Æгæр хорз цардæй адæймаг хъал кæны, йæ дзæбæх миниуджыты бæсты раразмæ вæййынц эгоизм, æгъатырдзинад æмæ нæсæрмæхæссондзинад.

Хурныгуылæйнаг бæстæтæ сæ бухъцардæй афтæ суæлæхох сты иннæ адæмтыл, æмæ сæхи фенхъæлдтой Хуыцауы равзаргæтæ. Иннæ адæмты, æгæрыстæмæй, гоймæгтыл дæр нал нымайынц, кæсынц сæм уæлейæ бынмæ, æмæ сæ ныхасыгъæд та иууылдæр у ультиматумы хуызы. Ахæм уавæр быхсинаг нæу æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рæхджы, æнæмæнгæй, ивындзинæдтæ æрцæудзæнис дунейы политикон царды. Уыцы хъуыддаг саразын барæнæбары æрхаудта Уæрæсемæ, сæйраджыдæр та Путинмæ, æмæ йæ куыд уынæм, афтæмæй йын ис æнтыстытæ.

Уæрæсейæн санкцитæ æвæрыны рæстæджы хурныгуылæйнаг бæстæтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, йæ экономикæ раууатмæ æрцæудзæнис, адæм растдзысты æмæ Путины раппардзысты. Сæ экономисттæ развæлгъау куыд бахынцыдтой, афтæмæй Уæрæсейы экономикæйы хирауадзгæ продуктты иумæйаг гуырахст санкциты æндæвдадæй хъуамæ фæкъаддæр уыдаид 20% бæрц. Фæлæ азы кæрон хатдзæгтæ саразгæйæ, æрмæстдæр фæкъаддæр ис 2,1% бæрц. Уый дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, цæрджыты фæрныгадыл тынг бандæвта, фæлæ егъау кризисæй аирвæзтыстæм. Путин æмæ йæ командæ архайдтой Уæрæсейы экономикæ стыхджын кæныныл, цæмæй йыл фæсарæнтæй къаддæр æндæвдад уа æмæ кризисон уавæрты лæгъстиаг макæмæн уæм раздæрау.

Стыр æхцайы фæрæзтæ баззадысты фæсарæйнаг банкты уæрæсейаг олигархтæн æмæ сæ, æвæццæгæн, дæтгæ дæр нал ракæндзысты. Путин раджы фæдзæхста, цæмæй сæ фæрæзтæ фæсарæнтæм ма ссивой, фæлæ сæ Уæрæсейы экономикæйы æвæрой – афтæмæй сын æдасдæр уыдаиккой, æмæ ма бæстæйы хъомысадæн дæр пайда хастаиккой. Дзырдта сын, зæгъгæ, хурныгуылæйнаг бæстæтыл царвау куы батайат, уæддæр сын нымад уыдзыстут «дыккаг сорты» адæмыл. Æмæ æцæгæйдæр афтæ рауад, цыма йе ‘оны кастис. Абоны бон, Путинмæ чи байхъуыста, уыдон нæдæр се ‘хцайы фæрæзтæй аззадысты афтид, нæдæр «раппар-баппайраг» фесты фæсарæнты. Хурныгуылæйнаг бæстæты йæхицæн хъарм бынат чи скодта, уыдон та сты æнæбæстæ, æбар, æмæ сæ адæмæй иппæрд.

Путины æрлæудæй фæстæмæ Уæрæсе ссис хæдбар паддзахад, кæцы ныры дуджы абарæн ис хъайтардзинадимæ. Акæсæм ма дунейы бирæ бæстæтæм, АИШ сæ куыд дæлдзиныг кæны æмæ сæ йæ фæндыл куыд здахы – «сыпп» дæр ничи уæнды. Евроцæдисы бæстæтæ рагæй фæстæмæ сты йæ къæхты бын АИШ-æн, сæ къухдариуæггæнджыты фылдæр хайыл сын комкоммæ контроль кæнынц Вашингтонæй, æмæ дарддæр сæ фæнды ис, цæмæй та сæ, Наполеонау æмæ Гитлерау, сардауой Уæрæсейыл. Хъуыддæгтæм лæмбынæг æркæсгæйæ хабар æцæгдæр афтæ у – европæйаг бæстæты æвæндонæй мобилизаци кæнынц Уæрæсеимæ схæцынмæ. Нырма уал сын украинæйаг æнæсæртæ фаг сты, фæлæ фæстæдæр Польшæ, Прибалтикæ, Румыни æмæ ма æндæр ахæм бæстæты фашистон элементты бахъæудзæнис Бандерæйы къæбылаты бынаты балæууын. Куыд зонæм, афтæмæй Европæйы цæрджыты фылдæр хайæн Уæрæсе у æнæуынон – ацы хъуыддаджы рагæй фæстæмæ стыр ролы хъазы англосаксойнаг пропагандæ.

Санкцитæ дих кæнынц цалдæр категорийыл – финансон, энергетикон, технологон æмæ транспортон-логистиконыл. Уæрæсейы ныхмæ дзы хаст æрцыдис алкæцы категорийæ дæр. Кæд æмæ хæлцадон товартæй Уæрæсе æххæст у æмæ ницы зындзинæдтимæ сæмбæлдис, уæддæр не ‘мбæстæгтæн фæзын ис ахæм товартæ æлхæнын, куыд автомобилтæ, компьютертæ, цардуагон техникæ æмæ æндæр ахæмтæ. Фæлæ уыцы уавæр уыдзæн рæстæгмæ – ныридæгæн Китайæ æмæ ма æндæр хæларадон бæстæтæй райдыдтой ласын æппæт дефицитон товартæ.

Иууыл тынгдæр санкцитæ бандæвтой, не ‘мбæстæгтæй фæсарæйнаг компаниты чи куыста, уыдоныл. Сæ нымæц хæццæ кæны 2 милуан адæймагмæ æмæ ма 5-6 милуаны та хайад истой фæсарæйнаг бизнесы. Ам дæр уавæр хуыздæр кæны – хурныгуылæйнаг компаниты бынæттæ ахсынц бынæттон, китайаг, ирайнаг æмæ ма æндæр бæстæты компанитæ. Цыбыр рæстæгмæ экономикæйы ацы къабаз дæр сæндидздзæнис.

Уæрæсейы æхца – сомы курс кæй фæтыхджындæр ис, уый бирæтæн æхсызгон уыд. Фæлæ ныры экономикон уавæрты «тыхджын» сом бирæ зиан хæссы – нæ бæстæмæ афтæмæй импорт фылдæр ласт цæуы æмæ нæхи бынæттон куыстуæттæн сæ бон нæу конкурентон тох рамбулын. Иннæрдыгæй та лæмæгъдæр куы кæна, уæд Уæрæсе фылдæр уæй кæны товартæ фæсарæнтæм æмæ уый дæр егъау æххуыс у йæ бюджетæн. Иумæйагæй сисгæйæ, нефть æмæ газы æфтиæгтæ фæкъаддæр сты, фæлæ дзы тæссагæй ницы ис – сæ аргъ фæфылдæры фæстиуæгæн фæсарæйнаг валютæ уæддæр дзæвгар цæуы паддзахадмæ. Фæсарæйнаг компанитæй Уæрæсейæ чи ацыд, уыдон баййæфтой стыр зиæнттæ æмæ ма уыимæ иумæ фесæфтой сæ репутаци – бизнесы хъуыддаджы уый нымайынц сæйрагыл.

Ныры политикон уавæры Уæрæсейæн приоритетон у Хурыскæсæн. Европæ æмæ АИШ бирæ азты дæргъы хæрамдзинад куы æвдыстой Уæрæсейы ‘рдæм, уæд бæрæг уыдис, абон уа æви сом, конфликт сцырен уыдзæнис се ‘хсæн. Уымæ гæсгæ Путины хъæппæрисæй хурыскæсæнырдæм уадзын райдыдтой нефты æмæ газы хæтæлтæ æмæ 2019 азы Китаймæ бахæццæ сты. Инди дæр бизнесы цæстæнгасæй нымад цæуы перспективоныл æмæ ардæм дæр активон хъусдард ис Уæрæсейы ‘рдыгæй. Уымæй уæлдай ма сарæзтой проекттæ, кæцыты фæстиуæгæн ныридæгæн Африкæйы æмæ Латинаг Америкæйы континенттæм егъау гуырахстты уæй кæнынц нефть æмæ газ.

Сæрмагонд æфсæддон операци æмæ санкцитæ фæахъаз сты экономикæйы структурæ хуыздæрырдæм фæивынæн, дзæвгар проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынæн – сæйраджыдæр райдыдта размæ цæуын электронон сæудæджерад. Кæд æмæ ныридæгæн инфляци æндавы адæмы фæрныгадыл, фæкъаддæр сты сæ æфтиæгтæ, уæддæр фидæны уавæр бæрæг фæхуыздæр уыдзæнис, райрæздзысты экономикæйы бирæ къабæзтæ, стыхджын уыдзæнис Уæрæсе, куыд паддзахад, афтæ. Зындзинæдтæ ма баст сты æрмæстдæр Донбассы хæстон архæйдтытимæ æмæ хæст куы æрлæууа, уæд хорзæрдæм æппæт ивындзинæдтæ райдайдзысты æнкъарын уæрæсейаг цæрджытæ, ирдæй разындзысты ныры саразгæ къахдзæфтæ.

                              ДЖИОТЫ Алыксандр