Фæстаг азты инвесторты цымыдисдзинад Хуссар Ирыстонмæ фæактивондæр. Уымæн бындур æрæвæрдта не ‘мбæстаг амалиуæггæнæг Боллоты Таймураз, хуыйæн фабрикæ скусын кæнгæйæ. Ныртæккæ уый кусы æппæт хъомысадæй, куысты бынæттæй ифтонг æрцыдысты нæ республикæйы бирæ цæрджытæ. Боллоты Таймуразы бафæзмыдта нæ иннæ æмзæххон Уанеты Вадим. Уый та дзидзагуыстгæнæн куыстуат бакодта æрæджы. Сырæзт суаруадзæн завод «Ирыстоны суадæттæ», зæгъгæ. Инвестицион проекттæ дарддæр дæр æххæст цæуынц. Ныр та æххæст цæуы проект «Ирыстоны дыргъдæттæ» Присы хъæуы.  Ам 50 га территорийыл сагъд æрцæудзæн 160 000  фæткъуыбæласы. Дыргъдоны талатæ сагъд цæудзысты иууыл нырыккондæр методтæм гæсгæ. Æдæппæт, ныссадздзысты 5 хуызы фæткъуыты, æндæр æмæ æндæр сорттæ. Уыдон сты, абон фæлхасгæнджытæ иууыл тынгдæр кæй агурынц, ахæм сорттæ.

Проекты инициатор у профессионалон дыргъгуыстгæнæг Ростовы областæй Константин Ластович.

Ацы проект реализаци цæуы экономикæйы реалон секторы рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Инвестпроектæн йæ аргъ у 265,64 милуан сомы. Уыдонæй инвесторæн йæхи фæрæзтæ сты 60,1 милуан сомы.

Константин Ластович куыд зæгъы, афтæмæй, талатæ æрластой Сербийæ. Бынæттон талатæй уымæн нæ пайда кæнынц, æмæ ацы талатæ сты, тынг чи нæ рæзы хæрдмæ, ахæмтæ. Развæлгъау æмбæлон куыст бачындæуыд мæры сахуыр кæнын æмæ йын анализ саразыны фæдыл, цæмæй талатæн, гæнæнуæвгæйæ, хуыздæр уавæртæ арæзт æрцæуа нæ климатыл æрцахуыр уæвынæн. Сæрмагонд шлангтæ æрлас-тæуыд донхæр кæнынæн, уыдон ныри-дæгæн æвæрд æрцыдысты æмæ фадат уыдзæн  дыргъдоны æппæт территори дæр донхæр кæнынæн.

Инвесторы ныхæстæм гæсгæ, арæзт цæуы æрмæст дыргъдон нæ, фæлæ ма 3 мин тоннæйы бæрц дыргътæ æмæ халсæрттæ æфснайæндæттæ, ома, дыууæ ангары. Уыцы проект арæзт куы æрцæуа, уæд дзы фæзындзæн  фæндзай кусæгон бынаты.

Ныртæккæ фæткъуыбæлæсты талатæ æнхъæлмæ кæсынц садзынмæ сæрмагонд уазалгæнæн системæйы, кæцыйы температурæ у 4 градусы.

Талатæ ног технологимæ гæсгæ садзыны тыххæй хуынд æрцыд агроном-технологты бригадæ Кæсæг-Балхъарæй,  цыран ацы технологи у тынг популярон æмæ дзы уæрæхæй пайда кæнынц дыргъгуыстгæнджытæ.

Æрцæуæг агроном-технологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæнд кодтой майы мæйы талатæ ныссадзын. Уымæн æмæ уæд зæххы хъармдзинад вæййы 18 градусы онг. Фæлæ Хуссар Ирыстоны климатон уавæртæ ныридæгæн дзуапп дæттынц садзыны домæнтæн. Ныфс сæ ис, ам цы 160 000 талайы сагъд æрцæуой, уыдонæй бæрæг æмгъуыдмæ ист кæй цæудзæн хъæздыг тыллæг.

Инвестор Константин Ластовичы хъуыдымæ гæсгæ «Ирыстоны дыргъдæттæ»-йы территорийыл фæнд кæнынц завод саразын дæр, кæцы уадздзæн фæткъуыйы дон, повидлæ, джемтæ æмæ æндæр продукци.

Уæдæ, гæнæн ис æмæ фидæны «Ирыстоны дыргъдæттæ» суой Хуссар Ирыстоны бренд дыргъгуысты къабазы.

РХИ-йы Экономикон рæзты министр Зæгъойты Вильямы хъуыдымæ гæсгæ «Ирыстоны дыргъдæттæ» фæстæдæр ноджы рауæрæх уыдзæн. Сырæздзæнис дзы талахъомылгæнæндон, цæмæй бынæттон цæрджытæ амал кæной фæткъуыбæлæсты талатæ.

Министр ма куыд зæгъы, афтæмæй ацы проекты фæстæ нæ республикæйы æххæст цæудзысты æндæр проекттæ дæр хъæууон хæдзарады къабазы. Баныхæстæ ма уагъд цæуы æндæр инвестортимæ дæр, кæцытæ цымыдис кæнынц нæ республикæйы бизнес ба-кæнынмæ. «Мæнмæ гæсгæ, хъæууон хæдзарады фæдыздæхты уыдзæн иууыл хуыздæр фæстиуджытæ», – зæгъы Зæгъойты Вильям.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.