Протесты митинг

Æртæ минæй фылдæр адæймаджы рацыдысты Ригæйы централон уынгтæм уырыссаг скъолаты латышаг æвзагмæ ракæнынмæ кæй хъавынц, уый фæдыл протесты нысанæн.  Латвийы парламент фыццаг бакасты райста ахуырады тыххæй закъоны проект. Документмæ гæсгæ, 2021 азмæ уроктæ хъуамæ уагъд цæуой æрмæстдæр паддзахадон æвзагыл. Манифестацийы хайадисджыты къухты уыдысты плакаттæ ахæм фыстытимæ «Уырыссаг сывæллæттæн – уырысааг скъолатæ». Митинггæнджытæ зæрдыл æрлæууын кодтой, зæгъгæ, Прибалтикæйы уырыссаг æвзагыл уроктæ амоныны историйыл цæуы 200 азы. Акцийы рæстæджы адæм сæ къухтæ цы сидтыл æрфыстой,  уый æрвыст æрцæудзæн Еврокъамис, ЮНЕСКО, Европæйы Советы парламентон ассамблеямæ, ИНО æмæ æндæр дунеон организацитæм национ къаддæр хæйтты бартæ хæлд кæй цæуынц, уымæ хъусдард аздахыны нысанæн.

Йæ тыхы бацыд закъон

Украинæйы йæ тыхы бацыд Донбассы реинтеграцийы тыххæй закъон. Документы цæхгæр скритикæ кодтой Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты, æмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, ацы закъон сæ къухтæ уæгъд кæны украинаг хæстонтæн сабыр цæрджыты ныхмæ тыхæй спайда кæныны тыххæй. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фехъусын кодтой, зæгъгæ, закъон  бафидар кодта, Киев регионы конфликт тыхæй аскъуыддзаг кæнынмæ кæй хъавы  æмæ Минскы баныхæстæ иуварс кæй кæны, уый.

Фидыдады резолюци

ИНО-йы Æдасдзинады совет æмхъæлæсæй райста Сирийы сабырдзинады 30-бонон режим сфидар кæныны фæдыл резолюци. Фидыдады рæстæджы конфликты зонæйы уагъд цæудзысты гуманитарон операцитæ. Резолюцийы хынцыд сты Сирийы æппæт территорийыл æхстытæ дыууæварсонæй æруромын. Æхстытæ æруромыны режим нæ хауы уыцы операцитæм, кæцытæ уагъд цæуынц террористон къордтимæ тох кæныны фæлæгтты.

Фæлæ фидыдад расидынмæ нæ кæсгæйæ, боевиктæ æхсынц Дамаскы, кæцыйы фæстиуæгæн фæцæфтæ сты 13 адæймаджы. Афтæ ма террористтæ сатакæ кодтой Сирийы æфсæдты минæтæй йедзаг машинæтæй спайда кæнгæйæ.

Ныхас кодтой телефоны

УФ-йы Президент Владмир Путин телефоны ныхас  кодта Францы Президент Эммануэль Макрон æмæ Германы канцлер Ангела Меркелимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой Сирийы Скæсæйнаг Гутайы уавæрыл. Лидертæ равдыстой сæ разыдзинад Сирийы бæстонкæнынады фæдыл ИНО-йы Æдасдзинады советы райсгæ резолюцийы тыххæй. Уæрæсейаг лидер йæ коллегæтæн радзырдта, цахæм къахдзæфтæ иста Уæрæсе сабыр цæрджыты эвакуацийы, гуманитарон æххуыс фæхæццæ кæнын æмæ цæрджытæн медицинон æххуыс бакæнын тыххæй. Фæрстæ бадзырдтой кæрæдзийæн Сирийы фæдыл алыгъуызон каналты фæдыл информаци дæттыны тыххæй.

Æмгъуыдæй раздæр

Уæрæсейы дæрддаг районты цæрджытæн райдыдта президенты æвзæрстыты æмгъуыдæй раздæр хъæлæс дæттыны процесс. Уый организаци æрцыд дæрддаг æмæ зынвадат районты цæрджытæн. Сæйраджыдæр уыдон сты цæгаттаг территоритæ æмæ Дард Хурскæсæн. Уыцы бынæттæм æвзарæн къамисы кусджытæ бацæудзысты митылдзæуæнтыл, наутыл æмæ верт-тæхæгыл.

Олимпиадæ æхгæд æрцыд

Пхенчханы  уыд Олимпиадæ официалонæй сæхгæныны церемонийы спортсменты парад. Ерыстæ уагъд цыдысты 9-25 февралы. Олимпиадæйы кæронйаг бон Уæрæсейæг хоккеисттæн уыд æнтыстджын бон. Уыдон рамбылдтой Германы 4:3. УФ-йы Президент Владимир Путин арфæйы тел арвыста уæрæсейаг хоккеистæм. Путин банысан кодта хоккеисты фæндвидар характеры тыххæй.

Уæрæсейы æмбырдгонд командæ равдыста. Рамбылдта æрмæстдæр 2 сыгъзæрин, 6 æвзист æмæ 9 бронзæйон майданы. Ахæм мæгуырау фæстиуджыты аххосаг у Дунеон Олимпион комитет уæрæсейаг спорты лидерты Хъæзтытæм кæй нæ бауагъта, уый. Майданты нымæцмæ гæсгæ фыццаг бынаты ис  Норвеги, 14 сыгъзæрин, 14 æвзист æмæ 11 бронзæйон майдан рамбулгæйæ. Дыккаг ссис Герман, 14 сыгъзæрин, 10 æвзист æмæ 7 бронзæйон майданимæ. Æртыккаг бынат бацахста Канадæ, цыппæрæм бынат – Америкæ. Олимпиадæйы фысымтæ та бацахстой 7-æм бынат.  Уæрæсе та бацахста 13-æм бынат. Олимпиадæйы ерыс кодтой 15 дисциплинæйы. Иумиагæй ерысты хайад райстой 92 бæстæйæ 2925 спортсмены.

Фембæлд Цæгат Кореяйы минæвæрттимæ

Хуссар Кореяйы президент Мун Чже Ин фембæлд Цæгат Кореяйы минæвæрттимæ, цыран уыдонæй сæ иу фехъусын кодта, зæгъгæ, Пхеньян цæттæ у Вашингтонимæ баныхæстæ ауадзынмæ. Хуссар Кореяйы лидер банысан кодта, зæгъгæ, АИШ æмæ Цæгат Кореяйы ‘хсæн диалог æнæмæнгæй ауадзын хъæуы æввахсдæр рæстæджы, уыцы нымæцы Цæгат æмæ Хуссар Кореяйы ахастытæ фæхуыздæр кæныны æмæ иумиагæй Кореяйы æрдæгсакъадахы фарстытæ æрбæстон кæныны тыххæй.

Ног рекорд

23-æм февралы «Газпром» фæстаг æртæ боны æртыккаг хатт сæвæрдта ног рекорд дард фæсарæнтæм суткæйон газы экспортæй. 23-æм февралы фæлхасгæнджытæм фæхæццæ кодтой 652,8 милуан кубометры. Уый 22-æм февралимæ абаргæйæ, у 7,1 милуан кубометры фылдæр.

Дывæр теракт

Сомалийы столицæ Могадишойы террористтæ цы срæмыгъдтытæ сарæзтой, уыдоны æппынкъаддæрæй фæмард 38 адæймаджы. Рæмудзæн æрмæджытæй йедзаг дыууæ машинæйы стахтысты  уæлдæфмæ, уый фæстæ террористтæ æхстой сомалийаг тыхон минæвæртты. Теракты тыххæй бæрндзинад йæхимæ райста террористон къорд «Аш-Шабаб».

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.