Мачи фæрынчын уæт, фæлæ исчи куы фæрынчын вæййы,  уæд кæд йæ фарсмæ йе ‘ввахс адæм вæййынц, уæддæр ын уыдонæн сæ бон баххуыс кæнын ницы вæййы æмæ æрцагуры дохтыры. Уый йын свæййы йæ хосгæнæг, йæ ирвæзынгæнæг.  Хорз дохтырæн аргъ скæнæн нæй, ууыл баст у адæймаджы цард, адæймаджы æнæниздзинад. Ахæм дохтырыл нымад у   Тъехты Нана   дæр. Уый ныр 31 азы бæрц кусы нæ горæты соматикон рынчындоны æмæ ультразæлон аппараты руаджы бæрæг кæны рынчынтæн сæ низыхатт.

Тъехты Нана райгуырд нæ горæты. Йæ фыд Тъехты Виктор бирæ азты дæргъы цæсгомджынæй фæкуыста зонад-иртасæн институты экономикæйы хайады сæргълæууæгæй. Йæ мад Быценты Жужунæ та фæкуыста бухгалтерæй æндæр æмæ æндæр бынæтты.

Нана чысылæй дæр æмбæрста, мæлæт æгъатыр кæй у æмæ дзы адæймаджы цард бахъахъхъæнын йæ бон æрмæстдæр дохтырæн кæй у. Æмæ нæ горæты 2-æм астæуккаг скъола тынг хорз нысæнттыл куы бакаст, уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта, кæй суыдзæнис æрмæстдæр дохтыр æмæ кæй ауддзæнис йæ раттæг адæмы æнæниздзинадыл. Æнкъараг, фæлмæнзæрдæ та æрдзæй лæвæрд сты Нанайæн. Хъуыдис ма йæ зонындзинæдтæ райсын æмæ уыдон дæр райста Цæгат Ирыстоны медицинон институты. Йæ ахуыр фæуыны фæстæ уайтагъд кусын райдыдта нæ горæты соматикон рынчындоны дохтыр-терапевтæй, стæй та – ультразæлон аппаратыл.

Тъехты Нанайы æххуыс чи банкъардта йæхиуыл, уыцы рынчынтæ хорз зонынц, æрыгон дохтыры рæсугъд удыхъæд, хæларзæрдæ æмæ профессионалон цæттæдзинад.

Уый хорз æмбары, цард размæ куыд цæуы, афтæ йемæ æмдзу кæй кæны медицинæ дæр æмæ уымæ гæсгæ иудадзыг кусы йæхиуыл. Медицинæйы ногæй цы фæзыны, уыдонимæ зонгæ кæны алыгъуызон зонадон-медицинон литературæйы руаджы. Нанайæн йæхи хъуыды дæр ахæм у, зæгъгæ, дохтыр уæвын стыр бæрндзинад у, йæ зæрдæ дыл чи дары, æххуысмæ дæм чи æнхъæлмæ кæсы, уыцы рынчыны ныфсытæ ма хъуамæ фæсайай.

Тъехты Нана рынчынтæн канд сæ низыхатт рафæл-гъауыныл нæ архайы, фæлæ ма йæ зæрдæйы хъармæй,  дзыхы ныхасæй дæр сæ ныфс бауадзы. Зæрдæйы хъарм æмæ дзыхы ныхасæн, стæй профессионалон цæттæдзинадæн цас нысаниуæг ис, уый алчидæр хорз æмбары æмæ уымæ гæсгæ сырæзы йæ кусæн кабинеты раз стыр рад дæр. Рады лæугæйæ дæр хатт фенæн вæййы, бирæтæ куыд фæбырсынц æнæрадæй бахизынмæ. Уымæ гæсгæ фæархайы рады лæуджыты ‘хсæн фæтк æрæвæрыныл дæр, алкæй дæр æмбæлон уагыл райсыныл.  Иу ахæмы та Нанайы кусæн хатæны раз адаргъ рынчынты рад. Æрбафтыд ма сæм ноджыдæр иу рынчын æмæ тынг ныццин кодта радылæууæг сылгоймæгтæй сæ иуыл, Быценон, ды та ам цæмæн лæууыс, зæгъгæ. Быценон ын сабыргай, уæзданæй афтæ бакодта, зæгъгæ, мæнæ æз дæр УЗИ аразынмæ рады лæууын. Сылгоймаг æм дисгæнгæ сдзырд-та: «Æмæ уый дæ чызг куы у, уæд ды дæр рады лæууыс?». Уый фæлмæн бахудтис æмæ сабыргай сдзырдта: «Цы уæлдай у, иннæтæ дæр рынчынтæ сты æмæ искæйы разæй куыд бахизон, стæй мæ Нана йæхæдæг дæр æнæрадæй нæ райсдзæнис», – æмæ та фæлмæн мидбылхудт сылгоймаджы цæсгомыл ахъазыд.

Радылæууæг рынчынты дисæн кæрон нæ уыдис. Се ‘ргом разылдтой дыууæ ныхасгæнæгмæ. Гъе, уый дын дохтыр, сæ хъуыды фергом кодтой чидæртæ.

Тъехты Нана уæзбын, хиуылхæцгæ адæймаг у, стæй йæ дæсныйадыл æнувыд кæй у, уый æнæрахатгæ не сты рынчынтæ æмæ йын кæнынц стыр аргъ.

Гъе, ахæм кæй у, уымæ гæсгæ ссардта Нана  рынчынты зæрдæтæм йæхицæн фæндаг. Тъехонæн ис фырт æмæ уымæн дæр бауырнын кодта, дохтыры дæсныйадæй арфæйагдæр æмæ хуыздæр кæй ницы ис, ууыл баст кæй у адæймаджы æнæниздзинад æмæ адæймаджы цард. Уымæ гæсгæ Алан дæр равзæрста йæ мады дæсныйад. Цард диссаг у, алы адæймагæн дзы йæхи хъысмæт ис. Нанайæн дæр царды йæхи хъысмæт ис. Нæ йæ барæвдыдта сылгоймаджы амондæй. Йæ цардæмбал – номдзыд дохтыр Мæргъиты Робертимæ бæрцæй рацард цалдæр азы, стæй… Хæстон дуджы рынчынты вертолетыл Дзæуджыхъæумæ куы аласта æмæ фæстæмæ куы тахт, уæд æрхауд вертолет æмæ бабын ис, æхсæвæй-бонæй уырдыг чи лæууыд рынчынты уæлхъус, уыцы курдиатджын дохтыр. Ныр ын йæ хъуыддаг дарддæр кæны йæ фырт æмæ уый та, сæйраджыдæр,  у Нанайы æнтыст. Уымæн æмæ йын чысылæй фæстæмæ æмбарын кодта, цы у Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, цавæр сты не ‘гъдæуттæ, куыд уарзын хъæуы адæмы. Ахæм хъомылад цы кæстæр райса,  уый йæ адæмæн кæддæриддæр ныфс уыдзæн.

Арфæгонд хъуыддагыл лæуд сты мад æмæ фырт æмæ арфæгонд уæт сæхæдæг дæр. Сылгоймæгты бæрæгбон у æмæ дыл, Тъехон рæсугъд бæрæгбонтæ цæуæт алы хатт дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.