Алы æхсæнады дæр ис ахæм гоймæгтæ, кæцыты æппынæдзух фæхъæуы психиатрон æххуыс æмæ уый фæдыл алы бæстæты дæр арæзт ис ахæм уагдӕттӕ, куыд психиатрон рынчындон. Ныры дуджы уый æнæмæнгхъæуæг у, уæлдайдæр та хæст йæ уæззау фæд кæм ныууагъта, уыцы зӕрдӕрыст адæмæн. Суанг ма нæ фыдæлтæ дæр ахæм рынчынты дардтой хибарæй, – арвыстой-иу сæ аргъуантæм æмæ кувæндæттæм, цæмæй сæм уым сæ хъус дардтаиккой дины кусджытæ æмæ мацы знаггад кодтаиккой æхсæнадæн. Фæстæдæр бакодтой психиатрон рынчындæттæ, цыран рынчынтæ æдзухдæр истой æмбæлон медицинон æххуыс. Уыцы уагдæтты баконд стыр ахъаз фæцис æхсæнады сабырдзинадæн æмæ ма уыимæ иумæ бирæ рынчынтæ дохтырты фæрцы сæнæниз сты.

Ныр 10 азæй фылдæр рацыд, Цхинвалы психиатрон рынчындон куы басыгъд тугкалæн хæсты фæстиуæгæн, уæдæй нырмæ. Бирæ дзырд цæуы ног бæстыхай саразыныл, фӕлӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй проблемӕ скъуыддзаг нæма цæуы. Афтӕмӕй та ӕнӕмæнгæй хъӕуы ахӕм рынчындон.

Хуссар Ирыстоны адӕм бирӕ тухитӕ бавзӕрстой 1989 азӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ диссаг дӕр нӕу, психикон рынчынтӕ нӕм дзӕвгар кӕй ис, уый. Бынтондӕр хӕст кӕм нӕ уыд ӕмӕ зындзинӕдтыл кӕм нӕ сӕмбӕлдысты, уыцы бӕстӕ-ты дӕр ма бирӕ у ахӕмты нымӕц. Ӕмӕ ацы рынчынтӕ нӕ бӕстӕйы дӕр ӕмбӕлон медицинон ӕххуыс куы исиккой, уӕд афтӕ арӕх нӕ хъусиккам психикон рынчынтимӕ баст ӕвзӕр хабӕрттӕ.

Нӕ бӕстӕйы ис 1700 рынчыны. 400 фылдæр дзы сты æнæххæст кары сывæллæттæ.Уыдон сты 3 проценты республикæйы цæрджыты нымæцæй. Фӕлӕ ам банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ алкӕцы психикон рынчын нӕ лӕууы хыгъды. Нӕ адӕмы менталитет ахӕм у, ӕмӕ бирӕтӕм худинаг кӕсы уыцы хыгъдмӕ бахауын ӕмӕ сӕхицӕн фӕхос кӕнынц сӕхӕдӕг ӕнӕ дохтыры ӕххуысӕй. Уый та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раст нӕу ӕмӕ ӕвзӕрырдӕм бандавы рынчыны ӕнӕниздзинадыл. Стӕй дохтыры ӕххуысы сӕр бирӕты бынтон хӕрзцъус йедтӕмӕ нӕ фӕхъӕуы. Фæлæ уæддæр чидæртæ сæ сæрмæ нæ бахæссынц ныртæккæ Цхинвалы цы психоневрологон диспансер уæвынад кæны, уырдæм бацæуын дæр.

Психикон рынчынты нымæцы ис уæззау низтæй рынчынтæ – шизофрения, эпилепсия æмæ зондæй фæстæзадтæ. Тынг арæх ма сты ахæм низтæ, куыд невроз, депресси æмæ æндæртæ. Цхинвалы психоневрологон диспансеры сæйраг дохтыр Абайты Ревмирæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй рынчынтæй бирæтæ нæ исынц æмбæлон медицинон æххуыс. «Ис нæм ахæм рынчынтæ, кæцытæ æдзухдæр хъуамæ уой дохтырты хъусдарды бын. Фæлæ, хъыгагæн, ныртæккæ махæн ахæм уавæртæ нæй, цæмæй рынчынæн стационарон медицинон æххуыс бакæнæм. Уый тыххæй нын æнæмæнгхъæуæг у психикон рынчындоны сырæзт. Искæцы рынчынæн карз психозы стади куы вæййы, уæд бахатæм Мидхъуыддæгты министрадмæ, цæмæй нын баххуыс кæной рынчыны Цæгат Ирыстоны психикон рынчындонмæ аласынæн», – загъта Абайты Ревмирæ.

Диспансеры сæйраг дохтыр куыд банысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстонмæ дæр зын вæййы рынчыны аласын, уæлдайдæр та зымæгон фæндæгтыл. Кæмæндæрты дзы нæй арæзт æмбæлон гæххæттытæ дæр. Стæй рынчыны дæр бирæ нæ фæдарынц уым, – саразынц ын æмбæлон процедурæтæ æмæ йæ рарвитынц фæстæмæ цыдæр рæстæджы фæстæ. Уымæн æмæ уыдон не ‘мбæстæгтæ сты æмæ сæ цæрæн бынат Хуссар Ирыстоны ис.

Психикон рынчынтæн вæййы ахæм кризисон рæстæджытæ æмæ уыцы афон адæмы ‘хсæн уæвгæйæ гæнæн ис æмæ саразой фыдракæнд дæр. Бирæ рынчынты хиуæттæ разы сты, цæмæй сæ иугæндзонæй акæной психикон рынчындонмæ. Стæй ма тæссаг у искæмæн рафыдбылыз кæнынæй дæр, – уæд бинонтæ цæрæнбонтæм æлгъыстаг фæвæййынц. Цас æнамонд цаутæ æрцæуы ахæм рынчынты агрессивон ахастимæ. Ацы проблемæ скъуыддзаг кæй нæ цæуы, уый фæстиуæгæн бынæттон цæрджыты сабыр цард дæр хæлд цæуы æмæ рынчынты хиуæттæ дæр æдзух тасы мидæг вæййынц. Зæгъæм, Дзауы районы Гуфтайы хъæуы ис иу ахæм психикон рынчын, кæцы цæры астæуккаг скъола æмæ сывæллæтты рæвдауæндонмæ ‘ввахс. Рынчыны бинонтæ йæм æдзух сæ хъус дарынц, цæмæй мацы рафыдбылыз кæна кæйдæр сывæллæттæн. Агрессивон ахаст ын куы вæййы, уæд æй æркæнынц Цхинвалы психоневрологон диспансермæ æмæ йын ам бакæнынц медицинон æххуыс. Фæлæ уыцы æххуыс æмбæлон нæ вæййы, уымæн æмæ ахæм рынчынæн хъæуы стационарон æгъдауæй хос кæнын, ома йæ уæлхъус æдзух хъуамæ уа дохтыр æмæ йын кæса йе ‘нæниздзинадмæ, йæ уагахастмæ. Ӕмæ уымæн та нæй уавæртæ.

Абайты Ревмирæйы ныхæстæм гæсгæ психикон рынчынты нымæц бæрæг фæфылдæр 2008 азы хæсты фæстæ, фæлæ та ныр сындæггай къаддæр кæнынц.Ис ма нæм ахæмтæ, кæцыты æнæниздзинад дохтыртимæ консультацитæ ауадзыны руаджы бæрæг фæхуыздæр вæййы. Уыцы консультативон къордтæ иумиаг психикон рынчынты хыгъдмæ нæ бахауынц æмæ цыбыр рæстæгмæ сæнæниз вæййынц.

Хуссар Ирыстоны психикон рынчындон уæвынад кодта Советон дуджы. 2008 азы хæсты хæдразмæ дæр ма ам уыдис 23 рынчыны. Уыдон, ахæм рынчынтæ уæвгæйæ, федтой хæсты уæззау нывтæ æмæ стæй аззадысты рохуаты. Нал сын уыд, фæстæмæ кæдæм баздæхтаиккой хæсты фæстæ, уый. Басыгъд психикон рынчындоны бæстыхай æмæ уæдæй нырмæ рынчынтæ фесты рахау-бахауаг. Нал исынц æмбæлон стационарон медицинон æххуыс æмæ се ‘нæниздзинад æвзæрæй-æвзæрдæр кæны. Ӕмæ бар-æнæбары уыцы æм-бæстæгтæ цæрынц адæмы ‘хсæн, кæд æмæ дзы кæмæндæрты йæ уагахаст тасдзинад æвзæрын кæны, уæддæр.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.