Ныртæккæ нæ республикæйы цы егъау инвестицион проекттæ æххæст цæуынц, уыдонæй сæ иу у, Присы хъæумæ хæстæг цы консервгæнæн завод арæзт цæуы, уый. 6-æм июны уым не ‘мбæстæгтæн сарæзтой гом дуæртты бон, цæмæй чи цымыдис кæны, уыдон базонгæ уой, заводы куысты уавæртимæ йæ технологион прецессимæ.

Ныртæккæ заводы арæзтад ис кæронбæттæн этапы æмæ тагъд лæвæрд æрцæудзæн эксплуатацимæ. Йæ территорийыл арæзт ис цыппар егъау цехы, цалдæр ныккæнд, административон бæстыхай хæрæндон, техникон кусджытæн хицæн хатæнтæ. Ам ныртæккæ цæуынц ифтонгадты монтажгæнæн куыстытæ, архайынц ма донифтонггæнæн-инженерон куыстытыл æмæ заводы алфæмблай схæрзарæзт кæныныл.

Куыстуаты генералон директоры хæдивæг Плиты Инал гом дуæртты бонмæ цы адæм æрæмбырд ис, уыдонæн радзырдта: «Бирæ адæм нæм цæуы куыстагур, ис нæм 180 куырдиаты бæрц. Фæлæ нæ ноджыдæр бахъæудзæн кусджытæ: бригадиртæ, технологтæ, халсартæм чи зила, фылдæр нæ ахæм кусджытæ хъæуы. Ныртæккæ нæ къухы цы зæххытæ ис, уым садзæм алыгъуызон халсартæ. Уыдонмæ æппынæдзух хъæудзæн хъусдарын, стæй куы æрзайой, уæд та тыллæг æмбырд кæнын. Æркæнгæ тыллæгæй араздзыстæм алыгъуызон консервтæ. Иу хай дзы уæй кæндзыстæм республикæйы, иннæ ласдзыстæм уæрæсейы регионтæм. Райдианы нæ цас хъæуы, уыйбæрц тыллæг чизоны райсæм æмæ уæд халсæрттæ ласдзыстæм æдтейæ, фæлæ архайдзыстæм, цæмæй æппæт халсæрттæ дæр бынаты зайын кæнын. Нæ ассортимент уыдзæн уæрæх – уадздзыстæм дыргъты дæттæ, павидлатæ, джемтæ, постила къаффеттæ æмæ компоттæ. Заводы гæнæнтæ уыдзысты уæрæх. Пайда кæндзыстæм куыд фыццаг, афтæ дыккаг сорт продукцийæ дæр. Заводы фæрцы хъæууон фермертæн уыдзæн сæ тыллæг кæм реализаци кæной, уый. Фæнд кæнæм дыргътæ æмæ халсæрттæ пункттæ бакæнын районты æмæ стырдæр хъæуты. Уырдыгæй та сæ заводмæ ласдзысты нæ экспедитортæ. Уый хъæууон цæрджыты разæнгард кæндзæн сæ дыргъдæттæ æмæ цæхæрадæтты фæзуæттæ уæрæхдæр кæнынæн», – загъта Плиты Инал.

Заводы къуыхдариуæгад ма бадзырд сарæзта хицауадимæ æмæ арендæйы райста Присы хъæуы цы 50 гектары дыргъдон арæзт æрцыд цалдæр азы размæ, уый. Ацы дыргъдоны цы фæткъуыбæлæстæ ис, уыдонæн сæ фылдæр сты рынчын. Фæлæ талаты ‘хсæнты садзынц памидортæ æмæ бакладжантæ. Ацы аз заводы къухдариуæгад архайдта рынчын фæткъуыбæлæстæн схос кæнынц, чи бахус, уыдоны  бынæтты та ныссагъта ногтæ. Сæ хъуыдыйы ма ис Ирыстоны районты æнæкуыст зæххытæ скусын кæнын дæр. Зæгъынц, зæгъгæ, мах климаты иттæг хорз зайынц дыргътæ æмæ халсæрттæ. Æрмæт мæм хъæуы афоныл хъацæнтæ хæссын. Хъавынц ма ацы проекты фæстæ æндæр хъæууонхæдзарадон проекттæ дæр скусын кæнын. «Æппæт хъомысадæй куы скусæм, уæд бадзырдтæ араздзыстæм æндæр инвестортимæ дæр. Уыцы нымæцы бынæттон фермертимæ дæр. Дыргъ-гуысткæнынады хъуыддаджы Хуссар Ирыстоны цы хъæздыг традицитæ ис, уымæ гæсгæ æнæмæнг разындзæн ахæм адæймæгтæ талахъомылгæнæндон чи сараза. Уый афтæ зын ма хъуамæ уа, сæйрагдæр у санитарон контроль рацæуын æмæ мæры температурæмæ хъус дарын», – дзырдта гом дуæрттæм æрбацæуджытæн заводы генералон директор Пæррæстаты Уырызмæг.

Заводы чысыл экскурси саразыны фæстæ не ‘мбæстæгтæ лæвæрдтой цымыдисгæнæг фарстатæ. Цымыдис кодтой куыстмызды бæрцмæ дæр. Кусæгæн астæуккаг нымадæй йæ мызд уыдзæн 30-40 мин сомы. Бынатмæ сæ ласдзæн сæрмагонд автобус, куыст уыдзæн дыууæ сменæйы, бынаты сын хæрын кæндзысты сихор æмæ а.д.

Бирæтæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц завод кæд скусдзæн, уымæ æрбакæнынмæ.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: консервгæнæн зоводы арæзтад финансгонд æрцыд 2022-2025 азты Инвестицион программæйы. Хицæн ын æрцыд 656 милуан сомы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.