ÆМÆ ТА НОГ ПРОВОКАЦИ…

Мæлдзыджыты губаккау та базмæлыдысты ирон адæм. Нæй, нæ нæ уадзынц æнцад цæрын нæ сыхæгтæ дыууæрдыгæй дæр. Кæд сæ бон ницы цæуы, уæддæр нын сæ хъæстæ æвзæгтæй нæ цард æнæад кæнынц, адæмы кæрæдзийыл ардауынц, исынц нын нæ истори.

Фыстам ма йыл, Мæхъæлы республикæмæ ба-цæуæны “Аланские ворота” фыст кæй æрцыд, уый. Æмæ сын иугæр уый батад, уæд ууыл нал ныллæу-уыдысты. Ныр та сæ фæнды сæ республикæ “Ала-ния” схонын. Хъæппæрисджын “патриот” йæ фæндон бахаста интернеты тыгъдадмæ æмæ дзы сæ къухтæ ныридæгæн бафыстой 200 фылдæр адæймаджы. Петицийы куыд загъд ис, афтæмæй Кавказы регионтæ се ‘ппæт дæр цæрынц раздæры Аланты зæххыл. Уымæ гæсгæ бæрæг нæу кæй фыдæлтæ уыдысты, уый.

Уый стыр маст равзæрын кодта республикæйы цæрджытæм. Мастыл ма цæхх акæнæгау уыд Мæхъæлы телеканалтæй иуы раныхасгæнæг цытæ дзырдта, уый. Йæ ном кæмæн нæ рабæрæг, уый карзæй дзырдта ирæтты ныхмæ. Загъта, сæ зæххытæ æмæ сын сæ фæллой кæй байстой, кæй сæ фæмардтой ирæттæ, æмæ бартхъирæн кодта, уыцы фæллой рæхджы куы нæ раздахой проценттимæ, уæд сын тынг æвзæр кæй уыдзæн. Загъта, абон уа, æви райсом, уымæн æнæрцæугæ кæй нæй. Хуыцаубоны изæрæй аст сахатыл адæмæй азмæлæн нал уыд Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты. Ардæм æрбацыд минмæ æввахс адæймаджы. Митинджы архайджытæ карзæй домдтой республикæйы разамонджытæй исты мадзæлттæ райсын, аххосджынты бафхæрын, науæд хъуыддаг сæхи къухтæм кæй райсдзысты.

Протесты архайджытæм æрбацыдысты республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Хицауады иннæ уæнгтæ. Битары фырт куыд фехъусын кодта, афтæмæй ахæм ныхæстæн ницы бындур ис æмæ алы провокацион архайдтытæм хъусын нæ хъæуы.

“Æз ныхас кодтон Мæхъæлы официалон разамындимæ æмæ ацы хъуыддагмæ уыдонæй ничи ницы бар дары. Адæттæ чи хъусын кæны, уыдон ардауынц æнæуый дæр змæст Кавказы адæмты. Æз афтæ æнхъæлын æмæ йæ аххосаг у Хуссар Иры референдум ауадзын цыфæндыйæ дæр бакъуылымпы кæнын. Æз уын ныфс æвæрын, ахæм ардауæн архайдтытæй кæй ницы рауайдзæн. Махмæ фаг фадæттæ æмæ политикон тых ис, цæмæй нæ адæмы интерестæ бахъахъхъæнæм. Зæгъын уын, æнæбындур митингтæ кæнын æмæ адæмы цырын кæнын нæ хъæуы. Махæн сæйраг у нæ иудзинадыл архайын, нæ хистæртæн аргъ кæнын, не ‘взаг æмæ не ‘гъдæуттæ бахъахъхъæнын”, – загъта йæ раныхасы республикæйы Сæргълæууæг.

Уавæр вазыгджын кæй у, уый нымайгæйæ, къуырисæры райсом Битарты Вячеслав æрæмбырд кодта Хицауад æмæ Парламенты разамонджыты, барадхъахъхъæнæг органты. Фембæлдмæ æрбацыдысты Уæрæсейы Федерацийы Советы уæнг Тотоонты Алыксандр, Паддзахадон Думæйы депутаттæ Таймæзты Артур æмæ Тайсауты Хъазыбег. Битары фырт барадхъахъхъæнджытæй карзæй æрдомта митинджы организаторты ссарын æмæ сæ бафхæрын. Куыд банысан кодта, афтæмæй митингтæ змæнтынц адæмы. Акцитæ, митингтæ  хъуамæ уой æрмæстдæр закъоны фæлгæтты.

Парламенты Сæрдары хæдивæг Къесаты Станислав куыд бафиппайдта, афтæмæй Ирыстон раджы сбæрæг кодта йæ политикон æмæ юридикон статус. Нæ республикæйы абоны ном та у историон зонадæй бæлвырдгонд æмæ уымæ фæныхилын никæй бон у.

Тотоонты Алыксандр æмæ Думæйы депутаттæ куыд загътой, афтæмæй сæ зæрды ис Мæскуыйы ирон диаспорæимæ фембæлын, æмбæлгæ документ бацæттæ кæнын æмæ йæ Уæрæсейы разамындмæ барвитын.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.