РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бабæрæг кодта Знауыры поселочы 18 фатерон цæрæн хæдзары арæзтад. Йемæ ма уыдысты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады ми-нистры хæдивæг Гаглойты Сергей  æмæ капиталон арæзтады управленийы æмæ подрядон организациты минæвæрттæ.

Подрядон куыстытæ æххæст кæны арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Шанс». Проекты бадзырдон аргъ у 65,7 милуан сомы. Аразджытæ архайынц уæладзгуыты колоннæтæ, цары æмбæрзæн куыстытыл.

Хицауады Сæрдар профилон ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ ныхас кодта проектон куыстытæ цас дзуапп дæттынц сметон аргъæн, афтæ ма куыстыты графикыл.

Пухаты Эрик æнæразыйæ баззад арæз-тады куыстыты темптæй æмæ æрдомдта, цæмæй сæ фæтагъддæр кæной.

Подрядонтæ ныфс бавæрдтой, æртыц-цæгмæ проекты фæдыл æппæт фиппаинæгтæ иуварс кæй æрцæудзысты, куыстытæ та кæй адарддæр уыдзысты дывæр темпæй.

***

Пухаты Эрик ма бабæрæг кодта Дзауы поселочы 18-фатерон хæдзары арæзтад.

Хицауады Сæрдар цымыдис кодта арæзтады режиммæ, йе ‘мбæрдзинад проектон-сметæйон документацимæ гæсгæ арæзт цæуы æви нæ, арæзтадон æр-мæджытæй ифтонгадмæ территорийы хæрзарæзтадмæ.

Подрядон организаци арæнгонд бæрн-дзинады æхсæнад «Шанс»-ы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь лæмбынæг ра-дзырдта арæзтады тыххæй. Бæрæг кæныны рæстæджы объекты куыстой 20 адæймаджы æмæ 3 механизмы, аразджытæ куыстой къулты æмæ гæрæнты амайын æмæ сæрдыныл, канализацийы æмæ электрохæххыты системæ монтаж кæныныл, афтæ ма территорийы хæрзарæзтадыл, кæцыйы нысан сты ба-цæуæн фæндаджы арæзтад, бордюртæ æвæрын, тротуартæ æмæ фæзуæттыл фæн-дагон-декоративон плиткæ æвæрын.

Проекты бадзырдон аргъ у 61,3 милуан сомы. Аразджытæ ныфс бавæрдтой, азы кæронмæ 18-дыууæхатæнон фатеры 48 кв.м. фæзуатимæ лæвæрд кæй æрцæу-дзысты эксплуатацимæ.

Пухаты Эрик иумæйагæй райгондæй баззад, фæлæ уæддæр æнæмæнгхъæуæгыл банымдта аразджыты хъусдард куыстытæ æххæст кæныны æмгъуыдтæм аздахын.

«Цæмæй æрвылкъуырион график æххæст цæуа, уый тыххæй локалон куыстыты темптæ хъахъхъæд цæуой, æмæ æх-хæстæй пайда цæуа кусгæ бонæй. Æвæрд æрцыд ахæм хæс, цæмæй рæстæгыл æмæ гъæдджынæй æххæст æрцæуа 2019 азы Инвестицион программæ. Махæн афтæ бирæ рæстæг нал ис, къуылымпытæн æруадзæн нæй», – банысан кодта Хицауады Сæрдар æмæ загъта, æрвылкъуыри дæр кæй контрол  кæндзæн куыстыты цыдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.