Адæймаджы йæ цард алыгъуызон фæндæгтыл фæхоны. Æмæ уыцы фæндæгтыл  цæугæйæ цинтæ куыд æвзары, афтæ, хъыгагæн, сагъæссаг æнкъарæнты уацары дæр бахауы. Фæлæ куыдфæндыйæ дæр адæймаг хъуамæ баззайа адæймагæй.

Царды лæгъз фæндæгтыл нæ рацыд нæ арфæйаг хистæртæй сæ иу – Джиоты Павел дæр. Бавзæрста йын йæ цинтæ, зынтæн та арæхстгай сæ аиуварс кæнын зыдта æмæ афтæмæй абоны бон дæр ирон лæджы ном кадимæ хæссы, йæ уды фарнæй, сыгъдæгзæрдæ фæллойæ йыл къæм абадын нæ уадзы.

Джиоты Павел райгуырд Хуссар Ирыстоны Дзауы районы рæсугъддæр хъæутæй сæ иу – Моргойы. Ам базыдта царды ад, банкъардта дзы ирон æгъдæутты, фыдæлты фарны хъомысджын тых æмæ рæстаг фæллойадон царды рæсугъддзинад. Йæ ныййарджытæ Захар  æмæ Соня уыдысты хъæубæсты нымад. Фондз хъæбулы хицау уыдысты æмæ сæ куыд хъæрмуд, æнгом бинонтæ, афтæ цæвиттон хастой хъæубæстæ. Павел дæр уыцы бинонты ‘хсæн рæзт – коммæгæс æмæ æгъдауджын лæппуйæ. Йæ фæллойуарзондзинадæй  фæзминаг уыд йе ‘мбæлттæн. Куысты сæр æрлæууын та йæ раджы бахъуыд. Йæ фыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 2-аг къорды инвалид уыд æмæ арæх рынчынтæ кодта. Уымæ гæсгæ Павелы хъуыд хæдзары алыгъуызон куыстытæ кæнын. Хуымон галты разæй цæуын райдыдта, уартæ ма 2-аг къласы куы ахуыр кодта, уæд. Ахуыр кæнынмæ та цыдис сыхаг хъæу Дзриайы 7-азон скъоламæ. Зæрдæргъæвд уыд ахуырмæ æмæ йын хæдзары куыстытæ тынг  не ‘ндæвтой йæ ахуырыл. Дзриайы 7 азон скъола хорз бæрæггæнæнтимæ бакаст Павел æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Дзауы астæуккаг скъолайы. Сæрдыгон бонты та колхозы куыд куыста йе ‘мгæрттимæ, уый дзы абон дæр нæ рох кæны, мысы сæ æхсызгонæй.

Урс, рæубæзыр бæлуæттау атахтысты кæрæдзийы фæдыл йæ ахуыры азтæ. Æрцыд ын дæсныйад æвзарыны рæстæг. Ууыл та Павелы бирæ хъуыды кæнын нæ бахъуыд. Æнæдызæрдыгæй йæ гæххæттытæ балæвæрдта Хуссар Ирыстоны педагогон институты физикæ-математикæйы факультетмæ. Ахуыры фыццаг бонæй фæстæмæ Павел йæхи бауарзын кодта ахуыргæнджытæн æмæ  йе ‘мбæлттæн. Уырныдта сæ, хорз специалист дзы кæй рацæудзæн, уый. Æмæ йын уыдон дæр сæ зонындзинæдтæ рæдауæй лæвæрдтой. Павелыл дæр зæрдæ нæ худт, сæ ахастæн сын дзуапп лæвæрдта йæ хорз ахуырæй. Фæлæ йæхæдæг мидбылхудгæйæ загъта, зæгъгæ, дам мæгуыр лæгыл дæр хатт базыртæ разайы æмæ стæхы арвы тыгъдадмæ. Афтæ рауад йæ хъуыддаг уымæн дæр. Уыцы аз йæ цард баиу кодта, скъолайы иу къласы кæимæ ахуыр кодта, уыцы уарзон чызг Галуанты Галинæимæ. Фæзынд сын фыццаг хъæбул. Ныр бамбæрста Павел, йæ ахуыры æддейæ ма йæ уæхсджытыл уæззаудæр уæз кæй æрæнцад. Бинонты хъуыд дарын. Цардысты æххуырст фатеры. Иу ахæмы йын чидæр ын хæрзгæнæг фæцис æмæ кусын райдыдта дыргъисæн пункты асыччытæ аразæгæй. Райсомæй ахуыр кодта, изæрæй та асыччытæ арæзта. Иу асыкк аразæггаг фыстой 7 къапеччы. Æмæ иу ын  бантыст 230 бæрц саразын. Æппæт уыдæттæ дзурæг сты ахуыр æмæ куыстмæ уæ уарзондзинадыл.

1969 азы райста ахуыргæнæджы диплом. Йæ дæсныйады фæдыл æй арвыстой Синагуры астæуккаг скъоламæ. Фæлæ бинонтæн ныууадзæн нæ уыд æмæ цæхгæр «нæ» загъта. Æндæр гæнæн нæ уыд æмæ йæ куыст адарддæр кодта дыргъисæн пункты. Дыууæ азы бæрц дзы бакуыста. Фæлæ йæ зæрдæ æхсайдта йæхи дæсныйадыл бакусынмæ æмæ иу бон балæууыд Цхинвалы районы ахуыры хайады сæргълæууæджы кабинеты къæсæрыл.

«Уæд ахуыры хайады сæргъ лæууыд Цыбырты Хазби. Æмбаргæ, хиуылхæцгæ, уæздан лæг уыд. Байхъуыста мæм æмæ мæ арвыста Цхинвалы районы Уалыты хъæумæ ахуыргæнæгæй кусынмæ. Фæстæдæр мæ ракодта Отъреуы хъæуы скъоламæ. Мæрдты цы хуыздæр ис, уый йæ хай. Абон дæр мæ нæ рох кæны йæ лæггад», – загъта Павел.

1978 азы Джиойы фырты кусынмæ ракодтой Арцеуы астæуккаг скъоламæ ахуыргæнæгæй. Фæлæ ахуыргæнæджы дæсныйад Павелмæ фаг нæ каст. Фæндыд æй, цæмæй ма исты дæсныйад райстаид. Ам ын ахъазгæнæг разынд йæ хо дæр. Баразæнгард æй кодта, цæмæй йæ гæххæттытæ бахастаид Тбилисы финансон-экономикон техникуммæ. Æмæ афтæ дæр бакодта. Ардæм бацыдис ахуыр кæнынмæ æмæ йæ фæцис сырх дипломыл. Практикæйы рæстæджы йæ æрбарвыстой Цхинвалы райæххæсткомы финансон хайадмæ. Уæд йæ сæргълæууæгæй куыста Гуыбеты Женя. Йæ зонындзинæдтæм ын куы бакаст, уæд æй нал  суæгъд кодта, зæгъгæ, дæуæн дæ бынат ам ис.

Йæ куыст æнæзæрдæхудтæй æххæст кодта Павел. Ахуыргæнæджы куыст дæр йæ зæрдæйæн æввахс уыд, фæлæ хъуыддаг афтæ домдта æмæ ныууагъта уыцы куыст. Фæстæдæр нысан æрцыд Цхинвалы районы финансон хайады хистæрæй. Уыцы иу рæстæджы йын бахæс кодтой районы адæмон контролы комитеты æнæштатон инспекторы хæстæ дæр. Фæстæдæр, советон хицауады ныпырхы фæстæ Павел, ацы районы администрацийы фиддонон инспекцийы хистæр уæвгæйæ, куыста хъалонтæ æмæ æхцайы æндæр æмбырдгæндтæм чи хаудысты, ахæм фарстатыл. Бæлвырддæрæй, уый бакуыста зæххы фæдыл арендон фидинæгты фæдыл ставкæтыл, базар кæныны фæдыл ставкæтыл, зæххы фиддон æвæрд æрцыд хизæнуæттæй пайда кæныны тыххæй. Уыцы æмæ æндæр фарстатыл куыста Павел æмæ иу стæй уынаффæты хуызы семæ базонгæ сты районы цæрджытæ.

Фиддонон инспекцитæ фæстæдæр бацыдысты иу структурæмæ. Хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитетмæ æмæ Павел нысан æрцыдис регистрацийы хайады сæйраг специалистæй. Ам алцыдæр хъуыд ногæй аразын. Тагъдыл хъуыд регистраци кæнын юридикон цæсгæмтты, индивидуалон амалиуæггæнджыты. Павел куыд зæгъы, афтæмæй дзы уыд бирæ куыст æмæ сæ æххæст кодта йæхæдæг. Нæхи закъæттæ нын кæй нæма уыдысты, уымæ гæсгæ пайда кодта уæрæсейаг закъæттæ æмæ инструкцитæй. Æххуыс та иста йæ цæгатирыстойнаг коллегæтæй. Арæх сæм цыдис бынатмæ, Цæгат Ирыстонмæ.

Павел 2011 азæй фæстæмæ та кусы Цхинвалы районы администрацийы финансон хайады ревизорæй.

Джиоты Павел кæмдæриддæр куыста, уым йæхи æвдыста фæллойуарзаг æмæ дæсны специалистæй. Уый йæ  зонындзинæдтæ рæдауæй амыдта æмæ амоны кæстæр фæлтæрæн, æххуыс сын кодта практикон æмæ теоретикон æгъдауæй дæр. Кад ын кæнынц йе ‘мкусджытæ, уымæн æмæ сæ зæрдæхудты никуы ницæмæй бацыд. Цæстуарзон æмæ йæ зæрдæхæлар адæймагæй зонынц иууылдæр. Йæ хорз куысты тыххæй йын цы хæрзиуджытæ саккаг кодтой, уыдонæн сæ фыццæгтæ уыдысты, ахуыргæнæгæй ма куы  куыста, уæд – соцерысы фæуæлахизуæ-вæджы нысантæ, хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны 25 азы сæххæсты цытæн майданæй, бирæ Кады грамотæтæй. Лæвæрд ын æрцыд РХИ-йы сгуыхт экономисты кадджын ном. Йæ бирæазон æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй йын лæвæрд æрцыд «Куысты ветеран»-ы ном дæр.

Павелы удыхъæды аккаг бынат ссардтой фыдæлты фарн, намыс æмæ кад æмæ сыл къæм абадын никуы бауагъта. Йæ бинойнаг Галинæимæ 57 азы хъæрмудæй, кæрæдзи æмбаргæйæ фæцардысты æмæ сæхийау куыстуарзаг æмæ æгъдауджынæй схъомыл кодтой сæ дыууæ фырты дæр. Стыр хайад райстой сæ хъæбулты хъæбулты æмæ уыдоны хъæбулты хъомылады дæр æмæ ныр та рæвдыдхъуагæй нæ уадзынц уыдоны хъæбулты дæр.

Зæрдæхæлар, фæрнджын, цæстуарзон лæг Джиоиты Павелыл сæххæст 75 азы. Ис æй йæ хиуæтты, йе ‘мгæртты хорзæх æмæ арфæгонд уæд ноджыдæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.