Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бацыд «Иугонд Уæрæсе»-йы Уæлдæр Советмæ. Ахæм уынаффæ ист æрцыд партийы 20-æм съезды фæлгæтты, кæцы уагъд æрцыд Мæскуыйы 4-æм декабры. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг хайад райста съезды куысты республикæйы æвдисæг делегацийы сконды. «Куыд æндæр партиты, афтæ «Иугонд Уæрæсе»-йы дæр хъæуынц аккаг адæймæгтæ, кæцытæ æмбарынц уый, æмæ къухдариуæггæнæгæн партийы уæнг уæвын кæй у стыр бæрндзинад. Æппынæдзух  партийы уæнгты ног кæнын æнæмæнгхъæуæг у уый тыххæй, цæмæй «Иугонд Уæрæсе» дзуапп дæтта адæмы домæнтæн», – банысан кодта партийы сæрдар Дмитрий Медведев, съезды хайадисджыты раз ныхас кæнгæйæ. Съезды фæлгæтты, Уставмæ гæсгæ ногæй æвзæрст æрцыдысты «Иугонд Уæрæсе»-йы къухдариуæггæнæг æмæ централон органтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.