Сабитæ нæ фидæн, нæ сомбон сты æмæ сæ хæрзиуæгæн хъуамæ мацы æвгъау кæнæм. Цас циндзинад æрхаста, нæ сабитæн къуырийы размæ Пионерты парчы цы бырæн фæз байгом, уый. Æрвылбон дæр ардæм æрæмбырд вæййынц сæдæгай сывæллæттæ. Суанг изæрмæ ам хъæлдзæгæй сæхи фæирхæфсынц. Кæд дзы чидæртæ къахдзоныгътыл рæстмæ лæууын нæма зонынц, уæддæр сæ бырæн фæзæй сæ къах нæ хæссы. Ардæм цæуынц бинонтæй, æмкъласонтæ къордтæй, сыхæгтæ. Улæфт бонты та бырæн фæзы уазджытæ уыдысты Къуайсайы сывæллæттæ. Бирæ адæм кæй вæййы бырæн фæзы, уымæ гæсгæ развæлгъау хъуамæ дæхи ныффыссын кæнай номхыгъды.

«Сабиты хæрзиуæгæн æз мæхæдæг цæттæ дæн сæ фидæныл аудынмæ. Фæнды мæ, цæмæй алы ныййарæг дæр тырна уымæ», – загъта парти «Ныхас»-ы сæргълæууæг æмæ проекты инициатор Бесаты Зитæ. Уый дæр ардæм æрбацыд йæ бинонтимæ æмæ иннæ адæмы æмрæнхъ лæууыд рады.

Бырæн фæзмæ йæ сывæллæтты чи æрбакодта, уыдонæй иу ныййарæг та афтæ загъта:

«Цалдæр азы размæ дæр ма цы зындзинæдтæ æвзæрстой нæ республикæйы цæрджытæ, уыдон фæстейæ баззадысты. Абон нæ кæстæртæ рæзынц сыгъдæг арвы бын. Нал тæрсæм хæстæй, блокадæ æмæ æндæр мæлæтхæссæг хæсты фæзындтытæй. Уæрæсейы Федераци æмæ нæхи разамынады фæрцы абон нæ сабитæ ахуыр кæнынц хъарм скъолаты, уым басихор кæнынц, рæзгæ сывæллоны организмæн æнæмæнг цы у хæлцæй, уыцы продукттæй. Ис сын уавæртæ урокты фæстæ спортивон секцитæ, хицæн кружокты архайынæн. Фарон мæ сывæллæтты акодтон, Цæгат Ирыстоны цы бырæн фæз ис, уырдæм. Иу сахатæн бафыстам 500 сомы. Ам, нæхимæ та – 100 сомы. Бузныг, нæ сывæллæттæн нын ахæм æвæрццаг эмоцитæ чи балæвар кодта, уыцы организатортæн», – зæгъы Джиоты Элинæ.

Сабитæ сæ удыдзæбæхæн кæм хъазой, ахæм ирхæфсæн бынæттæ фылдæр куы уаид, уæд смартфонты къаддæр бадиккой. Алы ныййарæг æмæ Хицауады кусæг дæр хъуамæ архайа республикæйæн фидæны æнæниз фæсивæд схъомыл кæныныл. Ахæм бынæтты сабитæ иуæй сæхи аирхæфсынц, аннæмæй æхсæнады уæвгæйæ ахуыр кæнынц сæхи дарыныл, стæй сæм æвзæры цымыдисдзинад æмæ нысанмæздæхт æнкъарæнтæ.

«Мæнæн фыццаг бон къахдзоныгътыл слæууын мæ бон нæ уыд. Ахаудтæн æмæ та-иу мæхи фæриссын кодтон. Фæлæ, мæхицæн дзырд радтон, инструктор мын куыд амоны, афтæ кæй архайдзынæн. Ныр цыппæрæм хатт æрба-цыдтæн æмæ бырын базыдтон», – загъта сабитæй сæ иу.

Ахæм нысанмæздæхт сывæллæттæй фидæны рацæуы райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджытæ, патриоттæ, æхсардзинад æмæ хъайтардзинадæн æвдисæн чи уа, ахæм гоймæгтæ.

Махæй алчидæр та хъуамæ бæрнон уа ахсджиаг æхсæнадон хъуыддагмæ хайбавæрд бахæссынæй.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.