25-æм октябрæй 8-æм ноябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æхсæз фыдракæнды æмæ дзы фондз раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис 11 фæндагон-транспортон цауы.Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты аст адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 497 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 9 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

25 октябры рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта 61-аздзыд горæттаг цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг хъавыд йæхи амарынмæ æмæ рагæпп кодта йæ хæдзары дыккаг уæладзыгæй. Банысан кæнын ма хъæуы уый æмæ ацы æмбæстаг кæй лæууы рынчындоны психоневрологон хайады хыгъды.

27 октябры милицимæ хъаст балæвæрдта 66-аздзыд горæттаг цæрæг, кæцы фехъусын кодта, зæгъгæ мын «ТЭК»-ы районæй магазинæй адавтой бæгæнытæ æмæ ма æндæр хæдзарадон товартæ, æмæ сæ иумæйаг аргъ та уыд 35 мин сомы бæрц. Милицийы кусджытæ уайтагъд ауагътой оперативон-агурæн мадзæлттæ æмæ цыбыр рæстæгмæ сбæлвырд кодтой æмæ æрцахстой къæрныхы, кæцы разынд нæ горæты 26-аздзыд цæрæг. Фыдгæнæг басаст йæ фыдракæндыл, давд товар лæвæрд æрцыдысты йæ хицаумæ.

31 октябры милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ Цхинвалы районы Дзарцъемы хъæумæ ввахс цалдæр адæмаджы хъаугъа кæнынц. Бынатмæ ссыдысты милицийы кусджытæ æмæ æрцахстой æртæ æрыгон æмбæстаджы. Медицинон басгæрсты руаджы рабæрæг, фæткхалджытæй иу кæй спайда кодта «марихуанайæ».

2 октябры рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта 80-аздзыд горæттаг цæрæг, кæцы, йæ хæдзары уæвгæйæ, фæулæфыд сыгъдхъæстæ. Дохтыртæ йын бакодтой æмбæлон медицинон æххуыс, фæлæ, хъыгагæн рынчын фæмард.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой горæттаг 25-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта наркотикон буарад «метадонæй». Фæткхалæджы горæт Цхинвалы тæрхондон ахæстонмæ арвыста 10 боны æмгъуыдмæ. Уымæй уæлдай ма баурæдтой Цæгат Ирыстоны 35-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта медицинон препарат «лирикайæ». Фæткхалæджы горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 40 мин сомы. Дзауы районы милицийы кусджытæ та бæрндзинадмæ æркодтой Дзауы районы Тъонтъобеты хъæуы 49-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта «марихуанайæ».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.