Национ музейы байгом равдыст
Йæ ивгъуыдæн аргъ чи кæны, йæ истори, йæ культурæ, йæ традицитæ чи нымайы, ахæм адæм зæххыл куы нæ уаид, уæд цард уаид ихсыд æмæ æнæнысан. Уæд нæ зониккам нæ уидæгтæ, нæ монон хæзнатæ æмæ сын аргъ нæ кæниккам.
Бафиппайын хъæуы уый æмæ ацы фæстаг азты адæм бамбæрстой, æнæ ивгъуыдæй фидæн кæй нæй æмæ арæхдæр здæхын райдыдтой сæ фыдæлты традицитæм. Уымæн та ноджыдæр æвдисæн, ацы бонты Дзæуджыхъæуы чи байгом, уыцы равдыст-армукъа «Фарн» дæр. Ацы мадзал æрбамбырд кодта, йæ фыдæлты культурæ зынаргъ кæмæн у, уыцы æрмдæсныты алы регионтæй хи къухтæй арæзт æмæ хуыд дзаумæттимæ.
Дзæуджыхъæуы Горькийы уынджы равдыстыты залы айтыгъдысты алыгъуызон диссаджы дзаумæттæ. Хуссар Ирыстоны «къуымы» чи уыд, уыцы куыстыты автортæ Къалаты Нариман, Цхуырбаты Роланд, Кæсæбиты Андрей, Лохты Давид, Бибылты Мальвинæ æмæ Ковалева Олеся равæрдтой дуртæй æмæ хъæдæй арæзт алыгъуызон сахаттæ, сувениртæ, фæхтытæ, цайдантæ, агуывзæтæ, археологон ссарæггæгтæм гæсгæ арæзт фигуркæтæ… Нариман куыд загъта, афтæмæй сæ фæхонынц алыхуызон равдыстытæм æмæ сын сæ куыстытæн стыр аргъ скæнынц.
Хуссар Ирыстоны фарсмæ сæ зындгонд къуымбилæй быд пух кæлмæрзæнтæ, стæй сæгъы хъуынæй быд æндæр дзаумæттæ равæрдтой орен-бургæгтæ. Афтæ рæсугъд уыдысты æмæ сæм адæймаг бавналынмæ æвгъау кодта. Сæ минæвар куыд загъта, афтæмæй дзы иунæг дзаумамæ дæр станокæй æвнæлд нæй. Алкæцыйыл дæр дзы кусын хъæуы мæйы бæрц.
Къаддæр цымыдисаг нæ уыдысты Елецкы къухмийы дæсныты куыстытæ дæр. Тæнæг хызбыд дзаумæттыл нывæфтыд уыдысты сырдтæ, мæргътæ, зайæгойтæ…
Новгородаг æрмдæсныты æрмадз дæр равдыста диссаджы археологон ссарæггæгты халдихтæ, историон æрмæджытæ, сувениртæ…
Костромайæ та æрластой æрмдæсныты арæзт сылгоймаджы алыгъуызон аивгæнæнтæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы, равдысты фæзы стырдæр бынат бацахстой бынæттон къухмийы дæсныты куыстытæ. Бахизæны стырдæр бынат бацахстой уыдон. Уым уыдысты разгæмтты ирон чындзытæ, цухъхъаты, басылыхъхъты – лæппутæ, зæронд дадатæ æмæ нанатæ, алайнаг хæстонтæ, хъаматæ, æхсаргæрдтæ, фат æмæ æрдынтæ, цирхъытæ æмæ бирæ æндæр цымыдисаг дзаумæттæ.
Фирма «Ларци Дон»-ы æрмдæсны Тебиаты Аркади адæмы рæгъмæ рахаста дурæй арæзт диссаджы дзаумæттæ æмæ сувениртæ.
Плиты Валери равдыстмæ бацæттæ кодта нымæтын дзаумæттæ. Йæ цардæмбал, Таджикистаны Нывгæнджыты цæдисы уæнг Плиты Ольгæ та равдысты сæвæрдта йæхи конд нывтæ.


Косметикон продукци уадзæн фирмæтæ «Дзæнæт» æмæ «Лето» сæ диссаджы продукцийæ адæмы цæст здæхтой сæхимæ. Сæ разы равæрдтой, Ирыстоны чи зайы, уыцы кæрдæджытæ æмæ дидинджытæй арæзт парфюмери æмæ косметикæ: духитæ, кремтæ, цайтæ, сапæттæ, шампунтæ, бальзамтæ, цæсгомы æмæ сæрыхъуынты маскæтæ æмæ бирæ æндæртæ.
Равдысты ма уыдысты ног технологимæ гæсгæ арæзт урсаджы продукттæ дæр.
«Ныры техникæйы дуджы алцыдæр æнцонæй саразæн ис, фæлæ ацы равдыст-армукъайы нысан у нæ истори, нæ культурæ нымайын, нæ фыдæлты дзаумæттæ ма рох кæнын, æрмгуыстады традицитæ бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæнын. Уый ма хорз ахъаз у туристты æргом раздахынæн дæр. Махæн уый бар нæй æмæ ферох кæнæм, рохуаты чи баззад, нæ фыдæлты уыцы куыстытæ» – загъта равдысты организатор, æрмдæсныты адæмон ассоциацийы сæрдар Бзарты Аланæ.
Ныртæккæйы размæцыд царды диссаг ницыуал у. Диссаг у ахæм адæймæгты удыхъæд, кæцытæ нæ ивгъуыдыл сæ зæрдæ нæ ивынц æмæ нæ сæ куыстыты руаджы зонгæ кæнынц нæ фыдæлты дзаумæттимæ. Ахæмтæ аразынц стыр арфæйаг хъуыддаг. Уыдон руаджы нæй сæфæн нæ истори æмæ культурæйæн. Уый та ахсджиаг у…
Джусойты Нина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.