10-æм февралы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд уазджытæ Цæцæны республикæйæ. Официалон делегацийы сæргълæууæг уыд Национ политикæ, æддагон бастдзинæдты, мыхуыр æмæ информацийы министр Ахмед  Дудаев.

Уый нæ республикæмæ лæварæн æрласта 10 автомобилы «Уаз-Патриот», æмæ ма финансон æххуыс. Æппæт уыдæттæ хицæн æрцыдысты Цæцæны фыццаг президент, Уæрæсейы Федерацийы хъайтар Ахмат Кадыровы  регионалон æхсæнадон фондæй. Æхцайы фæрæзтæ сты нысанмæздæхт æмæ хъуамæ хардз æрцæуой тыхон структурæтæн экипировкæтæ æмæ æппæт комплекттæ балхæнынæн. Уымæй уæлдай ма Цæцæны республикæ цæттæ у нæ республикæйы искæцы социалон объекты арæзтад финанстæй сифтонг кæнынмæ.

Уазджытыл цытджын æгъдауæй фембæлдысты нæ республикæмæ æрбахизæны, Ручъы тунелы. Театралон фæзуаты сæм æнхъæлмæ каст бирæ адæм. Уыцы нымæцы журналисттæ дæр.

Хæлардзинады нысанæн Цæцæны республикæйы президент Рамзан Кадыров цы хæдтулгæтæ æрæрвыста нæ республикæмæ, уыдон иурæгъыл æрурæдтой фæзуаты æмæ сыл адæм цин кодтой.

Уазджыты йæхимæ фæхуыдта паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан. Фембæлды дзырдтой, нæ республикæты æхсæн цы хæларадон ахастытæ сфидар  æмæ дарддæр дæр æмгуыстад куыд цæудзæн, уыцы фарстыл. Гаглойты Алан æрымысыд 2008 азы 8-æм августы Цæцæны республикæйы хæстон къорд активон хайад кæй истой нæ адæмы ирвæзын кæныны хъуыддаджы.  Æххуыс нын кодтой æндидзынгæнæн процессты дæр. Истори йæ цыд кæны, зæгъгæ, æмæ мах уыцы хæларадон æмæ хорз ахастытæ фидардæр кæндзыстæм.

«Æрæджы æз телефонæй ныхас кодтон Рамзан Кадыровимæ, раарфæ мын кодта мæ гуырæнбоны цытæн. Ныхас кодтам æндæр фарстатыл дæр. Æмæ мæнæ цалдæр боны нæма рацыд, афтæмæй нæм хæлардзинад æмæ иудзинады нысанæн уæзгæ хуынтимæ æрæрвыста йе ‘фсымæрты. Бузныг уын ахæм стыр кады тыххæй!»

Гаглойты Алан ныфс бавæрдта æппæт снысангонд пълæнттæ кæй æрцæудзысты биноныг, æмгуыстад та дарддæр кæй цæудзæн. Дыууæ республикæйы иузæрдион куысты руаджы Цæгат Кавказы, Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй сабырдзинад кæй уыдзæн. Нæ республикæйы сæргълæууæг дзырдта сæрмагонд æфсæддон операцийы дыууæ бæстæйы лæппутæ дæр активон хайад кæй исынц. Уый ма параллелтæ сарæзта Цæцæн æмæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон æмæ экономикон фадгуыты æхсæн. Афтæ ма банысан кодта абоны уæлахизты ахсджиагдзинад, зæгъгæ, уыдон адæмтæн дæттынц цæрыны æмæ фи-дæнмæ ныфсмæ æнхъæлмæ кæсыны фадат. Цæцæны республикæ æмæ, сæрмагондæй, Рамзан Кадыровæн нæ Президент загъта дидинæфтыд æмæ сабырады фæндиæгтæ.

Цæцæны республикæйы делегацийы сæргълæууæг Ахмед Дудаев арфæйы ныхæстæ загъта Гаглойты Аланæн, зæрдиаг химæрайсты тыххæй. Рамзан Кадыровы номæй раарфæ кодта ирон адæмæн. Ныфс бавæрдта Цæцæны республикæ цæттæ кæй у Хуссар Ирыстоны  æппæт фадгуыты дæр æмгуыстад кæнынмæ. «Сæрмагондæй мæхæдæг цæттæ дæн нæ республикæты æмгуыстадмæ. Ахæм куыст ахъаз уыдзæны цы министрады сæргъ лæууын уыцы æмæ сымах Æхсæнадæмон ахастыты, бастдзинады, информацион политикæ æмæ дзыллон коммуникациты фарстаты фæдыл комитеттæн. Нæ дыууæ республикæйы адæм сæрыстыр сты, бирæ хъизæмæрттæн кæй бафæрæзтой æмæ афтæмæй кæй сæххæст кодтой се ‘нусон бæллиц – систы сæрибар республикæтæ. Украинæйы хицауад АИШ-ы амындмæ гæсгæ йæ паддзахады цы æндыгъддзинадмæ æркодта, уымæн тагъд æрцæудзæн кæрон. Мах зонæм, ирыстойнаг лæппуты удуæлдай тохы тыххæй», – дзырдта Ахмед Дудаев.

Цард хæлардзинадæй фидауы

Хуссарирыстойнаг фарсæй ацы фембæлды хайад иста Мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæргълæууæг Хъотайты Мария дæр. Уазджытæн ныфс бавæрдта, цæттæ кæй у семæ æмгуыст кæнынмæ. Уый тыххæй бахъæудзæн Цæцæны республикæйæ мыхуыры фадыджы специалисттæ æрхонын Хуссар Ирмæ, цæмæй мастер-кълæстæ ауадзой нæ журналисттæн.

Цæцæны республикæйæ нæм цы уазджытæ æрцыд, уыдонæн нæ паддзахады сæргълæууæг бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ, Национ бангы уагъд монетæтæ. Сæрмагонд лæвар арвыста Рамзан Кадыровæн дæр. Уый фæстæ уазджытæ рахызтысты Театралон фæзуатмæ. Уым сæм æнхъæлмæ кастысты бирæ адæм. Паддзахадон ансамбль «Симд»- уазджыты цытæн сæххæст кодта цалдæр кафты.

Уыцы бон изæрæй уазджыты афæндараст кодтой сæхимæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.