Фыссæг Остъаты Аланыл сæххæст 55 азы

Кæд свæййы адæймагæн цард уæззау уаргъ? Сывæллоны бонтæй фæстæмæ йæ хъысмæт мады хъæбысы хъармæй æнæхай куы фæкæны, фæлварын æй куы байдайы, уæд. Кæд ын вæййы цард цины хос та? Зындзинæдты сæрты куы ахизы, цыфæндыйæ дæр цин кæныны, исты хорздзинад аразыны хъару йæхимæ куы ссары, уæд.

Ацы ныхæстæ æххæстæй хауынц Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, республикæйы Фысджыты цæдисы уæнг Остъаты Аланмæ. Сывæллонæй сидзæрæй баззад, фæлæ нæ фæцудыдта, ныфсджын æмæ уæндон къахдзæфтæй рацыд йæ равзæрст фæндагыл. Райста ахуыргæнæджы дæсныйад, æхсыста йе сфæлдыстадон курдиат, куыста æхсæнадæн ахъаз алы къабæзты. Абон æй дзыллæ зоны курдиатджын фыссæгæй – ныридæгæн рухс федтой йæ прозаикон уацмысты æмбырдгæндтæ «Цардивæн», «Царды уылæнтыл», «Уæззау мысинæгтæ», «Сау тымыгъ», рацæуынæввонг сты йæ драмæтæ.

Нæ литературон критиктæ кæнæ иртасджытæй фыссæджы фæлгонцты дунемæ бæстон-бæлвырд балцы чи фæцæуа, уый фæсмонгонд нæ фæуыдзæн. Цы мады кæнæ сывæллоны, цы хуымæтæг фæллойгæнæг кæнæ йæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæг хæстоны сурæттæ, сæ зондахаст æмæ психологи равдисынмæ автор хъавгæ, фæлæ ныфсджын æмæ разæнгардæй æвналы. Аив литературæйы сусæг-дзинæдтæ йын амыдтой Мæргъиты Къоста, Козаты Хазби, Гуыцмæзты Алеш, Æлборты Хадзы-Умар, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Хъодалаты Герсан. Уыдоны руаджы уыйбæрц сфæлтæрдта, цард афтæ базыдта, æмæ йе сфæлдыстад аххæссыд æрмæст йæхи рæстæгыл нæ, фæлæ ма æнусы размæйы цаутыл дæр. Бирæ фехъуыста, гуырдзы ирон адæмæн 1920 азы цы геноцид сарæзтой, уый тыххæй. Æрыййæфта ма йын йæ амæттæгты, хъуыста сын сæ мысинæгтæм. Каст аивадон литературæйы уацмыстæ æмæ документалон æвдисæнтæ. Уый фæстæ ма уырзæй сгарæгау æрмæг фæагуырдта архивты. Уыйадыл йæ цæстыты раз ахæм нывтæ райтынг, æмæ йæм, цыма уыцы стыр трагедийы дуджы йæхæдæг цард, афтæ кæсын райдыдта. Цы базыдта, банкъардта, уыдæттæ йæ зæрдæйы зæгъинæгтæ систы æмæ фыст æрцыд уацау «Сау тымыгъ».

Уацмысы уыйбæрц хъайтартæ уынæм, æмæ сыл æвиппайды аххæссæн нæй. Фæлæ автор сарæхст афтæ сæ равдисынмæ, чиныгкæсæджы зонд æмæ зæрдæйы сын сæхи бынæттæ куыд уа, сæ характертæ æмæ зон-дахасты руаджы сæ алкæй дæр куыд ныхъхъуыды кæна.

Уыимæ фыццаг сыфтæй фæстæмæ адæймаджы цæст чиныгæй атонын нæ комы цыбыр цардыуагон «нывты цæджы» руаджы. Реалон историон хъайтар, зæронд лæг Гæззаты Есе иннæ реалон хъайтар, суинаг лæппу Гаглойты Рутенæн зæгъы, цæмæй уал йæхи Ирыстоны Цæгаты бафæсвæд кæна: «Иунæг инженер нын ды дæ, Рутен, æмæ цы сфæнд кодтай, цæмæ ‘рæвнæлдтай, уыцы фæндаг аразын хъæудзæн фæстæдæр. Хæхты ‘взаг чи ‘мбары дæ хуызæн, лæппу…» Знагыл уæлахиз – æнæ дызæрдыггаг, фæлæ бындур æвæрын хъуыд райдзаст фидæнæн, æмæ уый та Цæгатмæ хæххон фæндагимæ баст уыд!

Лæппу зæгъы, фыдæвзарæнты йæ адæмимæ дæр кæй баззайдзæн, фæндаг дæр кæй сараздзæн æмæ балæууы Санахъоты Мате, Дзуццаты Арсен, 13 коммунары фарсмæ. Уыцы рæстаг тохгæнджытæ æмæ се знаг Валикъо Джугъели, Георгий Квинитадзе, йæ адæмы уæйгæнæг Лохты Артем дæр æцæг историон архайджытæ сты. Сæ нæмттæ аивадон уацмысы ивд кæй не ‘рцыдысты, уымæй, ныхас цы хъуыддæгтыл цæуы, уыдон кæнынц ноджы уырнинагдæр.

Ирыстоны Хуссары цæрæг иннæ адæмыхæттыты минæвæрттæй геноциды азар бавзæрстой сомихæгтæ, æмæ автор ууыл дзуры, ирон сылгоймæгты йæ хæдзары бамбæхсæг Сиранушы фæлгонц нывæндгæйæ: «Нæ ратдзынæн мæ сыхæгты бирæгъты хъæлæсмæ!.. Мæхиуæтты мын куы ныццагътой Турчы, куы ‘рыхъуыст уыцы сау хабар мæнмæ, уæд ацы дыууæ сылгоймаджы дæр саутæ скодтой мемæ. Цæмæй Сиранушæн уыдаид æнцондæр!.. Мæ дудгæ боныл æрдиаг кодтат сымах дæр». Афтæ сæ зæрдæйы хъармæй тавтой ирон сылгоймæгтæ, сæхимæ æмæ сæ хъæбултæм сын хæцæнгарз чи систа, уыдонæй бирæты, æмæ уыцы фæзилæн дæр сюжеты ирдæй разынд.

Авторæн сæры сæйраг сси хуымæтæг адæмы хуыздæр миниуджытæ, хъулгъайы амæттаг куы кодтой, уыцы рæстæг равдисын. Тугуарæны дæр знагæн нæ басастысты, сæ ныфс æмæ фидæныл æууæнк сын сæ хъаруйыл æфтыдтой æмæ, куыд адæмыхатт, афтæ историйы фæлмы ма аныгъуылыныл архайдтой.

Уацауы хъайтартæй сæрмагонд ныхасы аккаг у Дзæрæх. Уый сси иу сау тымыгъы дуг иннæ ахæм дугимæ бæттыны символ. Дзæрæх нæдæр знагимæ тохы хъæбатыр у, нæдæр Ирыстоны историйыл æндæр исты хуызы сахадæг удгоймаг. Уæдæ йæ сæйраг хъайтар рахонæн дæр нæй – архайджытæ дзæвгар сты, æмæ дзы уыцы бынаты æнæхъæн къорды равæрæн ис. Фæлæ Дзæрæх у 1920 азы геноциды ахæм æвдисæн, 2008 азы дæр та уыцы геноцид йæхиуыл чи бавзæрста. Фыццаг хатт – сывæллон, дыккаг хатт – йæ царды бонтæ нымад кæмæн сты, уыцы кары зæронд лæг. Йæ сыгъдæг уды фæллойæ фæцард, æмæ уымæй у йæ райгуырæн бæстæйы хъайтар, уый тыххæй у кады аккаг æмæ фæзминаг дæнцæг ног æмæ ног фæлтæртæн.

Æмæ ма – Сæрибары фидиуæджы символ дæр. Уымæ ралæвæрдта 13 коммунары кæстæр Уалыты Данел ахæстонæй йæ уадындз, уымæн бафæдзæхста: «Нæ Ирыстон куы ссæрибар уа искуы, йæ риуыдзаг куы сулæфа нæ зæхх, уæд ма-иу ыл мæ бæсты дæр фæцин кæн… Рæсугъд рæстæджы нæ рæсугъд зæххыл тынг рæсугъд цагъд акæн, куыд-иу цагъта нæхи Нарты Ацæмæз». Сæххæст ын кодта йæ ныстуан, цы мингай адæмы туг ныккалд, уыдонæй се ‘ппæты бæсты дæр фæцард, Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы рæстæгмæ. Æвæджиауы цины хабарæй фæвæййы Остъаты Аланы уацау «Сау тымыгъ». Йæ хъайтар Дзæрæхæн, хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, зæгъгæ, фыдæлты уыцы ныхас баиу кæны судзгæ хъарæджы æмæ цардбæллон «тæхудыйы» æнкъарæнтæ: «Сау тымыгъы фæстаг æвдисæн – æз, уæ ингæнмæ уын дзурын, хъæр нæ кæнын, хъæр кæныны тыхджын хъæлæс мын нал ис. Риуыдзаг сулæфыд Ирыстон!..».

О, фæлæ тугуарæны, сæрибар зæххыл цæрын чи хъуамæ базыдтаид, уыцы рæзгæ талаты бахъахъ-хъæнын хъуыд. Хъæуты, хъæдты æмæ хæххон къах-вæндæгтыл сывæллæтты знаджы нæмыгæй æмбæхс-той сылгоймæгтæ æмæ ацæргæ адæм. Уыдон сæ ра-хуыдтой æфцæгыл Ирыстоны Цæгатмæ. Æнæмæнг фæстæмæ, райгуырæн къонатæм æрбаздæхыны фæндиæгтимæ. Цавæр ахорæнтæй нывгæнгæ сты уыдоны фæлгонцтæ та? Æнæбон уыдысты, фæлæ ныфссаст – нæ. Сæ хъарæг хæхтæ арыдта, фæлæ се знагæн лæгъстиаг уæвын сæ сæрмæ не ‘рхастой. Лыгъд адæм уыдысты, фæлæ æххуысагур сæ туг се стæг æфсымæр-хотæм фæцыдысты. Æппæт уыдæттæ фыдæлты кад æмæ намысыл æнувыд уæвыны, цыфæнды зын уавæрты дæр адæймагæй баззайыны æвдисæн сты, æмæ ам дæр авторы арæхстджын къухæвæрд разынд (зæгъæм, зæронд лæг дзидзидай сывæллоны кæм ссардта æмæ йæ йæхи хъæбулау схæссынæй ард кæм бахордта, уыцы нывы).

Ирон адæм рагзамантæй фæстæмæ сæ хъысмæт Уæрæсеимæ бабастой, æмæ сæ хъуыдыйы дæр никуы ‘рцыд гадзрахатæй йыл рацæуын. Æххуысмæ, фæстæдæр та – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайынмæ æрмæстдæр уымæ æнхъæлмæ кастыс-ты. Уый сын нæ хатыр кодтой сæ сыхаг-гуырдзиæгтæ, æмæ уыцы хъуыды та уæлдай ирддæрæй разынд уацау «Сау тымыгъ»-ы мотивтæм гæсгæ фыст драмæ «Фæстаг æвдисæн»-ы.

Фыццаг хатт бафæлвæрдта прозаик Остъаты Алан йæхи литературæйы ацы жанры, æмæ, куыд рабæрæг, афтæмæй ницæмæй фæрæдыд. Сразæнгард æй кодта газет «Республика»-йы сæйраг редактор Хъоцыты Андрей, уый фæстæ йæ фарсмæ балæууыд Ирон драмон театры аивадон разамонæг Дзуццаты Тамерлан. Нырыккон ирон журналистты æмæ режиссерты æмрæнхъ цæуджытæ фыссæгæн радтой темæйыл дарддæр кусыны ныфс, æмæ сын уый тыххæй цы йæхæдæг, цы чиныгкæсджытæ æмæ театрдзаутæ зæгъынц стыр бузныг.

Авторæн иуæй æнцон кусæн уыд – дæхи уацау дын бындур æмæ фæндагамонæг. Иннæмæй та драмæйы домæнтæ бынтон æндæр сты. Ам фæлгонцтæ æндыгъддæр хъуамæ уой, хатт, бæлвырд актертæ сæ сценæйыл равдисынмæ куыд сарæхсдзысты, суанг уый хынцын дæр фæхъæуы. Уæдæ кæмдæр хохы цъассыты уæвæг адæмæн сæ цардыуаг уырнинаг «лыстæгдæр» хабæрттæй нывгæнын домдта (сæ фæзылдтытæ, дарæс, хæ-дзары дзауматæ, цыбыр монологтæ æмæ диалогты бирæ цаутæ равдисын æмæ аф.д.).

Остъаты Алан йæхæдæг дæр чысыл хæххон хъæ-уæй рацæугæ у, æмæ йæм уымæ гæсгæ йæ хъайтарты царды уавæртæ хæстæг уыдысты. Уæдæ ма йæ юмористон телеравдыстыты руаджы актеры хъазты фæлтæрддзинад кæй райста, уымæй та сценæйы комулæфт банкъардта, æмæ драмон уацмыс, агуыридурæй хæдзар куыд амайай, афтæ историон цаутæй амад æрцыд.

Спектакль цæрæццаг рауад, æмæ ма йæ ныридæгæн цы Ирыстоны, цы Уæрæсейы алы рæтты иу æмæ дыууæ хатты нæ равдисдзысты. Режиссер Дзуццаты Тамерлан йæ алыварс æрбангом кодта 60 артисты бæрц! Сценæйыл чидæриддæр архайы, уыдон сæ зæрдæтæм арф айстой æппæт цаутæ дæр. Сарæхстысты театрмæ æрбацæуджытæн фыдæлты дудгæбæттæ равдисынмæ. Сæйраг та уыд, ивгъуыд æнусы райдайæны геноцид нæ фыдæлтæн сæ хъæбатырдзинады æвдисæн кæй у, уыцы хъуыды.

Бирæ цæуылдæрты асагъæс кæндзæн театрдзау, сценæйыл уал фæлгонцы, характеры æмæ хъысмæты фенгæйæ. Пьесæ æмæ спектакль, стыр трагедийыл дзургæйæ, цæрынмæ, фидæнмæ тырнынмæ, сидынц, уый дæр æнæ банкъаргæ нæ фæуыдзысты.

Йæ фыццаг сисфæлварæнтæй фæстæмæ раст æмбары автор фыссæджы хæс – дзырд хъуамæ хъуыдыты цъыссымы дæр æппара, уæлмонц æнкъарæнтæ дæр æвзæрын кæна, зæрдиагæй фæхудынæн гæнæн дæр дæтта. Уымæ гæсгæ дызæрдыггаг нæу, Остъаты Аланы сфæлдыстадон сурæтмæ нырма бирæ баххæстгæнинæгтæ кæй уыдзæн, йæ ног уацмыстыл ныхас ма иу æмæ дыууæ хатты кæй нæ рацæудзæн, уый…

ТЪЕХТЫ Тамерлан

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.