2015 азы 2 ноябры «Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбонон æмæ зæрдылдарæн бонты къæлиндар сфидар кæныны тыххæй» РХИ-йы Президенты № 255 Барамындмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй

1. 2015 азы 2 ноябры «Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбонон æмæ зæрдылдарæн бонты къæлиндар сфидар кæныны тыххæй» РХИ-йы Президенты № 255 Барамындмæ ивындзинæдтæ бахæссын, фыццаг пункты баххæст кæныны тыххæй  ног абзац цыппор фæндзæмæй ахæм хуызы:

«31 август – Ветеринарон кусæджы бон»;

Абзац цыппор фæндзæм нымад æрцæуæд абзац цыппор æхсæзæмыл;

Абзац цыппор фæндзæм æхсай æвдæм нымад æрцæуæд цыппор æхсæзæм абзацыл – æхсай фарастæмыл.

2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал, 2019 азы 13 ноябрь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Профессионалон бæрæгбон – Ветеринарон кусæджы бон сфидар кæныны тыххæй

1.Республикæ Хуссар Ирыстоны профессионалон бæрæгбон – Ветеринарон кусæджы бон снысан кæнын. Йæ нысан кæныны бон фидар æрцæуæд 31 августы.

2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал, 2019 азы 13 ноябрь

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Тасойты Сослан Никъалайы фырты тыххæй

1.Тасойты Сослан Никъалайы фырт сæрибар æрцæуæд РХИ-йы Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæджы бынатæй.

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

г. Цхинвал, 2019 азы 15 ноябрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.