Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Таможнæйон службæйы кусæджы боны цытæн!

Таможнæйон органты нысаниуæгæн национ интерестæ хъахъхъæныны фадыджы саргъгæнæн нæй. Таможнæйон службæ у ахсджиаг инструмент контрабандæ, наркотиктæ уæй кæнын æмæ æхсæнадæмон терроризмыл тох кæнын, бæстæйы экономикон æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддаджы.

Абон сымах стут æддагон базарад бæстон кæнын æмæ Паддзахадон бюджет ифтонг кæныны эффективон механизм. Уæ ведомствойы раз цы ахсджиаг хæстæ æвæрд цæуы, уыдоны нымæцы сты æхсæнадæмон экономикон æмгуыстады рæзтæн хорз уавæртæ саразын æмæ фыдыбæстæйон товаруадзджытæн æххуыс кæнын. Ныфс мæ ис, сымах уыдоныл кæй фæтых уыдзыстут, цæсгомджынæй æмæ бæрнонæй кæй æххæст кæндзыстут уæ службæйон хæстæ.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, æнтыстытæ æппæт плæнттæ æххсæт кæнын, сабырад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.