымæгон хуызты архайын. Æгæрыстæмæй,  хуымæтæг ирхæфсæн мадзалæй ис бирæ пайда.  Адæймаг йæхи хуыздæр æнкъары, йæ зæрдæйы куыст нывыл кæны, фидар кæнынц йæ нуæрттæ. Стæй дзы æрбайрох вæййынц æрвылбоны аудинæгтæ, райсы æхцон-дзинад.

Рæстæг хъæлдзæгæй арвитынмæ дард ранмæ цæуын нæ хъæуы. Митын къуыбыртæ ссарæн ис горæты дæр…

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.