Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутат Уататы Зелимханæн йæ райгуырæн боныл 70 азы сæххæсты цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Зелимхан Махарбеджы фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырæн боныл 70 азы сæххæсты цытæн.

Дæ бирæазон паддзахадон æмæ æхсæнадон архайды, æмæ  хъуыддагмæ бæрндзинады цæстæй кæсыны руаджы ды дæхицæн скад кодтай ды райстай Ирыстоны æмæ æппæт Уæрæсейы дæр.

Дæ куыстæн, де ‘ххуыс æмæ дæр хорз ахастæн стыр аргъ кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Ам дæ зонынц ахæм адæймагæй, кæцы йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæны, куыд хæлар, кæцы уыдзæн нæ фарсмæ иууыл зын рæстæджыты. Уыцы миниуджытæ ды равдыстай Дзауы поселочы зæххæнкъуысты фæстиу-джытæ аиуварс кæныны рæс-тæджы æмæ 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы дæр.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны дын, Зелимхан Махарбеджы фырт, бузныджы ныхæстæ зæгъын хæлардзинад æмæ æмархайды тыххæй, мæ цæст дын уарзы æнтыстытæ дæ архайды, бирæ азты цæрæнбон, фидар æнæниздзинад æмæ æвидигæ энерги».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.