Хуссарирыстойнаг спортсмен Бететы Алан ссис армрестлингæй Уæрæсейы гарзджын тыхты Кубокы уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Санкт-Петербурджы. Алан архайдта 110 кг уæзы категорийы. Уый дыууæ къухæй дæр акодта фæйнæ фондз тохы æмæ сæ алкæцыйæ дæр рамбылдта. Ныр йæхи цæттæ кæны апрелы æмбисы Уæрæсейы чемпионаты хайад райсынмæ, кæцы уагъд цæудзæн горæт Орелы. Уым ма хайад райсдзысты иннæ хуссарирыстойнаг спортсментæ Гасситы Сослан æмæ Хæбæлаты Арсен.

САМБО

Октябры поселочы уагъд æрцыд турнир самбойæ. Уым хайад райстой Дзауы самбойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Бантыст сын æртæ майданы рамбулын. 50 кг уæзы категорийы дыккаг бынат бацахста Хъоцыты Марат. Бронзæйон призертæ та систы Хъоцыты Давид (42 кг) æмæ Тедеты Сослан (60 кг). Спортсменты тренер у Хъоцыты Тамерлан.

ДЗЮДО

Дзюдойæ Бакуйы уагъдцæуæг «Большой шлем»-ы турниры уæлахиздзау ссис Цъыккаты Зелим. Уый архайы Азербайджаны тырысайы бын. Ерысты 81 кг уæзы категорийы финалы тыхджындæр уыд ацы бæстæйы иннæ минæвар Омар Раджбалийæ.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг богал Джиоты Арсени бронзæйон призер ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй Европæйы чемпионаты. Уый нырма 11:1 хыгъдæй фæуæлахиз Израилы минæвар Мэтью Файнсилверыл, дарддæр 6:2 хыгъдæй рамбылдта Францы спортсмен Рахим Магамадовы. Финалы 1/4 хайы тыхджындæр разынд молдоваг Иван Ичизлийæ – 11:9. Фæлæ фæстæдæр пассивтæм гæсгæ 2:1 хыгъдæй фæхæрд ерысты фидæны уæлахиздзау Даурен Куруглиевæн, кæцы хъахъхъæны Грецийы спортивон кад. Æртыккаг бынат бацахсыны тохы Арсени фембæлд иннæ ирон богал Багаты Арсланимæ. Тох фæцис 6:4 хыгъдæй Арсенийы пайдайæн æмæ бацахста æртыккаг бынат.

Ирон богалтæй Европæйы чемпионат рамбылдта Словакийы тырысайы бын архайæг Салхъазанты Таймураз (74 кг). Уый 5:0 хыгъдæй рамбылдта туркаг Сонер Демирташы. Словакийæн æвзист  майдан та рамбылдта Махъоты Барис, кæцы архайдта 92 кг уæзы категорийы. Бронзæйон призер та ссис Хуыбылты Ален. Уый хæцын райдыдта Болгарийы æмбырдгонд командæйы сконды. Уый 125 кг уæзы категорийы æртыккаг бынат бацахсыны сæраппонд тохы фæуæлахиз белорусаг Денис Хроменковыл.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.