Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Таможнæйы кусджытæ сты контрабандæ, æхсæнадæмон фыдракæндтимæ тох кæныны ахсджиаг инструмент, бæстæйы экономикон æдасдзинад ифтонг кæныны сын ис ахсджиаг нысаниуæг.

Абон уæ разы лæууынц вазыгджын хæстæ, кæцытæ баст сты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты интерестæ бахъахъхъæнынимæ æмæ мæ ныфс ис, уæрæсейаг коллегæтимæ уе ‘нгом æмархайд, службæйон хæстæ цæсгомджынæй æмæ бæрнджынæй æххæст кæнын фадат кæй ратдзæн алы фарст дæр скъуыддзаг кæнынæн.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын ведомствойы ветерантæн, кæцытæ бындур æрæвæрдтой нырыккон таможнæйон службæйы рæзтæн. Уадз, æмæ ведомствойы ныры æмæ фидæны кусджытæ хъахъхъæнæд æмæ аккагæй дывæр кæнæт, сымах цы традицитæн бындур æрæвæрдта, уыдон.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, æнтыстытæ, сабырад æмæ хорздзинад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.