Хорз лæджы ном дардмæ кæм хъуысы, уыцы Ирыстоны кæд рæвдыд ныхæстыл чъынды стæм, уæддæр нæ хъæздыг æмæ рæсугъд æвзаджы бирæ ис, лæджы хорз æвдисæг дзырдтæ – хуыцауысконд, хуыцауæмсæр, зæдæмсæр, комбæсты аргъ лæг æмæ афтæ дарддæр. Ацы дзырдтæ æнæдызæрдыг æмæ æнæуæлдай цурон митæй иууыл хуыздæр кæуыл фидыдтой, уыдонæй иу уыдис нæ абоны юбиляр Букуылты Алыкси.

Райгуырд сæдæ азы размæ, гуырдзы ирон адæмæн кæй расидтысты, уыцы геноциды тæккæ тæмæны, Уалыты хъæуы. Йæ райгуырдæй дыууын азы фæстæ каст фæцис Сталиниры педагогон техникум æмæ кусын райдыдта сыхаг, Чхараулы хъæуы райдиан скъолайы директорæй, фæлæ йæм уыцы аз æрсидтысты æфсады службæмæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдайæны фыццаг бонæй фæстæмæ тох кодта Райгуырæн бæстæйы сæрыл. 1942 азы уацары бахауд немыцаг фашисттæм. Уыд, Румыны сын чи уыд, уыцы лагеры. Дыууæ азы фæстæ йын бантыст лагерæй алидзын æмæ йæ тох адарддæр кæнын Сырх Æфсады сконды. Хæст фæуынхъус уыд, афтæ уæззау цæфтæй бахауд госпиталмæ. Йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонмæ æрыздæхт 1946 азы. Æмæ йæхи снывонд кодта ирон мыхуыры куыстæн, ирон аив дзырды хæрзæбонæн. Куыста журнал «Фидиуæг»-ы, радиокомитеты, чингуыты рауагъдады. Куыста бæрнон бынæтты, фæлæ йæхи уæлдай сæрбæрзонддæрæй никуы равдыста, уымæн æмæ йæ царды, йæ куысты сæйраг нысан уыд, ирон аив дзырдæн лæггад кæнын, йе ‘мкусджытæн æххуыс кæнын. Кæмфæнды ма куыстаид, алы ран дæр ын сæйраг принциптæ уыдысты æнæзæрдæхудт куыст æмæ тыхст рæстæджы адæймаджы фарсмæ балæууын. Йæ арфæйаг удыхъæды хъарм фаг кодта алцæмæн дæр æмæ алкæмæн дæр.

Фæлæ, цы бирæ хæрзиуджыты аккаг уыдис, уыдонæй йæм хаугæ ницы æркодта. Кæд æм цард æмæ адæмы рæвдыдæй фылдæртæ æмбæлдис, уæддæр рæвдыдхъуаг æмæ рыстзæрдæйæ ацыдис йе ‘цæг дунемæ, йæ удæгасау, йæ мæлæт дæр æнамонд æмæ мæгуыр у. Афтæмæй та бирæ кæмæйдæрты уарзинагдæр æмæ рæвдауинагдæр уыди!..

Йæхæдæг та!.. О, Дунескæнæг, цас рæвдыд, цас хъарм лæдæрст йæ уæздан удæй, йæ рæстаг æмæкуыд бауагъта, цæмæй йæ царды кæронмæ фæхастаид уыцы уды уæздандзинад æмæ ирон лæджы лæгдзинад!.. Уæдæ уый дæр адæймаг куы уыд, зæххон адæймаг, уæд кæйдæрты хъауджыдæр уый цæмæн уыд ахæм цæстуарзон, уый цæмæннæ хæлæг кодта искæмæ, уый цæмæн фæндыд, цæмæй йæ алфæмблай чи цард, уыдонæн алцы дæр уыдаид хорз, уый æнæхин сывæллонау цæмæн зыдта цин кæнын алкæй циныл дæр?.. Уый цæмæннæ æвæрдта цæлхдуртæ кæстæрты раз, цæмæннæ сын æхгæдта сæ фæндæгтæ, цæмæннæ сыл мысыд тугтæ?.. Уый афтæ цæстуарзонæй цæмæн уарзта æмæ аргъ кодта йе ‘мдугонтæн дæр æмæ йæ кæстæртæн дæр?.. Æлборты Хадзы-Умар, Хъазиты Мелитон æмæ Гуыцмæзты Алешы тыххæй-иу мын цы хъарм æмæ зæрдæбын ныхæстæ фæкодта, уыдон нырма дæр мæ хъусты зæлынц… Чи йæ æргæвста æмæ йыл «донос» чи кодта, уыдоны кой – никуы! Уый та лæгдзинæдтæн сæ сæйраг лæгдзинад у, фæлæ ахæм цыдæртæн аргъгæнæг нал ис…

Мæ уацау «Кæронбæттæны тæрхон» мын куы бакаст, уæд мæм æрбацыд куыстмæ, мæ къух мын райста æмæ йæ йæ дыууæ армы æхсæн зæрдиагæй нылхъывта. Иу дзæвгар фæлæууыд афтæ, стæй йæ сыгъдæг æнæхин цæстытæ доны азылдысты æмæ мын рæвдаугæ, тынг рæвдаугæ хъæлæсæй афтæ зæгъы:

– Тæрсын дын, куы сфыссæг уай, уымæй…

Æндæр ницы. Æмæ ацыд. Ацыд, фæлæ ма мæ къæсæргæронæй дæр цы цæстуарзон æмæ рæвдаугæ мидбылхудты атыхта, уыцы мидбылхудт абон дæр цæры мемæ, æмæ мæ рæвдаудзæн, цалынмæ æфхæрд æмæ рæвдыд хицæнкæнынхъом уон, уæдмæ.

Рæвдауын æмæ уарзын куыд зыдта, афтæ зыдта риссын дæр, зæрдиаг æмæ сыгъдæгзæрдæйæ. Фæлæ йæхи рыст рæгъмæ никуы хаста, йæ уды рыстæй искæй фæриссын кæныны бæсты йæхæдæг сыгъдаид æмæ басыгъдаид йæхимидæг.

Иу æнахуыр, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм эпизод: Алыксийы хуры фырты хуызæн нæлбындар хъæбул Маиры æгъатыр мардæй чи амардта, уыцы гуырдзиаг лæджыфыдхортæ Цыппурсы æхсæв нæ сахармæ куы ‘рбаирвæзтысты, уыцы рæстæджы уыдис. Уæд Фысджыты цæдис, рауагъдад æмæ журналы редакци дæр иу агъуысты уыдысты, зонад-иртасæн институты фыццаг уæладзыджы. Ирыстоны хъахъхъæнæг лæппутæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ нын æхсæвы батыдтой нæ кусæн кабинетты дуæрттæ, цæмæй уырдыгæй ныхкъуырд радтаиккой гуырдзиаг тыхгæнджытæн æмæ горæты ма апырх уыдаиккой. Дуæрттæ цы батыдтой, æндæр æвналгæ ницæмæ фæкодтой, сæтгæ ницы акодтой, сæ фæстæ иу брон дæр нæ ныууагътой, æмæ сæ бузныджы йедтæмæ чи цæмæй хъуамæ бахæрам кодтаид… Хъуыды йæ кæнын, Хъазиты Мелитон ма сын изæры йæ кусæн стъолы тигъыл гæххæтт дæр ныууагъта ахæм фыстимæ: «Уастырджи уын æххуысгæнæг уæд, лæппутæ!!!» Уыцы райсом Æлборты Хадзы-Умаримæ афæнд кодтам фæзуатмæ бацæуын, цы уавæр дзы ис, уый нæхи цæстæй фенын, фæлæ куыддæр Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны тигъæй ахызтыстæм, афтæ нæм дæлейæ хæдæхстæ ныддардтой æмæ ныл скъох-къох кодтой, цæмæй дарддæр нæ къах дæр мауал авæрæм. Уый хыгъд кæсæм, æмæ… далæ фæзуаты дыууæ лæджы уыцы хъуыддаггъуызæй тындзгæ уадæй фæуайынц фæзуаты… Гуырдзиаг хотыхджын абырджытæй сæм сыбыртт  дæр ничи скодта, афтæмæй мидхъуыддæгты министрады агъуысты смидæг сты, Кванталиани кæм бадт, уым…

Фырдиссагæй нæ бон сдзурын дæр ницыуал бацис… Ленины уынгыл Исахъы уынджы онг куы ныхæццæ стæм, уæд Хадзы-Умар афтæ бакодта, цом ма, Алыксийы абæрæг кæнæм, зæгъгæ. Алыкси йæ бамбæрста, гуырдзы горæт кæй бацахстой, æрмæст уый тыххæй кæй не стæм афтæ дымст æмæ дæнгæл… Иу дзæвгар нæ куы «фæракъах-бакъах кодта, уæд Хъадзы-Умар йæхи нал баурæдта æмæ йын загъта, цы федтам, уый. Алыксийæн йе уæнгтæ барызтысты, иу боны-бонцау сдзурын ницыуал сфæрæзта, стæй æрæджиау къæхтыбынæй ныуунæргъыдта: «Фæлтау мын мæ мардмæ куы æрбацыдаиккат!..»

Стыр лæг уыд Алыкси, куыд фыссæг афтæ дæр æмæ куыд адæймаг, æмбæстаг, афтæ дæр. Стæй уыцы фæлмæнтæ конд æмæ тæнзæрдæ адæймагмæ уый бæрц тых æмæ фæразондзинад кæцæй уыд!.. Хæлæг æмæ хæрам лæгтæ куыднæ хъыгдардтаиккой Алыксийы дæр… Фæлæ цы хъуамæ ссардтаиккой азымагæй ахæм хуыцауысконд лæгмæ, исты ссарын та сæ фæндыд æмæ агуырдтой, къахтой. Суанг ма йын, немыцæгтæм уацары кæй бахауд, уый дæр дардтой йæ цæстмæ, цыма Хуыцаумæ куырдиат ныффыста, цæмæй уацары бахауа, цыма уый тынг фæндыд уацары удмарæг хъизæмæрттæ æвзарын… Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ туг цы паддзахады сæрыл калдта, уыцы паддзахадæн йæ лагерты уæззау цард дæр бавзæрста. Æмæ цæй тыххæй? Йæ мадæлон ирон æвзаг кæй уарзта, йæ рæзт, йæ фидæны хъысмæтыл ын кæй рыст, бахъуаджы сахат йæ сæрыл кæй сдзырдта, уый тыххæй. Адæймаджы, æцæг лæджы принциптæ йын кæй уыд æмæ сыл гадзрахатæй кæй нæ цыдис, стыр бынаты кæнæ хи уды пайдайы тыххæй кæй никуы никæй ауæй кодта, уый тыххæй.

Йæ дæргъвæтъин царды маст æмæ фыдæбонæй цы бавзæрста, уыдонмæ ма бафтыд йе ппæт хъизæмæртты æмуæз – æви иууыл стырдæр æмæ судзагдæр маст – 1991 азы йын гуырдзиаг тугмондаг адæм, адæймаджы æвзаг сæ зæгъынмæ дæр кæмæн нæ тасы, ахæм хъизæмæрттæ йын бавзарын кæнгæйæ амардтой йæ иунæг нæлбындары, йæ тæхудиаджы хъæбулы. Уæд никæй уырныдта, Алыксийы рыст æмæ æфхæрд зæрдæ ма ахæм уæззау цæфæн бафæраздзæн, уый, фæлæ та бафæрæзта уымæн дæр. Йæ зæрдиаг хъæбулы рухс цæсгомы хатырæй, йæ адæмы æфсæрмæй. Æмæ диссаг куыднæ у, йæ къахы сындз кæмæн фæныхсы, уыдон дæр сæ фæдисхъæр æмæ сæ тъизынæй Хуыцауы фæздæгæй фæмарынц, алыгъуызон хорзæхтæ æмæ премитæ æдзæсгомæй исынц, бæстæ аныхъуырынмæ дæр цæттæ сты… Уый та, мæгуыр, афтæ дæр никуы загъта: фæрыстæн, бафæлладтæн. Фæлæ кæй бафæллад æмæ бирæ рыстытæ кæй бавзæрста, уыдон ын кайдтой йæ удæй, йе нæниздзинадæй.

Нырма ирон литературон критикæ (кæд нæм ис, уæд) æмбæлон аргъ не скодта Букуылты Алыксийы сфæлдыстадæн. Афтæмæй та бирæ зæгъинæгтæ ис нæ помдзыд æмæ курдиатджын прозаикы нуарджын уацмысты тыххæй. Алыксийы прозæ фыццаграды у зæххон царды реалон хуызтæй фæлыст, нæй йæм, адæймаг кæуыл нæ баууæнда, ахæм тыхарæзт сюжеттæ æмæ æнæбындур романтикон цæлхъытæ. Бæрзонд бынаты æвæрд æм у йæ ирон æвзаг, уымæн афтæ тадзгæ-баргæ æмæ арæхстджынæй пайда кæны хъæздыг ирон æвзаджы парахат авналæнтæй, цæстыгагуыйау ын хъахъхъæны йæ уæздандзинад æмæ йæ хæдгъуыз.

Йæ фыццаг радзырд «Бесойы цин» рухс федта 1939 азы, «Æвзартæ», зæгъгæ ахæм æмбырдгонды. Уый фæстæ кæрæдзи фæдыл рухс-мæ зынын райдыдтой йæхи чингуытæ дæр. Йæ фыццаг чиныг уыд «Уыцы бонтæ», хаст æмæ æрцыдысты йæ радзырдтæ. Фæстæдæр рухс федта йæ гуырахстджын уацмыс «Хæхты дидинæг», кæцыйы фæрцы дзæвгар фæфылдæр курдиатджын прозаикы сфæлдыстадæн табу-гæнджыты нымæц.

Фæлæ нæ номдзыд, нæ курдиатджын прозаикæн йæ сæйраг сфæлдыстадон æнтыст у йæ фæстаг историон роман «Зарæг баззади цæргæйæ». Ис афтæ зæгъæн: Алыкси уыцы романы йедтæмæ æндæр куы ницы ныффыстаид, уæддæр æй нымадтаиккам стыр фыссæгыл, уымæн æмæ йæ разы цы историон хæс сæвæрдта, уыцы хæс сæххæст кодта бæрзонд æмвæзадыл.

Романы дзырд цæуы, 1905-1907 азты революцион змæлд æмæ йæ фæстиуджытыл. Уацмысы сæйраг хъайтар у зынгæ революционер, адæмон хъайтар Дриаты Антон. Антоны цард æмæ хъысмæт уæдыонг дæр хорз зындгонд уыд ирон дзыллæйæн, зыдтой йæ, адæм ыл раджы кæй скодтой, уыцы зарджыты, бирæнымæц историон æрмæджыты фæрцы. Фæлæ Букуылты Алыкси æндæр хæс сæвæрдта йæ разы: уый бафæндыд, цæмæй ирон адæм æмæ рæстдзинады сæрвæлтау удуæлдай тохгæнæг, легендарон хъайтар Антонæн адæм лæмбынæгдæр базонгæ уой йæ цард æмæ тохы фæндæгтимæ. Æмæ йын бантыст, ирон адæмы, чиныгкæсджыты раз æрæвæрдта, бирæ цымыдисон хабæрттæй йемыдзаг адæймаджы ирд цардвæндаг. Уый уыдис стыр æнтыст æрмæст авторæн йæхицæн нæ, фæлæ æмткæй ирон литературæйæн. Ирон аив дзырды хæзнадонмæ бахауд, йæ иууыл хъæздыгдæр æвæрæнты йын чи фæхъæздыгдæр кодта, ахæм диссаджы уацмыс.

 Уырыссаг литературæ иртасджытæ, кри-тиктæ раджы сарæзтой ахæм хатдзæг: Лев Толстойы «Война и мир» æмæ Михаил Шоло-ховы «Тихий дон» сты уырыссаг литературæйы дыууæ бæрзонддæр мæсыджы. Махмæ никуыма ничи сарæзта ахæм абарст, фæлæ нæ бон у æнæдызæрдыгæй зæгъæм, Букуылты Алыксийы роман «Зарæг баззади цæргæйæ» кæй у, ирон историон романтæй кæй самайæм, уыцы мæсгуыты бæрзонддæртæй сæ иу.

Автор чиныгкæсæджы зæрдæ, уæдмæ кæй нæ зыдта, ахæм историон цаутæй не ‘лхæны – автор чиныгкæсæджы раз сыгъзæрин тæбæгъыл æрæвæрдта Ирыстоны цардæй иу стыр хай. Ныв кæнын æй райдыдта Дзимыргомы æрдзы тызмæг, фæлæ рæсугъд хуызтæй æмæ йæ балхынц кодта ирон лæджы сæрыстырдзинадыл дзурæг кады зарæгæй.

Фыссæг, æцæг фыссæг  хуымæтæджы зæххон адæмæй хицæн кæны æрмæстдæр уымæй, уынаг цæст ын кæй ис æмæ цы уыны, уый хуымæтæджы зæххон адæмæн дæр кæй уынын кæны… Букуылты зæдæмсæр лæг æмæ дзырдаивады дæсны йæ зындгонд романы Дзортийы æфцæгæй Абреуы быдыртæм цы цард равдыста, уый бирæтæ Мæздæгæй Душеты быдыртæм дæр нæ равдисдзысты. Уыцы цард æнæхъæнæй дæр риссаг цард у – æлдарады æфсондзы уæз æмæ гуыбыны фаг хæлц кæмæн нæй, уыцы сывæллæтты тæригъæдæй хъуамæ зæхх ралæбырид Дзимыры бæрзæндтæй æмæ йæ быны дур дурыл дæр мауал хъуамæ ныууадзид, фæлæ авторы афтæ нæ фæнды… Уый бафæндыд царды ад йæ чиныгкæсæгæн базонын кæнын, уый бафæндыд, цард куыд зынаргъ у æмæ уыцы цард зынаргъ кæйдæрты фæрцы кæй вæййы, уый нын бауырнын кæнын.

Алыкси национ хъайтары цард æмæ тохы фæндæгты сусæгдзинæдтæ куыд зæрдиагæй агуры æмæ нывæнды, уымæй бæрæг у, йе сфæлдыстадон уды рагæй кæй тæлфыд легендарон хъайтармæ уарзондзинад, æмæ йын йæ ном сæнусон кæныны бæллиц. Фæлæ йын Антонау фæлгонцджын æмæ хъæздыг рауадысты иннæ хъайтартæ се ппæт дæр. Æрмæст Антоны фыд Бадилайы фæлгонц йæхæдæг у иу стыр историон романы фаг. Афтæ йæ хистæр æфсымæр Уасо æмæ йæ иннæ æмтохгæнджытæ дæр – чиныгкæсæджы раз сыстынц цардæгасæй, уарзы сæ, æууæнды сыл.

Æмæ ма иу фиппаинаг: Кæддæр æй Дзуццаты курдиатджын Хадзы-Мурат загъта, ирон советон литературæ ногæй фыссинаг кæй у… Æмæ йæ æрцытыл систой! Афтæмæй та иу хъуыддагæй раст уыд: æгæр «закъазуха» дзы уыд… Цæуылфæнды ма фыссай, хъуамæ дзы æнæмæнг равдисай, революцийы размæ адæм куыд талынг æмæ æнæфенд уыдысты, фæлæ сын советон системæ дзæнæтон цард куыд æрхаста… Æцæг афтæ уыдаид, чизоны, фæлæ… Махæн та цы нæ бон уыд, фæлæ Стыр Уæрæсейæн пушкинтæ, лермонтовтæ, толс-тойтæ æмæ æндæрты советон системæ нæ радта, нæ дæр абоны онг дæр йæ дыууæ сæйраг сахары сæрыстыр цы Кремль æмæ Эрмитажæй сты, уыдон…

Фæлæ дзырд Алыксийы романыл цæуы. Уый дæр Советон дуджы фыст æрцыд æмæ федта рухс, фæлæ дзы «обком æмæ цекавширийы» къæхтыхъæрмæ кафт уый бæрц нæ зыны. Уый та, дуджы хъæрæн омменгæнæг литературæйы стыр уæлахиз у…

Фæлæ сæйраг уæлахиз æндæр цыдæр у: Хуыцауы цæст  Ирыстонæн Букуылты Алык-сийы хуызæн лæгтæ радтын кæй бауарзы. Уый у Ирыстон æмæ ирон адæмы иууыл стырдæр амонд!..

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.