Хицауады æнæрадон рабадты, кæцы уагъд æрцыд Бекъойты Геннадийы къухдариуæгадæй æруынаффæ кодтой æртæ фарстайыл, уыцы нымæцы коронавирусон инфекци ма æруадзыны тыххæй тохы хайад чи райста, уыдонæн бафыстыты тыххæй.

Министрты кабинеты уынаффæмæ гæсгæ Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадæн Хицауады резервон фондæй хицæн æрцæудзæн 10 276 793 сомы специалон социалон бафыстытæн, медицинон æмæ æндæр кусджытæ уæлдай ахсджиаг куыстытæн сæххæст кæныны тыххæй, кæцытæ хайад райстой æмбæстæгтæн æххуыс кæныны хъуыддаджы,

Æхцайы фæрæзтæ дих æрцыдысты ахæм хуызы:

Æнæниздзинад хъахъхъæныны паддзахадон бюджетон уагдон «Республикон бирæпрофилон медицинон центр» 2021 азы 1 майæ (уæлæмхасæн) 31 августмæ æмгъуыды райсдзæн 9 425 210 сомы;

Паддзахадон бюджетон уагдон «Дзауы районы рынчындон» 2021 азы 1-æм апрелæй 31 августмæ  æмгъуыды – 350 750 сомы;

Паддзахадон бюджетон уагдон «Къуайсайы рынчындон» 2021 азы 22 июнæй 31 августмæ æмгъуыды – 347 833 сомы;

Паддзахадон бюджетон уагдон «Знауыры районон рынчындон» 2021 азы 1-æм июнæй æмæ 31 августмæ æмгъуыды – 79 250 сомы;

Паддзахадон бюджетон уагдон «Цхинвалы районы амбулаторон æх-хуысы центр» 2021 азы 1-æм июлæй 31 августмæ æмгъуыды – 73 750 сомы.

Хицауады сæргълæууæг Бекъойты Геннади бахæс кодта Æнæниз-дзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадæн хицæнгонд æхцайы фæрæзтыл нысанмæздæхтæй хардз кæныныл контроль сифтонг кæнын æмæ Финансты министрадмæ сæ хардз кæныны тыххæй хыгъд бавдисын.

Уымæй уæлдай ма рабадты æруынаффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса æмæ Республикæйы боны цытæн мадзæлтты планыл, кæцытæ уагъд æрцæудзысты 19 æмæ 20 сентябры æмæ 19 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытимæ бастуæвæг организацион фарстытыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.