Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы æмсæрдæрттæ ацы бонты кусæгон балцы уыдысты Хуссар Ирыстоны. Æмсæрдæртты балц радон балц нæу, уый уыд фæстаг æмæ радон фембæлды ‘хсæн рæстæгмæ фембæлд. Сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ æрдзырдтой Гуырдзыстонимæ арæнтыл уадзæн пунктты фæткыл, Уисты хъæуы сæвзæргæ уавæр æмæ æндæр ахсджиаг фарстытыл.

Хуссар Ирыстонæй Женевæйаг дискусситы æмсæрдар, Фæсконфликтон фарстатæ бæстонкæныны фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат фембæлды рæстæджы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ стыр нысаниуæг дæттынц Женевæйы дискусситæн, сæрмагондæй та – Инциденттæ ма æруадзын æмæ сæм хъусдард здахыны фæдыл механизмты куыстæн. Уымæн æмæ уыцы формат бæстон кæны бирæ ахсджиаг проблемæтæ.

«Мах уыцы фембæлдтытыл нæ исæм нæ къух, форматы куыст адарддæр кæндзыстæм. Нæ хъуыдытæ нын ноджыдæр бафидар кодта Уисты хъæуы сæвзæргæ уавæр, æмæ уый фæстиуæгæн ацы форматы уагъд æрцыд авд фембæлды», – дзырдта Æххæстбарджын минæвар.

Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Знауыры районы Уисты хъæуы сæвзæргæ уавæр нырма дæр бæстон нæу. Æмæ кæд æнæаргъæвгæ фарстатыл уынаффæ кæнын бахъæуа, уæд хуссарирыстойнаг делегаци цæттæ у цыфæнды афон дæр механизмты куысты хайад райсынмæ.

Женевæйы дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг бузныг загъта дунеон организациты æмсæрдæртты минæвæрттæн, сæвзæргæ уавæрæй рахизыны фадæттæ, æдасдзинад къухы бафтын кæнын æмæ регионы тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы юридикон бæрнджын документыл къухтæ æрфыссыны фæдыл сæ фæндоны тыххæй. Уымæн æмæ тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уый у фидар сабырад æмæ æдасдзинады бындур æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æгас регионы дæр.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар ныфс бавæрдта, сæ куыст продуктивон кæй уыдзæн, уымæй. Равдыста, Гуырдзыстонимæ арæнтыл хизыны пункттæ æхгæд кæй сты, ууыл æруынаффæ кæныны фæндондзинад. Æрæджы Ленингоры районы уадзæн пункт гом кæй уыд, уый, зæгъгæ, хорз уыд, фæлæ мах куыд фæндыд, афтæ нæ уыд хъуыддаг.

«Мах цæуыл уынаффæ кæнæм, уый здæхт у адæмы хæрзæбонмæ. Æмæ нæ уæд иумæ хъæуы ахъуыды кæнын, сæ цард сын куыд фæрогдæр кæнæм, ууыл», – загъта Тойво Клаар.

Джиоты Мурат ноджыдæр банысан кодта, дискусситы æмсæрдæртты балц Хуссар Ирыстонмæ ахсджиаг кæй у, уымæн æмæ уыдон руаджы Хуссар Ирыстон архайы дунеон æмæхсæнадмæ йæ позици æмæ йæ хъуыдытæ хæссыныл быцæуаг фарстатæ бæстон кæныны тых-хæй.

«Гуырдзыстоны нæ контрпартнертæн уæрæх фадæттæ ис дунеон æмæхсæнадмæ сæ позици хæссынæн. Æмæ уымæй пайда-гæнгæйæ, уыдон арæх хæссынц мæнг информаци женевæйаг процесс æмæ арæнгæрон уавæрты фарстыты тыххæй, уæлдайдæр Ленингоры районимæ баст фарстатыл», – банысан кодта Джиоты Мурат.

 Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы фембæлд фадат дæтты уыцы хъуыддæгтыл лæмбынæг æруы-наффæ кæнынæн.

Фембæлды ма хайад райстой Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Тасойты Инал æмæ Фæсконфликтон фарстатæ бæстонкæныны фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Коцты Егор.

Дарддæр дунеон дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлд уагъд цыд æнæ журналистты ха-йадистæй.

Фембæлды фæстиуджытæ

Фæсконфликтон фарстатæ бæстонкæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Женевæйы дискусситы дунеон æмсæрдæрттимæ уагъд цыд ахсджиаг æмæ лæмбынæг консультацитæ.  Уыдон руаджы фадат уыдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн Паддзахадон арæнтæм хæстæг районты æдасдзинады системæ æрбæстон кæныны фæдыл фæндæттæ бацæттæ кæнынæн.

Дзырд ма цыд, ивгъуыд аз ав-густы мæйы Знауыры районы Уисты хъæуы гуырдзиаг фарс Хуссар Ирыстоны территорийыл цы æнæзакъонон полициæгты пост сæвæрдта, ууыл, зæгъгæ, уый бæрæг фæвазыгджындæр кодта, Женевæйы цы фарстытыл дзырд цыд, уыдон алфæмблай уавæр. Хуссарирыстойнаг фарс ноджыдæр хъусын кæны, ацы æнæзакъонон гуырдзиаг пост иуварс кæй хъуамæ æрцæуа йæ территорийæ. Чорчанайы хъæуы цæрджытæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ сæ хъæуы уылты æдзух цæуынц полициæгтæ æмæ уымæй тыхсынц бынæттон цæрджытæ. Уый дзурæг у ууыл, æмæ гуырдзиаг къухдариуæгады æмæ арæнтæм хæстæг гуырдзиаг цæрджыты итерестæ бынтон æндæргъуызон кæй сты. 

Уымæ гæсгæ ныхасгæнæг ба-нысан кодта, зæгъгæ, нæ коллегæтæ ацы фарстмæ равдыстой æмбаргæ ахаст – Уисты хъæуы сæвзæргæ уавæр, иумиагæй сисгæйæ, æндыгъд кæны регионы уавæр æмæ агурын хъæуы йæ æрбæстон кæныны фадæттæ. Уый фæдыл, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн æндæр æмæ æндæргъуызон æмбарынад ис уавæры фæдыл, æмæ алчи дæр архайы йæхи цæстæнгас дунеон æмæхсæнадмæ хæссыныл. Фæлæ Хуссар Ирыстон бæрæг факттæ æмæ дæнцæгты руаджы архайы, цæмæй æмбæрст уа, нæ позицийы æвдыст кæй ис уавæры æцæгдзинад.

Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æмсæрдæрттимæ фембæлды рæстæджы дзырд цыд арæнтыл æдасдзинады системæ саразыны æнæ-мæнгхъæуындзинадыл. Æмæ уый тыххæй, фыццаджыдæр, хъæуы сбæрæг кæнын, паддзахадон арæнтæ кæуылты цæуынц, уый.

«Мах ноджыдæр сфæлхатт кодтам нæ фæндон, абон уа æви сом, уæддæр нæ хъæуы, паддзахадон арæнтæ кæуылты цæуынц, уый сбæлвырд кæныны иумиаг куыстмæ æрæвналын. Дзырд ма цыд арæнтæм æввахс цæрджыты царды уавæртыл, уыцы нымæцы Ленингоры районы цæрджытыл дæр. Уый тыххæй сын мах ноджыдæр бамбарын кодтам, Ленингоры районы кæй нæй ница-хæм гуманитарон катастрофæ», – банысан кодта Джиоты Мурат.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг фарс евро-пæйаг дипломаттæн хъусын кодта, Ленингоры районы цæрæг Гуыр-дзыстоны æмбæстæгты уавæр фæрогдæр кæныны тыххæй Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад цы мадзæлттæ исы, уыдоны фæдыл. Сæрмагондæй, уавæртæ арæзт цæуы, Гуырдзыстоны сæ пенситæ чи исы, уыдонæн. Дыууæ мæйы иу хатт уыдонæн фадат ис сæ пенситæ райсыны тыххæй цæуой Гуырдзыстонмæ. Бахъуаджы рæстæджы æнæаргъæвгæ медицинон æххуыс цы рынчынты хъæуы, уый фæдыл фарстытæ дæр бæстон цæуынц. Æмæ скъуыддзаг цæудзысты Республикæ Хуссар Ирыс-тоны закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрæг цæрджыты интерестæ хынцгæйæ. Уымæй дарддæр ма Æххæстбарджын минæвар куыд банысан кодта, афтæмæй сæ коллегæтимæ бадзырдтой, консультацитæ адарддæр кæныны фæдыл, цæмæй дискусситы радон раундмæ бацæуой конкретон хъуыдытæ æмæ фæндæттимæ.

Евроцæдисæй æмсæрдар Тойво Клаар Женевæйы дискусситы æмсæрдæртты фембæлд банымадта фæстиуæгджыныл ар-æнты æмæ Уисты хъæуы сæвзæргæ уавæры фæдыл фарстыты. Хуссарирыстойнаг коллегæтимæ æруынаффæ кодтой конкретон фарстытыл, фæлæ сæ информацион фæрæзтыл парахат кæныны фæндондзинад нæ равдыста.

ЕÆÆО-йæ æмсæрдар Рудольф Михалкайы ныхæстæм гæсгæ фембæлд æнæрадон уыд, фæлæ æмсæрдæрттæ афтæ нымайынц, æмæ цас фылдæр ныхас цæуа, уас фылдæр æмбаргæдзинад уыдзæн кæрæдзи ‘хсæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.