Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзæн Ялтайы IV-æм æхсæнадæмон экономикон форумы. Делегацийы сæргълæууæг уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Делегацийы сконды сты РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын æмæ уæлвæткон минæвар Гасситы Знауыр, финансты министр Хæбæлаты Азæ, экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, транспорт æмæ сæудæджерады комитеты сæрдар Бекъойты Геннади.

Форумы фæлгæтты план цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Хъырымы хсæн суагъæйыл къухтæ æрфыссын.

Документыл къухтæ фыст æрцæудзысты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырымы ‘хсæн, дыууæфарсон рдыгæй базарадон, экономикон, зонадон-техникон æмæ гуманитарон æмгуыстад фæарфдæр æмæ уæрæхдæр кæныны кæрæдзийы интерестæ хынцгæйæ.

Ялтайы IV-æм æхсæнадæмон экономикон форум уагъд цæудзæн 19 апрелæй 21-æм апрелмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.