Дзæуджыхъæуы спортивон галуан «Манеж»-ы уагъд æрцыд æмбуархæстæй фыццаг æппæтуæрæсейон фестиваль «Россия – это наше дело». Ерыстæ уагъд цыдысты спорты цыппар хуызæй – уæгъдибар хъæбысхæст, бокс, æмхæццæ æмбуархæст æмæ армрестлингæй. Фестивалы сæ тыхтæ фæлвæрдтой хуссарирыстойнаг спортсментæ дæр. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты ко-мандон хыгъды Хуссар Ирыстоны командæ бацахста 3-аг бынат. Цхинвалмæ сыгъзæрин майдантимæ æрыздæхтысты Чилæхсаты Ибрагим (31 кг), Уанеты Дмитри (36 кг), Тедеты Георги (38 кг), Галуанты Арсæмæг (39 кг) æмæ Бекъойты Валери (68 кг). Æвзист призертæ систы Галуанты Æхсæртæг (36 кг), Тедеты Артур (38 кг) æмæ Тедеты Хасан (44 кг). Бронзæйон хорзæхтæ та бафтыдысты Быценты Барсæг (35 кг) æмæ Быценты Хетæджы (48 кг) къухты.

Тренер Гæджиты Артур куыд зæгъы, афтæмæй бузныг у парти «Ныхас» æмæ йæ сæрдар Бесаты Зитæйæ, ерыстæм ацæуынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Гæджиты Артур, Гæззаты Алан, Джиголаты Андрей, Гæджиты Марат æмæ Бикойты Азæмæт.

 

Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионат футболæй

13 азы онг кæуыл цæуы, уыцы футболистты хсæн уагъд цæуы Цæгат Ирыстон-Аланийы чемпионат. Уым хайад исынц хуссарирыстойнаг командæтæ дæр. Сæ иу «Барсалан» ис ерысты лидерты сконды. Уый 3-æм туры хъуамæ Дзæуджыхъæуы фембæлдаит «Спартак-Алани»-имæ. Фæлæ дыууæ командæйы тренертæ Хъазиты Алан æмæ Беппиты Гаррийы бадзырдмæ гæсгæ сфæнд кодтой хуссарирыстойнаг спортуарзджытæн бæрæгбон саразын æмæ хъазт ауагътой Цхинвалы.

Хъазты фыццаг æмбисы цхинвайлæгтæ размæ абырстой стыр тыхтæй. Уыд сын цалдæр хорз уавæры хыгъд бакæнынæн. Уазджытæ сын сдзуапп кодтой цалдæр атакæйæ. Æмæ кæд боныгъæд февзæрдæр æмæ райдыдта тæрккъæвда, уæддæр уыцы хабар нæ бандæвта, хъазæн фæзыл цы карз спортивон тох цыд, ууыл.

Фембæлды дыккаг хайы дыууæ командæ дæр ноджы фæрæвдздæр кодтой сæ хъазт. Йæ командæйы скондмæ «Барсалан»-ы тренер Хъазиты Алан цы ивындзинæдтæ бахаста, уымæн уыд хорз фæстиуджытæ. Хъазты кæронмæ ма 5 минуты куыд хъуыд, афтæ фысымтæн бантыст хыгъд байгом кæнын. Уазджытæ ма бæргæ абырстой хыгъд сæмхуызон кæнынмæ, фæлæ сын нæ бантыст. Афтæмæй «Барсалан»-æн йæ къухты бафтыд æртыккаг уæлахиз фæд-фæдыл.

Æвзонг футболисттæн æмæ спортуарзджытæн раарфæ кæнынмæ хъазтмæ æрбацыд фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хуыбецты Руслан. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй куыст цæудзæн республикæйы арæхдæр ахæм спортивон мадзæлттæ уадзыныл.

Спортивон галуан Олимпы уагъд æрцыд традицион турнир «Золотая рыбка»-йы 4-æм этап. Ныр та йæ хайадисджытæ сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой комплексон ленк кæнынæй. Æдæппæт майдантыл тох кодтой 137 спортсмены. Турниры рæстæджы æххæстгонд æрцыд Хуссар Ирыстоны дыууæ рекорды. Уыдон автортæ сты Бикойты Анастасия æмæ Чиаты Михаил.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.