Мидхъуыддæгты министрады цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад æмæ сæрмагонд скондæн уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Фыдракæндтимæ тох кæнын, æхсæнадон æдасдзинад ифтонг кæнын, æмбæстæгты бартæ хъахъхъæны хъуыддаджы æдзух цæттæдзинад домынц фæразондзинад, хъæддыхдзинад æмæ цæсгомдзинад. Уæ професси у иууыл ахсджиагдæр æмæ æнæ­мæнгхъæугæдæр, у сабырады æмæ фæткæвæрды гарант. Абоны бон мидхъуыддæгты министрады кусджыты раз лæууынц серьезон æмæ бæрнджын фарстытæ. Уæлдай хъусдард здахын хъæуы закъондзинад æмæ фæткæвæрд ифтонг кæныны фарстатæ эффективонæй скъуыддзаг кæнынмæ, кæцы домы профессионалон цæттæдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын.

Ныфс мæ ис, уæ хæсыл æнувыддзинад, службæйон хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæнын, профессионализм, рæстдзинад æмæ принципиалондзинад дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзысты уæ профессионалон архайды бæрзонд фæстиуджытæ райсынæн.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, сабырад, хорздзинад æмæ æнтыстытæ уæ службæйы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар

Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.