Сæрд нæма райдыдта, афтæмæй ныридæгæн нæ республикæйы бирæпрофилон рынчындонмæ цалдæр адæймаджы бахаудысты джыбыйы хæсты фæстæ. Дохтыр-аллерголог Мæргъиты Маринæ куыд радзырдта, афтæмæй ацы паразит у бирæ низтæ парахатгæнæг. «Джыбыйы хуызтæ бирæ сты. Тæссаг сты фосæн дæр æмæ адæймагæн дæр. Æрдзы уыдон бæрæг активондæр вæййынц май-июны æмæ сентябрь-октябры. Уымæн æмæ уыдонæн уæлдæфы температурæ 20 градусы хæрзвадат сты. Ивгъуыд азы джыбыйы хæсты фæстиуæгæн мæнмæ æрбацыд 27 адæймаджы. Ацы аз дæр нæм æрбацыд 6 адæймаджы. Ацы паразитæн йæ бон у апарахат кæнын боррелиозы низ. Низ та уайтагъд бахъыгдары нуæрттæ, зæрдæ, царм æмæ стджыты дæр. Мæлæтмæ æркæны цадæггай, тынг бандавы адæймаджы царды гъæдыл. Хъыгагæн, ивгъуыд аз джыбыйы хæстæй нæ республикæйы амард æртæ адæймаджы», – зæгъы дохтыр.

Уый ма зæгъы джыбыты фæхæсты цаутæ канд хъæуты цæрджытæй хъæдтæм хæстæг чи цæры, уыдоныл не ʻрцæуынц, горæты дæр вæййы ахæм цаутæ. Дыууæ азы размæ «Югосетпотребнадзор» нæ республикæмæ Ставрополы Емынæйы ныхмæ институтæй æрхуыдта цалдæр специалисты, цæмæй сбæлвырд кодтаиккой Хуссар Ирыстоны джыбыты хуызтæ. Иртастытæ куыд равдыстой, афтæмæй нæ республикæйы территорийыл ис фондз хуызы джыбытæ. Уыдон та сты – кулихородка, боррелиоз, анаплазмоз, эрлихиоз парахатгæнджытæ. Джыбыты хуызтæй иууыл тæссагдæр у инцефалитон, фæлæ мах æрдзы ахæмтæ нæ разынд. Уыдон фылдæр цæрынц Сыбыры.

Мæргъиты чызг куыд амоны, афтæмæй джыбытæй хъæуы хи хъахъхъæнын. Уыдон фылдæр вæййынц зæххыл. Уымæ гæсгæ гомзæнгæй æрдзмæ нæ хъæуы цæуын. Джыбы фæагуры адæймаджы цармы иууыл тæнæгдæр бынæттæ æмæ уым бæстон ныххæцы. Хъæууон цæрджытæ ахæм рæстæджы арæх спайда кæнынц сойæ, ома, джыбы афтæмæй нæ ныффидар уыдзæн, ахаудзæн. Уый афтæ нæу, ахæм рæстæджы джыбы буары тынгдæр ауадзы йæ хъæстæ. Хæххон хъæуты цæрджытæ та-иу æй æндахæй бабастой æмæ-иу афтæ архайдтой йæ раппарыныл. Гæнæн ис схауа, фæлæ фылдæр хатт сæскъуыйы æрмæст йæ гуыр. Иууыл тæссагдæр у джыбы куы фæхæца хъæдгом бынаты, уæд æнæмæнг низы процесс фæтынгдæр вæййы. Джыбыйы хæст риссаг нæу, уый цармы бын бауадзы рыстуромæн буарад, уымæ гæсгæ йын буарыл уайтагъд ссарæн нæй. Йæ фыццаг симптомтæ зынын райдайынц 2-14 бонмæ. Низы райдианы адæймаг ихæн райдайы, йæ тæвд цадæггай схизы 40 градусмæ, цыран фæхæцы джыбы, уый дæр сриссы.

Аллерголог куыд амоны, афтæмæй джыбытæй хибахизыны тыххæй æнæмæнгхъæуæг сты ахæм мадзæлттæ:

  1. Хъæды уæвгæйæ нæ хъæуы, хус къалиутæ æмæ бæлæсты бын бадын, джыбытæ сæ тынгдæр уарзынц цъæх бæлæстæй. Афтæ ма уарзынц уымæл, талынг бынæттæ хус кæрдæгимæ.
  2. Æрдзмæ цæугæйæ уæ уæлæ скæнут ирд урсхуыз уæлæдарæс. Ахæм уæлæдарæсыл æнцондæрæй фенæн уыдзæн паразитты. Даргъдыстимæ æддаг дзаума нытъыссут хæлафы роны, хæлафы къæхтæ та – цъындаты мидæг æнгом бабæттын хъæуы цырыхъхъыты, кæнæ иннæ ахæм къахыдарæсы. Сæр бахъахъхъæнынæн хъæуы худ скæнын.
  3. Æрдзы уæвыны рæстæджы алы дыууæ сахаты фæстæ æмæ уырдыгæй хæдзармæ æрбаздæхыны фæстæ дæр æнæмæнг хъæуы хи басгарын, кæнæ та дæм, исчи лæмбынæг хъуамæ æркæстытæ кæна. Райдианы æркæсын хъæуы дарæсы æнцъылдтытæм дыууæфарсæрдыгæй дæр, уый фæстæ та лæмбынæг басгарын хъæуы буары, сæрыхъуынты, бæрзæйы, фæскъæбут, дæлæрмттæ æмæ гуыбын.
  4. Буары гом хæйтты æмæ уæлæдарæсыл бапырх кæнын хъæуы джыбыты марæг препараттæ – «Рафталид таежный», «Фумитокс», «Претикс», «Торнадо-антиклещ». Джыбыты тæрсынгæнæн препараттæ та бапырхгæнæн ис куыд уæлæдарæсыл, афтæ цармы гом хæйттыл дæр. Сывæллæтты бахъахъхъæныны тыххæй, гæнæн ис спайдакæнын кремтæ «Меделакс», «Фтолар» æмæ «Эфколат»-æй.

Кæд æмæ уыл уæддæр джыбы ныххæца, уæд хуыздæр у хосгæнæн-профилактикон уагдæттæм дохтырмæ бацæуын.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.