Мæскуыйаг микрорайонмæ бацæуæны бирæуæладзыгон хæдзæртты раз ацы бонты байгом уæрæх ленкгæнæн бассейн.

Ам цы 10 бирæуæладзыгон хæдзары ис, уыдон кæрæдзимæ сты дæрддзæф, уымæ гæсгæ се ‘хсæн цы сæрибар бынат уыд, уым иттæг хорз рафидыдта 50 квадратон метры бассейн. Ацы хæдзæртты цы сабитæ цæры, уыдон нымæц хизы сæдæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæрдыгон бонты денджызы былмæ ацæуыны фæрæзтæ алы бинонтæн нæй. Нæ Леуахийы дон та санитарон нормæтæн дзуапп кæй нæ дæтты, уый аххосæй ныййарджытæ сæ сабиты уырдæм нæ уадзынц.

Ивгъуыд аз хæдзæрттæй сæ иуы раз уыд чысыл бассейн, фæлæ-иу уым сæхи надтой æрмæстдæр кæстæр кары сабитæ. Ныр амонд йæ мидбыл бахудт скъолайы кары сывæллæттæм дæр. Бон-изæрмæ ам тъыбар-тъыбур кæнынц канд лæппутæ нæ, фæлæ чызджытæ дæр. Найыны рæстæг уыдон адих кодтой афтæ. Нырма сæхи фæнайынц лæппутæ, уый фæстæ та – чызджытæ. Сабиты цинæн кæрон нал вæййы; иуæй ацы æнтæф бонты сæхи кæм аирхæфсой, уыцы фадат сын фæзынд, иннæмæй та сæхи хурмæ судзынц сæ хæдзæртты къæсæрыл. Æрбаиу сæм вæййынц микрорайоны коттеджты чи цæры, уыцы сывæллæттæ дæр. «Ацы аз мæ бæллиц уыд денджызмæ ацæуын, æппынæдзух мæ бинонтæн уый дзырдтон. Ныр мæ нал фæнды, мæ хæдзары къæсæрыл февзæрыд мæ «денджыз», – зæгъы сабитæй сæ иу.

Сабиты хъæлдзæг худт æмæ хъазтмæ йæ хъус чи дардта, уыцы сылгоймæгтæй иу Джиоты Азæ та афтæ загъта: «Мæнæн мæхицæн адон карæн сывæллæттæ нæй, фæлæ сæ цинæй мæхи зæрдæ дæр райы. Рудзынгæй сæм мæ хъус фæдарын. Парламенты спикер Гасситы Петр нæ сыхаг у. Æз æй куыд зонын, афтæмæй сыхаг сывæллæттæ уымæ бахатыдысты, цæмæй сын бассейн самал кæна. Уый та йæхи рады бахатыд, бынæттон амалиуæггæнæг Кокойты Анатолимæ. Æмæ нæ сыхы фæзынд мæнæ ацы егъау бассейн».

Сыхæгтæ ма куыд загътой, афтæмæй, бассейнæн йæ дон ивд цæуы цыппар бон иу хатт. Хистæртæ куыд аудынц бассейныл, афтæ йыл аудынц кæстæртæ дæр. Æрвылрайсом ын  расыгъдæг кæнынц йæ брон.

Сывæлæттæ куыд загътой, афтæмæй ныр та Парламенты спикермæ бахатдзысты, цæмæй сын хæдзæртты раз цы стыр бынат ис, уым сараза спортивон фæзуат.

Ныфс сæ ис ацы куырдиат дæр сын кæй сæххæст кæндзæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.