«Мах иууылдæр федтам уæрæсейаг дипломатийы бæрзонд æмвæзад», – загъта Президент Бибылты Анатоли Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварад Уæрæсейы Федерайцийы дипломатон кусæжы боны цытæн цы мадзал сарæзта, уым.

Бибылы фырт раарфæ кодта бæрæгбонон мадзалы хайадисджытæн æмæ банысан кодта Хуссар Ирыстоны æмæ йемæ хæлариуæг паддзахадты дипломати æнгом баст кæй у уæрæсейаг дипломатиимæ.

«Махæй алчидæр хорз зоны, зынгæ уырыссаг дипломат, паддзахадон архайæг Виталий Чуркин Иугонд Нациты Организацийы куыд хъахъхъæдта Уæрæсейы Федерацийы, Республикæ Хуссар Ирыстоны, Республикæ Абхаз æмæ Уæрæсейы хæлæртты интерестæ. Уый ууыл дзурæг у æмæ уæрæсейаг дипломати кæй лæууы бæрзонд æмвæзадыл. Стæй ма дзы ахæм корифей, Уæрæсейы Федерацийы æцæг патриот Сергей Викторы фырт Лавровы хуызæн куы куса, уæд», – загъта Президент.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов йæхи фарсы ‘рдыгæй арфæ ракодта хуссарирыс-тойнаг паддзахады сæргълæууæгæн æмæ йын загъта бузныджы ныхæстæ. Уый ма бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта бæрæгбонон изæрмæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады минæ-вæрттæй чи æрбацыд, уыдонæн.

«Уæрæсейаг дипломатийæн ис арф бындур. Уый æнгом баст у нæ Райгуырæн бæстæйы историимæ. Нæ уæлахизтæ, сæйраджыдæр, баст сты уæрæсейаг дипломатты куыстимæ.

Абоны бæрæгбон дзурæг у ууыл æмæ бæстæйы къухдариуæгад хорз кæй æмбары мидполитикон фадыджы ацы куыстæн кæй ис стыр нысаниуæг.

Минæвар банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уымæй рацыд дæс азы. Ацы азты дæргъы йæ ныхæстæм гæсгæ, бындур æвæрд æрцыд æнгом бастдзинæдтæн, къухтæ фыст æрцыдысты, аивæн кæмæн нæй, ахæм 120 бардзырдæй фылдæрыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.