Азтæ азты ивдзысты, рæстæджытæ ивгъуыды зайдзысты, фæлтæртæ  ивдзысты кæрæдзи, фæлæ Иры дзыллæ ацы номарæн бынатмæ цæудзысты сæркъулæй, хъынцъымгæнгæ. Æрвылаз Хуссар Ирыстоны æхсæнад уæззау зæрдæйы уагимæ æрæмбырд вæййынц трагедийы бынаты «Хъынцъымгæнæг мад»-ы обелискы цурмæ. Уыцы сау бонæй ныр 32 азы арæм ацы фæзилæны бабынуæвджыты рухс нæмттæ. Уыцы æвирхъау фыдбылыз, уыцы трагикон цау нæ рох кæнæм. Никуы дæрсæ ферох кæндзыстæм.

Зары хъæды 32 азы размæ æбуалгъ трагеди мысæн бынатмæ та ацы аз дæр  æрбацыдысты бæстæйы разамынад, Хицауады Сæрдар  Джуссойты  Константины  сæргълæудæй, бӕстӕйы раздӕры разамонӕг  Тыбылты Леонид,  министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, трагедийы амæттæгты хиуæттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Мысæн мадзалы хайад райстой æфсымæрон Цæгат Ирыстон-Аланийæ æхсæнадон организацитæ – «Ирæтты Уæлдæр Совет» æмæ «Беслæны Мæдтæ»

Зӕлыд траурон музыкӕ, трагедийы амӕттӕгты номыл цырты размӕ бӕстӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ мадзалы хайадисджытӕ номарынӕн хастой веноктӕ ӕмӕ дидинджытӕ.

Хъахъхъæнынады министрады цытджын караул мысæн æртæ æхсты фæкодтой уæларвмæ… Уыцы рæстæджы мадзалы хайадисджытæ æмырæй алæугæйæ, ссардтой амæттæгты рухс нæмттæ.

Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин банысан кодта, зæгъгæ, мах абон æрæмбырд стæм, нæ бæстæйы ног историйы цы цауыл хъынцъым кæнæм, уый æрæмысыны охыл. Уый адæймагады ныхмæ уыд иууыл сырдон æмæ æнæадæймагондæр фыдракæнд.

«Зары трагедийы бабын сты нæ сывæллæттæ, зæрæдтæ æмæ сылгоймæгтæ, уыдон лыгъдысты хæст, тыхми æмæ мæлæтæй. Трагедийы мысынад у æнæбайгасгæнгæ æмæ риссаг хъæдгом, уый махæй никуы ферох  уыдзæн», – банысан кодта премьер-министр.

Æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы сæрдары хæдивæг Зæгъойты Вячеслав организацийы номæй тæфæр­фæсы ныхæстæ загъта трагедийы амæттæгты хиуæттæн. Зары трагедийы æнæаххос амæттæгты ныхмæ ахæм æбуалгъ фыдракæнд чи сарæзта, уыдонæн, зæгъгæ, Дунескæнæг тæрхонгæнæг уыдзæн.

«Мах дыууæ æфсымæры стæм, нæ дадзинты  иу туг цæуы æмæ æнгом куы уæм, уæд тыхджын уыдзыстæм. Ничи нæм æр­бауæнддзæн æмæ ныл ничи фæтых уыдзæн. Фæйнæрдыгæй нæм лæбурынц, нæ зæххытæм нын хъавынц, фæнды сæ, цæмæй ирон æвзаг скуынæг уа, фæлæ сын ницы рауайдзæн. Нæ бындур – ирон æгъ­дау, æмæ йыл фидар хъуамæ хæцæм, уæд ныл ничи фæуæлахиз уыдзæн», – дзыр­дта уый.

Беслæны æдзард хъæбулты ныййарджыты комитет «Беслæны Мæдтæ»-йы сæрдар Дудиаты Сусанна банысан кодта, абон ирон адæмæн хъыджы бон кæй у. Ирыстон бирæ трагедитæ нысан кæны. Уымæ гæсгæ нæ хистæр фæлтæр хъуамæ аразой æппæтдæр, цæмæй фæлхатт мауал æрцæуой мадæр Зары, мадæр Бесланы трагедитæ. Махыл, зæгъгæ, стыр бæрндзинад ис, нæ сывæллæттæ дарддæр куыд цæрдзысты, уыцы хъуыддаджы.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны хæсты азарæй сæ сывæллæтты чи аирвæзын кодта, уыдонæй цалдæры сывæллæтты цард аскъуыд Беслæны трагедийы.

Æрсидт, цæмæй уæм æнгом, æмзонд æмæ нæ иумæйаг цины хъуыддæгтыл райæм. Мах хъæуы сабырад æмæ нæ фæлтæртæн та – хорз амонд. Нæ сæйраг хæцæнгарз, зæгъгæ, махæн хъуамæ суа нæ мысынад, æмæ уый руаджы хъахъхъæндзыстæм нæ рухс фидæн.

Парламенты депутат Остъаты Робертæн ацы трагедийы амардтой йæ фыд Георгийы. Мысæн мадзалы уый куыд дзырдта, уымæ гæсгæ йын йæ фыд йæхицæй бамбæрзта йæ мады. Гуырдзиаг тæппуд сырдты нæмыгæй сыхырна уыд йæ буар.

«Абоны онг дæр знаджы нæмыгæй мæ фыды тугæйдзаг пысултæ æмæ мæ мады сæрбæттæн мæ бинонтæ æвæрдæй дарынц.

Уыдонмæ кæсгæйæ, адæймаг хъуамæ фæтугдзых уыдаид, фæлæ мæнæн мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад, æмбаргæдзинад. Уадз макæцы нацийы сывæллон фесхъиуæд хæдæхсы хъæрæй, фæлæ йæ æввахс адæмы хъармдзинадæй цин кæнæд амондджын сабидугыл», – банысан кодта уый.

Паддзахадон университеты студент Гобозты Роман æрсидт Ирыстоны æвзонг фæсивæдмæ, цæмæй ма рох кæной бæстæйы æрцæугæ трагедитæ. Уадз знаг зонæд, ирон адæм сæркъул никæй раз никæд уыдзысты. Ацы мысынад мах хъуамæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæттæм. Студентты номæй хъыджы ныхæстæ загъта трагедийы амæттæгты хиуæттæн – хъуыды æмæ сын, зæгъгæ, кад кæндзыстæм…

Мысӕн мадзалы трагедийы амӕттӕгты номыл поэт Галуанты Людæйы фыст зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмдзӕвгӕ бакаст Дменисы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Уалыты Аслан. Трагедийы цаутæн æвдисæн медицинон хо Нартыхты Анжелӕ дæр бафарста йæхи фыст æмдзæвгæ.

Къæбулты Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.