РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли хайад райста Цæгат Ирыстон-Аланийы Хетæджы бæрæгбоны. Бибылты Анатоли РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ раарфæ кодта Ирыстоны цæрджытæн бæрæгбоны цытæн.

«Абон у стыр бæрæгбон. Ирыстоны хуссар дæр æмæ цæгат дæр кувынц Хетæджы Уастырджимæ, æрбацæуынц ацы сыгъдæг къохмæ, цæмæй бафæдзæхсой сæхи æмæ се ‘ввахс хиуæтты, кæстæрты. Уадз, æмæ йæм абоны куывдтытæ фехъуысæт æмæ алкæцы бинонтæ дæр цæрæд амондджынæй. Ацы куывдтытæ иу кæнынц æппæт Ирыстоны», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма хайад райста дзыллон кафт «Симд»-ы.

Сыгъдæг Хетæджы бæрæгбонæн уæлдай кад кæнынц Ирыстоны. Хетæджы бон традицион æгъдауæй нысан кæнынц июлы мæйы дыккаг хуыцаубоны. Цытджын мадзæлтты сæйраг бынат ис Хетæджы къохы. Уырдæм æрвылаз дæр æрбацæуынц дæсгай мин адæймæгтæ.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.