Куыд зонæм, афтæмæй чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн лæвæрд цæуы хатырон кредиттæ.  Паддзахадон бюджеты æфтиæгтæй 2 проценты хицæн цæуы ацы фадыджы архайæг амалиуæггæнджытæн.

2019 азы ахæм кредиттæ лæвæрд æрцыд 49 адæймагæн. Паддзахадæй æххуыс чи райста, уыдоны ‘хсæн сты, кæсагдард чи кæнынц, уыцы амалиуæггæнджытæ дæр æмæ ныр сæ хъуыддæгтæ размæ цæуынц.

Фæстаг азты нæ республикæйы хицæн æмæ хицæн рæтты райтынг кæсагдарды хæдзарадтæ. Ацы фæзынд у ногдзинад нæ республикæйы. Кæд советон рæстæджы дæр фадат уыд кæсагдард райтынг кæнынæн, уæддæр æм хъусдард здæхт нæ цыдис.

Ныртæккæ нæ республикæйы территорийыл ис цыппар кæсагдарды хæдзарады – Дзау, Знауыр æмæ Цхинвалы районты. Ацы куыст райтынг кæнын кæй фæнды, уыдонæн æххуыс цæуы нæ республикæйы разамынады ‘рдыгæй. Æххуыс сын цæуы кредиты хуызы æхцайы фæрæзтæй.

Кæсагдард хæрзиуæгон æмæ пайдайы хъуыддаг кæй у, уый рагæй зындгонд у.

Кæсагдарды хæдзарадтæй сæ иу ис Гуфта-Къуайсайы фæндаджы был. Йæ саразæг у Гæджиты Леонид. Уый куыд зæгъы, афтæмæй йæм кæсаджы бассейнтæ саразыны хъуыды æрцыд 25 азы размæ. Уæд куыста экономистæй. Уыцы рæстæджы рæстæг уæззау уыдис, куыст нал уыд, æмæ хъуыд амæлттæ кæнын. Гæджийы фырт сфæнд кодта дурцъæлгæнæн куыстуат æрбакæнын. Балхæдта, куыстæн цыдæриддæр хъуыдис, уыдон, фæлæ йын сæ адавтой. Фæхъыг кодта Леонид æмæ сфæнд кодта æндæр исты куыстмæ ахизын æмæ æрæвнæлдта кæсагдард-мæ. Райдианы цад сарæзта сæхи хъæуы. Цæмæй кæсæгты сбирæ кодтаид, уый тыххæй-иу доны кæсæгтæ æрцахста æмæ-иу сæ цады ауагъта. Иу афон уалдзæджы зæй рацыд æмæ йын йæ цад æд кæсæгтæ аласта.

 Ацы куыстыл кæй фæцайдагъ, уымæ гæсгæ йæ нал фæндыд йæ ныууадзын æмæ сфæнд кодта, Дзауы комы цы дæттæ ис, уыдонæй искæцыйы бындурыл бассейн саразын. Систа 8 чысыл цæугæдонæй анализтæ æмæ сæ ахаста Цæгат Ирыстонмæ. Уыдонæй иууыл хуыздæрыл банымадтой специалисттæ, ныртæккæ бассейнтæ кæм сарæзта, уыцы цæугæдон. Леонид дæр уым æрбынат кодта æмæ абон куыд у, ахæм уагмæ йæ æркодта. Фæлæ уый тыххæй бирæ фыдæбæтты бахаудта, кæм дзы лæгдых хъуыд, кæм – финанстæ. Ныр Гæджиты Леониды хæдзарад йæ къахыл лæууы. Уый Цæгат Ирыстонæй æрласы хæрзчысыл кæсæгтæ, бынаты сæм базилы æмæ 3-5 килограммы бæрц куы свæййынц, уæд сæ ауæй кæны. Уырдæм æм бынатмæ бацæуынц æлхæнджытæ.

Знауыры районы Сихиаты хъæуы цы кæсагдарды хæдзарад ис, уый та сæндидзын кодта Цхуырбаты Сослан. Уый  куыд зæгъы, афтæмæй кæсагдард æнцон куыст нæу. Цæмæй сæндидза, уый тыххæй хорз доныгъæдæй дарддæр хъуамæ арæзт æрцæуа цалдæр бассейны. Стæй хъуамæ зонай, мах климаты уавæрты кæсаджы цахæм хуызтæ тынгдæр рæзы. Кæсæгтæн дæр сæхи низтæ ис æмæ сæ хъахъхъæнын хъæуы. Иу кæсагыл низ куы фæзына, уæд гæнæн ис сыскъуына се ‘ппæты дæр. Кæсæгты иу хуызтæ арæх бахæрынц æндæрты, уымæ гæсгæ сæ ахицæн кæнын фæхъæуы. Æппæт ацы сусæгдзинæдтæ куынæ зона кæсагдарæг, уæд йæ хæдзарадæй пайда нæ исдзæнис.

Цхинвалы районы Къохатмæ хæстæг цы кæсагдарды хæдзарад ис, уый та йæ къахыл слæу-уын кодта Дменисы хъæуы цæрæг Сагкаты Роман.

Раздæр дæр ам, Уанаты хъæуы, гуырдзиаг цæрджытæ дардтой кæсаг. Цæмæй бассейнты фæстæмæ æмбæлон уагмæ æркодтаид æвзонг амалиуæггæнæг, уый тыххæй бирæ фæ-рæзтæ хъуыд. Цæгат Ирыстоны цы кæсагдарды хæдзарадтæ ис, уым балхæдта æхсæз мин лæппын кæсæгтæ. Уыдон, сæйраджыдæр, уыдысты хъулон кæсæгтæ. Райдианы æвзонг амалиуæггæнæг уыдон уæй нæ кодта, сæйраджыдæриу сæ байуæрста йæ зонгæтыл. Ныр уымæ стыр хъуыдытæ ис фидæны. Цæмæй хæдзарад фидаРæй йæ къахыл слæууа, уый тыххæй хъуамæ сараза сæрмагонд кæсагæфснайæн ныккæнд, уым уыдзæн уазалгæнæнтæ, кæсагæфснайæн вакуумтæ. Уыдон та уый тыххæй хъæуынц, æмæ удæгас кæсагæй дарддæр ма уый фæнд кæны сцæхджын æй кæнын, стæй йæ ныллыгтæ æмæ фынгмæ æрхæссыны æввонг æркæнын.

Ныртæккæ йæм цы кæсаг ис, уый уæй кæны бынаты. Амалиуæггæнæг куыд зæгъы, афтæмæй уымæ Цæгат Ирыстонæй дæр æрцæуы æлхæнджытæ. Зæгъынц, зæгъгæ, дам, нæхи доны чи схъомыл вæййы, уыдонæн сæ фыд бирæ хуыздæр ад фæкæны.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.