Æрæджы, нæ республикæйы информацион ресурсты æмæ интернеты тыгъдады РГУП «Водоканал»-æй ацыд ахæм информаци, зæгъгæ, горæт Цхинвалы уынгтæй сæфынц канализацион æмæ донуадзæн люктæ æмæ милицийæн сæ бон къæрныхты ссарын нæу. Афтæмæй та – нæдæр кæд фесæфтысты, уый банысан кодтой, нæдæр, цы бынатæй фесæфтысты, уый загътой.

Куыд рабæрæг, афтæмæй фæстаг дыууæ азы милицимæ хъаст нæ бацыд ахæм люктæ фесæфыны фæдыл. Уымæй уæлдай ма милицийы кусджытæ арæх ауадзынц профилактикон рейдон мадзæлттæ, згъæрæй предметтæ кæм исынц, ахæм пунктты. Нæ республикæйы территорийыл ис цалдæр ахæм пункты æмæ сæ хицæуттæ фæдзæхст сты, цæмæй канализацион æмæ донуадзæн люктæ, æмæ æндæр дызæрдыггаг предметтæ дæр, ма исой не ‘мбæстæгтæй. Алкæцы пункты хицауæн дæр йæ къух æрфыссын кодтой, куыд никуы райсдзысты зæрдæхсайгæ згъæрæй предметтæ æмæ дзы ахæм цау та куы рабæрæг уа, уæд æвæстиатæй кæй фехъусын кæндзысты милицимæ.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ фæстаг азты горæты уынгты æвæрын кæй райдыдтой полимерон-композитон æмæ пластикæй конд люктæ, кæцыты згъæрисæн пунктмæ нæ ратдзынæ. Ахæм люктыл уæзласæн машинæтæ куы аскъæрынц, уæд асæттынц æмæ уый фæстиуæгæн горæты уынгты æрдæгсаст люктæ арæх ис фенæн. Æмæ кæд цæнгæтæй люк фесæфтис, уæд та цæуылнæ фехъусын кодтой милицимæ?

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.