Коронавирусон инфекцийæ рынчынты нымæц та радон хатт рапарахат нæ республикæйы. Уымæ гæсгæ республикæйы инфекцион рынчындоны конд æрцыд вирусы ныхмæ тох кæныны хайад.

Коронавирусон инфекци

«Югосетпотребнадзор»-ы æрвылбон уагъд цæуынц коронавирусон инфекци рабæрæг кæныны фæдыл мониторингтæ. Статистикæмæ гæсгæ ацы вирусæй рынчынты нымæц ацы аз августы мæйы ралæудæй фылдæрæй – фылдæр кæны. 140 тесты саразыны фæстиуæгæн 1 августæй 16 августмæ инфекци рабæрæг 30 æм-бæстагæн. Æмбæстæгты хæрзиуæгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъусдард здахыны фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Маринæ нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй æцæгдæр коронавирусон инфекцийы рынчынты нымæц бæрæг фæфылдæр: «Кæд æмæ ацы аз майы мæйæ фæстæмæ вирусæй рынчыны иу цау дæр нæ рабæрæг, уæд июны мæйы рынчынты нымæц рæзын райдыдта. Июлы мæйы тестыты ратджытæй  9  про-центы разындысты рынчын.  Ацы мæй та – 21 процент. Низæй рын-чынтæ канд  горæты цæрджытæ не сты, ис дзы районтæй дæр. Рынчынты нымæц кæй фæфылдæр уый æз бæттын  не ‘мбæстæгтæ сæрдыгон улæфты бонтæ кæй æрвыстой  нæ республикæйы æддейæ, уыимæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны дунеон организацийы  статистикæмæ гæсгæ коронавирусæй рынчынтæ канд Уæрæсейы нæ, фæлæ ма æндæр фæсарæйнаг бæстæты фылдæр кæнынц. Уымæ гæсгæ хатын нæ æмбæстæгтæм, цæмæй куыддæр сæхимæ фæхатой рæуæгау симптомтæ, афтæ  æнæмæнгдæр саразой, вирус рабæрæг кæныны тыххæй тестытæ, цæмæй низ тынгдæр нæ республикæйы цæрджыты ‘хсæн ма пырх кæна æмæ рабæрæг уа сезонон грипп у рынчын æви коронавирус.  Уымæй дарддæр ма сидын йæхимæ гриппы сиптомтæ чи фæхаты, уыдон сæхи хизой бирæ адæм кæм æмбырд кæны, ахæм бынæттæй», – банысан кодта Коцты Маринæ.

Уый ма куыд  загъта, афтæмæй хыгъдæй ист æрцыд 6 адæймаджы, медицинон хъусдарды бын сты 24 адæймаджы, уыдонæй 21 хос кæнынц амбулаторон  æгъдауæй, 3 та стационарон æгъдауæй. Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ медицинон маскæты дæр кæй хъæуы дарын. Низ апарахат кæнынæн йæ ныхмæ райсгæ мадзæлттæ хъахъхъæнгæйæ ис хи бахизæн ацы вирусæй.

 

Æнтæф бонты куыд дарæм нæхи?

Августы нæм уæлдæфы хъæрмад 30 градусæй уæлæмæ хизы. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрад æрсидт нæ цæрджытæм, цæмæй сæхи бахизой æнтæф бонты. Министрады хъусынгæнинаджы ма лæмбынæгæй дзырд цæуы, цы фæткойтæм гæсгæ хъуамæ хъахъхъæной нæ æмбæстæгтæ сæхи  ацы æнтæф бонты. Фæлæ нæ æмбæстæгтæй бирæтæ уыцы хъусинæгтæм æмбæлон хъусдард  кæй нæ æздахынц, уымæ гæсгæ бирæты ацы æнтæф бонты фæстиуæгæн бахъæуы «тагъд æххуыс»-мæ дзурыны сæр.

«Тагъд æххуысы» станцы сæйраг дохтыр Хъуылымбегты Емзар нын куыд радзырдта, афтæмæй ацы æнтæф бонтæ бæрæг бандæвтой нæ республикæйы ацæргæ æмбæстæгтыл. Уæлдайдæр та зæрдæйы дадзинты æмæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у, уыдоныл.

«Сидын нæ æмбæстæгтæм, цæмæй сæхи бахизой ацы æнтæф бонты. Бонрæфты нæ хъæуы æддæмæ хизын, хуыздæр у, уыцы рæстæг хæдзæрары бадын.  Æнæ сæрбæттæнæй нæ хъæуы хизын æддæмæ, хъæуы нуазын бирæ дон, науæд та куы рахизой уынгмæ, уæд та хуыздæр уаид аууоны бадын. «Тагъд æххуысы» станцмæ нæм ацы æнтæф бонты канд ацæргæ æмбæстæгтæ нæ, фæлæ ма æнахъом сывæллæтты ныййарджытæ æрбадзурынц. Хатын нæ республикæйы ныййарджытæм, цæмæй бахизой сæ кæстæрты. Нæ сæ хъæуы æнæ сæры æмбæрзæнæй æдтæмæ уадзын, æнæмæнгæй дæр уынджы хъуамæ уа семæ доны авг. Сæ уæлæдарæс хъуамæ уа рæуæг», – радзырдта нын  Хъуылымбегты  Емзар.

Хуры ныццæвыны симптомтæ сты: сæр куы фæзилы, зæрдæ куы фæхæццæ кæны, буары тæвд бæрзонд куы свæййы. Æппæт ацы симптомтæ адæймаг йæхимæ куы рахата, уæд æнæмæнгæй бадзурын хъæуы «тагъд æххуысы» станцмæ, цæмæй афоныл райса медицинон æххуыс.

              ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.