Гуфта-Къуайсайы автомобилон  фæндаджы реконструкцийы дыккаг этапы фæлгæтты куыстытæ цæуынц æххæст хъомысадæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы комитеты. Уыдон куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы аз цы фадыгыл кусынц, уый дæргъ у 10 километрæй фылдæр.

«Трассæйы реконструкцийы дыккаг этап  райдайдыдта горæт Къуайсайæ. Ныртæккæ ист цæуы фæндаджы уæлцъар æмæ йæ цæттæ кæнынц асфальтмæ, афтæ ма арæзт цæуынц донуадзæн хæтæлтæ дæр», – банысан кодтой комитеты.

Куыд загътой, афтæмæй Гуфта-Къуайсайы фæндаджы реконструкцийы дыккаг этап планмæ гæсгæ фæуыдзæн ацы азы октябры кæрон.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.