Горӕт Цхинвалы ательейы бӕстыхайы къулыл бакодтой Украинӕйы цӕуӕг сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фӕмардуӕвӕг бархион Елбачиты Иваны нывимæ баннер. Ацы хъуыддаг саразыныл бацархайдтой нӕ республикӕйы гарзджын тыхты ӕмӕ ӕфсӕддон архӕйдтыты ветеранты ӕхсӕнадон организаци Тедеты Валерийы сӕргълӕудӕй. Уымӕй уӕлдай ма сӕм се ‘ххуысы къух фӕдаргъ кодтой РХИ-йы Президенты администрацийӕ дӕр.

Мадзалмӕ ӕрбамбырд сты ветерантӕ, хицауады бӕрнон кусджытӕ, скъоладзаутӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ, горæты цӕрджытӕ. Ветеранты организацийы хистӕры хӕдивӕг Гӕбӕраты Феликс йӕ раныхасы ӕрдзырдта Елбачиты зынгхуыст лӕппуйы цардвӕндагыл, йӕ хӕстон ӕнтыстытыл.  Ныридӕгӕн хуссарирыстойнаг хӕстонтӕй 34-ӕй хъазуатон тохты фӕмардысты Украинӕйы хӕсты быдыры.

«Мах бафӕндыд, цӕмӕй Елбачиты Иваны хуызист кæм уа, ахæм баннер бакӕнӕм искӕцы бӕстыхайы къулыл ӕмӕ равзӕрстам ательейы бӕстыхай. Дарддӕр дӕр нӕ фӕнды ахӕм мадзӕлттӕ ауадзын иннӕ фӕмардуӕвӕг хӕстонты тыххӕй», – загъта Тедеты Валери.

Ацы мадзал нысанмӕздӕхт у не ‘хсарджын хӕстонты нӕмттӕ ма ферох кӕнынмӕ, кæстæр фæлтæрæн ӕфсӕддон-патриотон хъомылад  дӕттынмӕ.

Елбачиты Иванӕн 29-аздзыдӕй йӕ цард аскъуыд фашисттимӕ тохы. Хорзӕхджын ӕрцыд «Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕджы» майданӕй йӕ амӕлӕты фӕстӕ.

Джиоты Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.