85-аздзыдæй цардæй ахицæн ирон радио æмæ телеуынынады легендæ Мамсыраты Тасолтан. Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист уыд ирон радио æмæ телеуынынады фыццаг диктортæй иу.

Мамсыраты Тасолтаны ном зындгонд у, ирон культурæмæ чи цымыдис кæны, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Ирон радио æмæ телеуынынады фыццаг дикторы хъæлæсы раджы бауарзтой Ирыстоны радиомæ хъусджытæ. Уый у паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы преми «Золотой микрофон»-ы лауреат. 1962 азы хайад райста дикторты конкурсы æмæ уæдæй фæстæмæ нал фæхицæн йæ уарзон профессийæ. Уыцы иурæстæджы радиойы уагъта политикон æмæ лирикон алæвæрдтæ дæр. Мамсыраты Тасолтанæн йæ царды ахсджиаг бынат ахста музыкæ. Зарын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Сценæмæкæджыты зæрдæмæ уæлдай тынгдæр цыдысты Тасолтан æмæ йæ сабибонты хæлар Гæздæнты Булатимæ ралæудтытæ.

Тасолтан райзæрдæйæ цыд Хуссар Ирыстонмæ дæр, цыран бынæттон радио æмæ телеуынынады кусджыты зонгæ кодта сæ профессийы сусæгдзинæдтимæ, уагъта сын мастер-къластæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.