Тагъд райдайдзысты Джеры дзуармæ кувæн бонтæ. Рагæй фæстæмæ ацы бæрæгбон иу кодта адæмы, уымæн æмæ йын ис сыгъдæг хъуыдытæ æмæ æгъдæуттæ æххæст кæныны нысан.

Кæд йæ бонтæ августы æмбисы райдайынц, уæддæр афæдзы иннæ мæйты дæр Джеры дзуармæ æрбацæуынц бирæ адæм, цæмæй йæм скувой æмæ йын сæхи бафæдзæхсой. Йæ бонтæ куы райдайынц, уæд та сыгъдæг бынаты алыварс, йæ бацæуæнты транспортон фæрæзтæй нæ вæййы бацæуæн, æгæрыстæмæй фистæгæй цæуджытæн дæр. Хорз у æмæ фæстаг азты бар нал дæттынц суанг йæ бынмæ машинæйыл бацæуынæн. Ардæм алчи дæр кувынмæ цæуы, Джеры Уастырджийæ та, фыццаджыдæр, сæхи æмæ сæ бинонты фыдбылыз фесафын фæкурынц.

Бирæты «ферох» вæййы, кæд æмæ бæлвырдæй зонынц Дзуары бын нæ фыдæлтæ кæй никуы куывтой карз нозтæй, кæй нæ чъизи кодтой йæ алыварс территори, æнæуаг митæ æмæ æнæуаг ныхæстæй кæй нæ кодтой, уый.

Сусæггаг нæу дзуармæ скувыны æфсон иуæй-иу шофыртæ æнæгъдау нуæзт куыд бакæнынц. Сæ бинонтимæ, чысыл æнахъом сабитимæ кæй сты, уый ферохгæнгæйæ фæндагыл цæуыны фæткойтæ фехалынц. Хатт вæййы афтæ дæр æмæ æрцæуынц æнамонд цаутæ. Бирæ нозтджын шофыртæн куы бауайдзæф кæнынц, ома, ныр куыд хъуамæ аскъæрай машинæйы ахæм уавæры, уæд фæзæгъынц, зæгъгæ, мын Джеры дзуар баххуыс кæндзæнис. Хъыгагæн, хатт рауайы æндæрæрдæм…

Республикæйы паддзахадон автоинспекцийы хæс у бæрæгбонты Дзуары алыварс æмæ йæ бацæуæнты транспортон фæрæзты шофыртæ æмæ бæлццæттæн, стæй фистæгæйцæуджытæн æдасдзинады уавæртæ саразын.

Уый фæдыл нын паддзахадон автоинспекцийы куыд загътой, афтæмæй фæстаг азты расыгæй машинæ скъæрджыты ныхмæ мадзæлттæ бæрæг фæкарздæр сты нæ республикæйы. Статистикæ куыд амоны, афтæмæй æнамонд цаутæ фылдæр æрцæуынц нозтджын шофырты аххосæй. Автоинспекцийы кусджытæ расыг шофыр куы æрцахсынц, уæд ын ивары хуызы бафидын кæнынц 30 мин сомы, машинæ скъæрыны бартæ та йын байсынц афæдзы æмгъуыдмæ. Хатт, нозтджын кæй у, уый сбæрæг кæныны тыххæй дохтыртæм нæ фæкомынц шофыртæ. Уымæн дæр хицæнæй ис йæхи административон ивар. Расыг шофыры аххосæй адæм куы фæмард уой, уæд фæндагыл  æрцæуæг фыдбылыз, цас уæззау уа, уымæ гæсгæ, æппынкъаддæр æфхæрд у ахæстоны дыууæ азæй цыппар азы онг фæбадын».

Ам ма куыд загътой, афтæмæй августы мæйы Джер-мæ цæуæг адæмы нымæц бæрæг кæй фæфылдæр вæййы, уымæ гæсгæ паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ кусдзысты уæлдай фылдæрæй, араздзысты сæрмагонд рейдтæ расыг шофырты сбæрæг кæныны тыххæй.

Республикæйы паддазахадон автоинспекцийы управлени сиды транспортон фæрæзты шофыртæ, бæлццæттæ æмæ фистæгæй цæуджытæм, цæмæй уой уæлдай къæрцхъусдæр. «Фидарæй æххæст кæнут фæндагыл цæуыны фæткойтæ, расыгæй ма бадут транспортон фæрæзтыл, фæндæгтыл кæсут фæндагон нысæнттæм. Уæлдай æргом аздахын хъæуы сывæллæтты æдасдзинадмæ. Бæрæгбоны агъоммæ аныхас кæнут уæ сабитимæ, сæ зæрдыл сын æрлæууын кæнут фæндæгтыл цæуыны сæйраг æгъдæуттæ. Сывæллæттæ хистæрты фæзмынц æмæ архайут фистæгæй кæнæ транспортон фæрæзтæ скъæргæйæ фæндагон змæлды фæткойтæ ма халыныл. Сывæллæтты лас-гæйæ пайда кæнут æдасдзи-нады рæттæй, кæнæ сывæллæтты сæрмагонд æдасдзинады бандæттæй. Фыдбылыз æрцæугæйæ, уыцы ма-дзæлттæ фадат ратдзысты сабийы цæфтæ фæрогдæр кæнынæн æмæ йын йæ цард бахъахъхъæнынæн. Уымæй дарддæр, ма курæг стæм æндæр транспортон фæрæзты шофыртæй, цæмæй фæндæгтыл цы къуылымпытыл æмбæлой, уыдонмæ кæсой æмбаргæ цæстæнгасæй æмæ куыд гæнæн уа, афтæ агурой æдасдæр фæндæгтæ», – сиды шофыртæм Цхинвалы районы автоинспекцийы сæргълæууæг.

Фæндагыл чи фæцæуы, уыдон се ‘ппæт дæр сæхи фæфæдзæхсынц Фæндаджы Уастырджийæн, фыдбылыз æмæ фыдбæлæх сафæгыл та нымад у Джеры Уастырджи. Бирæ хатт та адæймагæн йæхицæй кæнгæ вæй-йы, фыдбылыз æрцæуа, æвинæ, уый. Хызт дзы ут! Рухс æмæ уыл амондджын бæрæгбонтæ цæуæд!

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.