РХИ-йы Хицауад йæ рабадты цы фарстатæм æркаст, уыдонæн уыдис нормативон-барадон нысаниуæг. Рабадт уагъта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Боны фæткы фыццаг фарст уыд «Ахуырады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проектмæ æркæсын. Фарсты фæдыл йæ раныхасы ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали банысан кодта, кæй хъæуы сбæлвырд кæнын сывæллæттæ-сидзæрты æмæ сæ ныййарджытæ кæй нæ дарынц, ахæм ахуырдзау сывæллæтты æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæй ифтонг кæныны нормæтæ æмæ фæтк, афтæ ма юридикон-техникон нормæты кæй хъæуы закъоны нормæтæм æркæнын.

Рабадты фидар æрцыд удгоймагмæ ракæнгæйæ фæцæрыны иууыл къаддæр хæрдзтæ ацы азы æртыккаг кварталæн. Ацы фарст Хицауады уæнгты размæ рахаста Хицауады Сæрдары хæдивæг – экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй азы æртыккаг кварталы удгоймагмæ ракæнгæйæ фæцæрыны иууыл къаддæр хæрдзтæ уыдысты 10 740 сомы, уыцы нымæцы цæрджыты социалон-демографион къордтæ дæр. Куыстхъом цæрджытæн уыцы хæрдзтæ уыдысты 11 282 сомы, пенсиисджытæн – 8 576 сомы æмæ сывæллæттæн та – 11 363 сомы.

Бекъойы фырты ныхæстæм гæсгæ ацы азы дыккаг кварталимæ абаргæйæ, фæцæрыны иууыл къаддæр хæрдзтæ фæкъаддæр сты 468 сомы: куыстхъом цæрджытæн – 542 сомы, пенсиисджытæн – 326 сомы æмæ сывæллæттæн та – 478 сомы. Уый, зæгъгæ, баст у, хæлцадон товарты астæуккаг æргътæ кæй фæкъаддæр сты, уыимæ.

Цæрджытæн диагностикæ, профилактикæ æмæ хос кæныны фæдыл, сæ аргъ фидыны формæмæ нæ кæсгæйæ сæ реализаци кæнгæйæ, уæлæмхас аргъы тыххæй фиддон æвæрд кæуыл нæ цæуы, уыцы медицинон лæггæдты номхыгъд сфидар кæныны тыххæй фарсты фæдыл рабадты раныхас кодта республикæйы Хъалонтæ æмæ æмбырдты комитеты сæрдар Къадзты Владимир. Уый фæндон бахаста, цæмæй уæлæмхас аргъыл фиддонтæй сæрибар æрцæуой ахæм медицинон лæггæдтæ, куыд цæрджыты диагностикæ, профилактикæ æмæ сын хос кæнын амбулаторон-клиникон æххуысы фæлгæтты, стационарон медицинон æххуыс, уыцы нымæцы, медицинон экспертизæтæ, боныгон стационарты лæггæдтæ æмæ санитарон-курортон уагдæтты цæрджытæн бакæнгæ лæггæдтæ.

Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс кæнын æмæ рæзты фæдыл Æхсæнадон- координацион советы ног сконд. Афтæ ма ивындзинæдтæ бахастой хицæн хицауадон къамисты скондмæ. Се скондæй раконд æрцыдысты Парламенты раздæры депутаттæ, сæ бынæттæм та сын бакодтой Парламенты архайæг депутатты.

Рабадты хайадисджытæ хорзыл банымадтой Леуахигомы паддзахадон тобæгонд бынаты паддзахадон уагдон «Хуссар Ирыстоны тобæгонд бынатмæ» рацаразын. Йæ æнæмæнгхъæуындзинад Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны фæдыл комитеты сæргълæууæг Бестауты Бала бамбарын кодта уымæй, æмæ Леуахигомы тобæгонд бынаты æрцыдис ивындзинæдтæ. Дыууæ хатты ардæм ласт æрцыдысты хæрзмыггаг сагтæ, дыууæ хатты та – хъæддаг хуытæ. Афтæмæй Балайы ныхæстæм гæсгæ, фылдæр кæны сырдты нымæц æмæ ахизынц тобæгонд бынатæй, уæлдайдæр та Ленингоры ‘рдæм æмæ сыл цуан кæнынц цуангæнджытæ. Знауыры районы дæр Нагутнийы комы ис уникалон субтропикон зонæ, цыран зайынц зайæгойты стæм хуызтæ. Ныр Ленингор æмæ Знауыры районты арæзт æрцæудзысты тобæгонд бынаты режимон зонæтæ.

Фарст ахсджиагыл банымадта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик дæр.

«Махæн, фыццаджыдæр, нæ хæс у нæ флорæ æмæ фаунæ бахъахъхъæнын. Мах ма хъуамæ бауадзæм хъæд æмæ хъæддаг сырдты скуынæг кæнын. Нæ æрдз – нæ хъæздыгад æмæ йæ хъуамæ бахъахъхъæнæм фидæны фæлтæртæн», – бафиппайдта Хицауады Сæрдар.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.