Хуссар Ирыстоны паддзахадон телекомпани «ИР»-ы уагъд цæуы ногазон хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан». Мадзалы организатор у телекомпани «ИР»-ы администратор Хъуылымбегты Еленæ. «Бæллицты фонтан»-ы нысан у, цæмæй нæ республикæйы скъола-интернатты кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæн, сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæн Ног азы хæдразмæ сæ зæрдæтæ барухс кæной алыгъуызон лæвæрттæй. Ардæм фыццаг чи æрбацыд æмæ сидзæр сывæллæттæн баххуыс кæнын кæй бафæндыд, уый уыд нæ паддзахады разамонæг Бибылты Анатоли. Уый «Бæллицты фонтан»-ы æрцахста иу нæ, фæлæ æртæ чысыл науы. Алы науы дæр дзы фыст уыдис иу бæллиц æмæ паддзахады къухдариуæггæнæг куыд загъта, афтæмæй сидзæр сабиты бæллицтæ æххæст æрцæудзысты æввахс рæстæджы. Уыимæ ма паддзахады къухдариуæггæнæг банысан кодта, зæгъгæ, кæстæртæн, уæлдайдæр та, фаг рæвдыд чи не  ‘ййафынц, уыдонæн хистæрты аудгæ ахаст у æхсызгон æмæ йæ сæххæст кæнынмæ мачи хъуамæ базивæг кæна.

Сидзæр сывæллæтты ног, 2018 азы бæрæгбоны хæдразмæ барæвдауын кæй фæнды, уы-мæн йæ бон у æмæ бацæуа телекомпани «ИР»-ы бæстыхамæ. «Бæллицты фонтан»-ы æрцахса цал чысыл нау æй фæнды уал, æмæ сæ цы бæллицтæ ис, уыдонæй иу уæддæр сæххæст кæна,  æмæ йæ бахæсса хæрзаудæн мадзалы организатор Хъуылымбегты Еленæмæ.

Мадзалы фæстæ паддзахады къухдариуæггæнæг Бибылты Анатоли фембæлд телекомпани «ИР»-ы кусджытимæ. Семæ ныхас кæнгæйæ уый банысан кодта, зæгъгæ, махæй алчи дæр хæсджын у, цæмæй нæ хæдзæртты куыд уарзæм, афтæ уарзæм нæ бæстæйы дæр. Афтæ куы уаид, уæд паддзахады æнтыстытæ уаиккой бæрзонддæр, адæмы уавæртæ та – хуыздæр. Мыхуыры кусджыты бафæдзæхста, цæмæй уыной æппæтдæр æмæ неггативон фæзындтыты ныхмæ сæ тох уа ныфсджындæрæй. Президент куыд банысан кодта, афтæмæй æрвылаз дæр газ æмæ рухс республикæйы давд æрцæуы сæ-дæгай милуанты аргъ, фæлæ уыдон тыххæй нæдæр мадзæлттæ исчи исы, æмæ сæ нæдæр сымах æргом кæнут.

Президент ма растыл нæ нымайы уый дæр æмæ бирæтæ кæй сты горæты зæронд кварталы æрдæгпырх хæдзæрттæй асыгъдæг кæныны ныхмæ. Чидæртæ зæронд, пырх хæдзæртты нымайынц архитектурон цыртдзæвæнтыл, фæлæ не сты раст. Уымæн æмæ хæдзæрттæ сты рагон, пырхытæ хорзæй ницыуал æвдисынц.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.