Ирон боксер Гасситы Мурат та барухс кодта йæ табугæнджыты зæрдæтæ. Уый Сомихстоны столицæ Ереваны уагъдцæуæг боксы изæры фæуæлахиз америкæйаг Майк Балогуныл. Ирон спортсмен йæ ныхмæлæууæджы дыккаг раунды арвыста нокауты. Афтæмæй ссис Дунейон боксы ассоциацийы версимæ гæсгæ интерконтиненталон чемпион. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ америкæйаг боксер ацы тохы размæ иу хатт дæр кæй никуы фембылд. Тренер Сланты Виталийы хъомылгæнинагæн та иууыл уæззаудæр уæзы категорийы ацы уæлахиз у цыппæрæм.

«Мах рахызтыстæм хорз æмвæзадмæ. Æмæ нæ хъæуы саразын хорз бындур. Уымæ гæсгæ нæ радон тох августы мæйæ раздæр ауадзын нæ хъæуы», – банысан кодта Сланты Витали.

Ацы тохы размæ дзыллон информацийы фæрæзтæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Мурат ссис Сомихстоны æмбæстаг. Æмæ йын ныр ис дыууæ æмбæстагдзинады. Ахæм къахдзæфы сæйраг нысан у, цæмæй фидæны æнæ цæлхдуртæй уадза титулон тохтæ. Уымæн æмæ уæрæсейаг боксертæ сты санкциты бын. Санкциты фæрсты ахизыны тыххæй ма раздæр та æндæр уæрæсейаг боксер Артур Бетербиевы бар-æнæбары бахъуыд канадæйаг æмбæстагдзинад райсын. Науæд ын тас уыд йæ чемпионы титултæ байсынæй.

«Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Сомихстонæн, стыр тохтæм æрбаздæхыны тыххæй мын фадат кæй радтой, уый тыххæй. Ныфс мæ ис æмæ мын ныр фадат кæй уыдзæн дунейы чемпионы титултыл тох кæнын», – банысан кодта Мурат йæхæдæг.

***

Бокс

Хуссарирыстойнаг боксертæ дыууæ æвзист майданы рамбылдтой спортивон æхсæнад «Юность России»-йы æппæтуæрæсейон ерысты. Пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ схызтысты Коцты Артур æмæ Тыбылты Александр. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ бæрæг цыдысты æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионатмæ чи бахаудзæн, уыдоны нæмттæ.

Спорстменты тренертæ сты Куымæридтаты Родион, Кокойты Мурат æмæ Коцты Вадим.

ФУТБОЛ

Зымæгон паузæйы фæстæ сног ис футболæй Уæрæсейы фыццаг дивизионы чемпионат. Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Нижнекамскы «Нефтехимик»-имæ. Хъыгагæн, ирыстойнаг командæйæн нæ бантыст рамбулын. Фембæлд фæцис æмдыхæй – 0:0.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.