Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрадты ’хсæн цы бадзырд уыд нæ республикæйы территорийыл паддзахадон резерв саразыны тыххæй, уый фæдыл бирæ куыст æрцыд. Ныры онг сарæзтой егъау объект, цыран æвæрд хъуамæ цæуой арæзтадон æрмæджытæ, хæлцадон продукттæ, дзаумæттæ, сæрмагонд техникæ æмæ ма æндæр ахæм æнæмæнгхъæуæг товартæ. Кæд æмæ ныры онг ацы ангартæ афтид уыдысты, уæд ныр уæрæсейаг коллегæты фæрцы Паддзахадон резервмæ лæвæрд æрцыдис дзæвгар продукци — пъалаткæтæ, арæзтадон æрмæджытæ, хæлцадон продукттæ, донгæрзтæ, трактор æмæ æндæр ахæмтæ.
Паддзахадон резерв ифтонг у товар æмæ техникæйæ
Паддзахадон резерв ифтонг у товар æмæ техникæйæ

Ӕппæт æнæмæнгхъæуæг товартæ — цытджын æгъдауæй Уæлвæткон уавæрты министрады территорийыл. Ардæм фæуазæг сты бæстæйы президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Ӕххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Уæлвæткон уавæрты министрады къухдариуæгад сæ министр Гассеты Ибрагимы сæргълæудæй, цытджын уазджытæ æмæ дзыллон информацийы минæвæрттæ. Ведомствойы сæргълæууæг йæ раныхасы ныфс бавæрдта, ацы объект кæй дæтдзæнис дзуапп æмбæлон домæнтæн.

«Нæ уæрæсейаг коллегæты фæрцы ныридæгæн нæ ангарты ис дзæвгар æнæмæнгхъæуæг инвентарь æмæ хæлцадон товартæ. Астæуккаг нымадæй, тыхст рæстæджы нæ бон бауыдзæнис 10 боны æмгъуыдмæ баххуыс кæнын, бавæрын, хæлцæй æмæ хъармдзинадæй сифтонг кæнын иу мин адæймаджы бæрц. Уымæн нæм ис фаг фæрæзтæ. Дарддæр дæр архайдзыстæм бæрзонд æмвæзадыл куыст кæнын», — загъта Гассеты Ибрагим.

 

«Хæххон бæстæ кæй стут, уый фæдыл уæм арæх æрцæуы фыдбылызтæ, уæлдайдæр та зымæгон. Уымæ гæсгæ ацы паддзахадон резервæн егъау нысаниуæг ис, æнæмæнгхъæуæг у уæ республикæйæн. Абоны мадзал дарддæр ахъаз фæуыдзæнис Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн Уæлвæткон уавæрты хаххыл», — зæгъы Марат Кулахметов.

Паддзахадон резерв ифтонг у товар æмæ техникæйæ
Паддзахадон резерв ифтонг у товар æмæ техникæйæ

«Абоны бон ногæй æвдисæн у, Уæрæсе та нæ фарсмæ кæй ис, уымæн. Йе ‘ххуысы фæрцы та арæзт æрцыдысты ацы ангартæ, ифтонг æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг инвентарæй æмæ сæ ныр та байдзаг кодтой хъæугæ товартæй, техникæйæ. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, Марат Кулахметовæн, кæцыйы комкоммæ хъусдарды фæрцы æнгомдæр кæнынц нæ ахастытæ, хуыздæр кæнынц нæ министрадты ифтонгад. Ныры онг дæр æрмæст Уæлвæткон уавæрты министрад нæ иста аккаг æххуыс Уæрæсейæ, фæлæ ма нæ республикæйы æппæт къабæзтæ дæр. Ӕрæджы Хъахъхъæнынады министрад райста æфсæддон техникæ, Мидхъуыддæгты министрад та ныр цалдæр хатты ифтонг æрцыд ног службæйон автотранспортæй. Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн дæр тагъд рæстæджы сæ мыздтæ фæфылдæр уыдзысты — бадзырд ныридæгæн бафыстой. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ бинонтимæ Ног азы къæсæрыл балæууат зæрдæрухсæй æмæ æнтыстджын уат уæ куысты», — раарфæ сын кодта Гаглойты Алан.

Кæронбæттæны уазджытæ азылдысты ангартыл æмæ сæхи цæстæй федтой æппæт райсгæ æххуыс.

Джиоты Алыксандр