Ирон зарæджы аивадмæ аккаг бавæрд чи бахаста, уыдоны нымæцмæ бахæссын хъæуы Гуырдзыбегты Георгийы дæр. Уый сæйраджыдæр зындгонд сси, куыд зарджыты сфæлдисæг композитор, афтæ. Гуырдзыбеджы-фырты сфæлдыстадон фæндаг райдыдта Дзæуджыхъæуы горæты æмæ йæ фыст уацмыстæй барухс кодта аивадуарзджыты зæрдæтæ. Уæлдай уæзгæдæр уыд йе сфæлдыстадон фæндаг 1950 азæй суанг 1965 азмæ. Уыцы азты уый къухдариуæг кодта Цæгат Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадонансамблæн æмæ ацы сфæлдыстадон коллективы историйы йæ номимæ ис дзæвгар кадджын фæрстæ.

Йæ фыццаг зарджытæ куы сфæлдыста, уæд сæ аивадæн табугæнджытæ арф айстой сæ зæрдæмæ æмæ композиторæн æрхастой стыр ном. Зæгъæм, «Райгуырæн къуымы зарæг» уыд ахæм зæрдæмæхъарæг æмæ аивадон æгъдауæй æххæст уацмыс, æмæ йын Æппæтцæдисон радиомæхъусджытæ конкурс «Уæ цæстæнгас»-ы скодтой стыр аргъ- нымад æрцыд æппæты хуыздæрыл. Къаддæр нæ уыд йæ ахадындзинад  зарæг «Дзыллæты амонд»-æн дæр (ныхæстæ Дарчиты Дауыты). Ацы зарæг та фыст æрцыд Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты бæрæгбоны цытæн.

Афтæ композитор фæлдисын райдыдта иу зарæг иннæйы фæдыл, сæ тематикæ та уыд алыхуызон, уыдон хсæн уыдысты зарджытæ райгуырæн къуымыл, йæ истори, æмбæстæгтыл æмæ фæллойгæнæг адæймæгтыл. Йæ фыст уацмысты хсæн зынгæ бынат ахсынц æмбæстагон мидисы зарджытæ, ахæмтæ, куыд «Балладæ Къостайыл», «Дзыллæты амонд», «Хæлардзинад», «Хохаг чызг», стæй йæ лирикон зарджытæ «Чызджыты лирикон», «Ды мæнæн дæ иунæг», «Чызджы сагъæстæ», «Терк», «Ирон вальс», «Зарæг мадыл» æмæ æндæртæ. Зарджытæй дарддæр ма композиторы репертуары сты  зарæг-сюитæтæ, куыд «Нартæ», «Быдырты паддзах сылгоймаг», «Бæрæгбон колхозы», «Нæхи Къоста». Ацы уацмысты æрмæст музыкæйы автор нæу, фæлæ ма у сценарийы автор дæр. Æнтыстджын рауад Георгийы сфæлдыстадон фæндаг йæ чызг, композитор Гуырдзыбегты Иринæимæ, кæцы сфæлдыста йæ фыды уацмысты фылдæр хайæн зарæджы ныхæстæ. Зарæджы ныхæстæ ма йын ныффыстой поэттæ Цæгæраты Гиго, Айларты Чермен, Цæгæраты Максим, Гулуты Андрей.

Йæ диссаджы, хæдбындур уацмысты тыххæй Георги хорзæхджын æрцыд паддзахадон хорзæхтæй. Уый уыд Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайæг, хорзæхджын ма æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы орденæй. Гуырдзыбегты Георги фæзиан 1967 азы, фæлæ йæ ном цæры йæ раттæг адæмы зæрдæты йæ диссаджы уацмыстимæ.

                                                                                                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.