Республикæйы ис цалдæр ахуырадон уагдоны, кæцыты ахуыры системæ фылдæр здæхт у æфсæддон службæйы къабазмæ æмæ цæуынц сæрмагонд курсытæ «Основы военной службы», зæгъгæ. Уыдон сты скъолатæ, колледжтæ æмæ техникумтæ – æдæппæтæй 184, æмæ сæ ахуыр кæны æртæ мины бæрц æрыгон адæймаджы. Теорийæ практикæ ахсджиагдæр кæй у, уый нымайгæйæ, ахуыргæнæндæтты разамынд рахастой ахуырдзаутæн фондз бонон практикон мадзæлттæ (сборы) ауадзын. Йæ сæйраг нысан у æфсæддон – хæстон службæйы сусæгдзинæдтæ базонын, йæ фæзилæнтæ йын хуыздæр бамбарын, хæцæнгарзимæ архайын, зындзинæдтыл сфæлтæрын… Ацы ахуырты рæстæджы фидæны æфсæддонтæн æххуыс кæндзысты 58 æфсады афицертæ. Специалисттæ куыд нымайынц, афтæмæй ныртæккæ ахæм рæстæг у æмæ йæ фидæн æфсадимæ сбæттынмæ чи хъавы, уыдон рагацау хъуамæ райсой фаг зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад, цæмæй сомбон куы бахъæуа, уæд Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ æппæтæй дæр цæттæ уой.

 

ÆРМДÆСНЫЙАДМÆ – ФЫЛДÆР  ÆРГОМ

Фæстаг азты Ирыстоны цæрджытæ се ‘ргом тынгдæр раздæхтой национ æмæ этникон культурæмæ, историмæ. Æрæджы Дзæуджыхъæуы фæзынд дунейыл фыццаг «Нымæт куыстгæнæг хæдзар» æрмадзимæ. Проект арæзт æрцыд президентон грантты æххуысæй. Хæдзар-музей арæзт у этникон стилыл: Йæ экспонаттæ сты алыхуызон скульптурæтæ, дзаумæттæ, къахыдзаумæттæ, сувениртæ – æппæт дæр дзы у нымæтын хъуымацæй хуыд.

Ам нымæтын дзаумæттæ уæй кæнынæн канд дукани нæ уыдзæн, фæлæ дзы туристтæн арæзт цæудзæн мастер-класстæ, инсценировкæтæ уæйлаг нымæт æууæрдынæй, нымæт худ хуыйынæй, сувениртæ аразынæй æмæ æндæр ахуыртæ традицион æрмдæсныйады куыстытæй – æрмæстдæр нымæтæй. Арæх хуынд цæудзысты Уæрæсейы зындгонд къуымбил куыстгæнджытæ, дизайнертæ æмæ кæрæдзи фæлтæрддзинадыл ахуыр кæндзысты. Организаторты уырны «зæронд царды къæбиц» алкæй зæрдæмæ дæр кæй фæцæудзæн.

                                                                                           Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.