Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин кусæгон æмбырд ауагъта актуалондæр къабазон проблемæты фæдыл. Хайад дзы райстой Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Джиоты Алан, министртæ, республикæйы столицæ æмæ районты администрациты, Хицауады аппараты сæргълæуджытæ.

Джуссойты Константин куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм фембæлдтыты формат дæтты проблемон фарстытыл комплексонæй æруынаффæ кæнын æмæ сыл эффективондæрæй бакусын.

«Ахæм сконды мах хъæуы æмбæлын регулярон æгъдауæй, цæмæй онлайн-режимы байхъусæм кæрæдзийы хъуыдытæм æмæ коллегион æгъдауæй бакусæм скъуыддзаггæнинаг фарстытыл», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Æмбырды боны фæткы уыдысты социалон къабазмæ хауæг фарстатæ, бæлвырддæрæй Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады кусджыты пенсион ифтонгад, фæсивæды куыстæй ифтонг кæнын, зынгсирвæзты æдасдзинад ифтонг кæнын, фæллойадон закъондæттынад хуыздæр кæнын, наркоманийы профилактикæйы фæдыл мадзæлттæ æмæ æндæртæ.

Уынаффæ кæныны рæстæджы дзырд цыдис ахуырад æмæ культурæйы организациты зынгсирвæзты æдасдзинад ифтонг кæныны фарстыл. Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй ахæм объектты зынгсирвæзты æдасдзинад сифтонг кæныны фæрæзты æмгъуыдæй фылдæр эксплуатаци кæныны фарст ис Уæлвæткон уавæрты министрад æмæ Æмбæстагон хъахъхъæнынады контролы бын æмæ кæм хъæуа, уым скъуыддзаг цæудзæн сæ баивыны фарст.

Уынаффæ цыдис планон диспансеризацийы æппæт мадзæлт-ты комплекс ифтонг  кæныныл дæр, кæцымæ хауы æрмæст профилактикон медицинон басгæрст нæ, фæлæ лабораторон иртасæнтæ дæр æмæ уыдон та домынц уæлæмхас фæрæзтæ.

Ахсджиагдæр фарстытæй сæ иу уыд наркоманийы профилактикæ æмæ æвзонг специалистты куыстæй ифтонг кæнын.

Афтæ ма æркастæуыд Хуссар Ирыстоны культурæйы бонтæ Хъырымы ауадзыны фарстмæ дæр.

Æмбырды фæстиуджытæм гæсгæ Хицауады сæргълæууæг радта хæслæвæрдтæ, цæмæй банысангонд фарстытыл бакуыстæуа æмæ радон æмбырдмæ бавдыст æрцæуой конкретон фæндæттæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.