18-æм январы Медиа-центр «Ир»-ы пресс-центрмæ æрæмбырд сты Хуссар Ирыстоны политологтæ, эксперттæ, политикон партиты сæргълæуджытæ, интеллигенцийы æмæ фæсивæды минæвæрттæ æмæ ауагътой тымбыл фынг 2024 азы РХИ-йы фадæттæ æмæ перспективæты тыххæй.

Медиа-центр «Ир»-ы сæргълæууæг Гаглойты Иринæ банысан кодта, зæгъгæ, 15 азы хицауиуæгад æмæ æхсæнады ‘хсæн нæй рæстмæ диалог. Цæмæй цы ныхмæдзырдтæ ис, уыдоны аиуварс æрцæуой, уый тыххæй хъæуы консенсус.

«Дунеон геополитикон уæззау уавæры нæ республикæйы æдасдзинад бахъахъхъæнын нæ сæйраг нысан у. Махæн Уæрæсеимæ фидар нормативон-барадон бастдзинад ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый нæ æдасдзинады гарант у, фæлæ нæхи сæрмагонд хъахъхъæнынадон тыхтæ дæр хъуамæ фидар уой.

Нæ экономикæ дæр лæмæгъ кæй у, уый æвзæрæрдæм æндавы æхсæнадыл, æнæниздзинад, демографи, ахуырад æмæ цардуаджы æндæр фадгуытыл. Проблемон у миграцион уавæр дæр. Республикæйæ куыстагур цæуынц куыстхъом адæм. Чидæртæ сæ æрыздæхы, фæлæ сæ фылдæр æрбынат кæнынц республикæйы æддейæ. Ам адæм куынæуал уа, уæд ма 2008 азы цæй тыххæй ныккалд нæ туг», – дзырдта Гаглойты Иринæ.

Политолог Уазæгты Юри банысан кодта, зæгъгæ, 2024 азы Хуссар Ирыстонæн скъуыддзаггæнинаг бирæ фарстатæ. Уыдон комкоммæ баст сты, постсоветон тыгъдады æмæ Æввахс Скæсæны цы цаутæ цæуы, уыдонимæ. Уыцы цауты фæтагъддæр кодта, Уæрæсе Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци уадзы, уый. Балансгонд бирæполярон дунеон фæтк кæй хонæм, уый дæр нæ цæстыты раз рæзы æмæ комкоммæ æндавы нæ регионыл дæр. Уыцы процесстæ Хуссар Ирыстонæн тæссаг сты. Уымæн æмæ нæ сыхæгтæ тагъд ацахуыр вæййынц ивындзинæдтыл. Уыдон сæ хæстон хъомысад фидар æмæ рæзын кæнынц Америкæйы Иугонд Штатты æххуысæй, бастдзинæдтæ аразынц алы æмæ алы бæстæтимæ, æмгуыстад рæзын кæнынц алыгъуызон здæхтыты. Уыимæ ма сын ритуалон ссис фæсарæйнаг бæстæтæй сæ паддзахадон æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын домын.

Нæ алыварс бирæ алыгъуызон процесстæ цæуы, æмæ, гæнæн ис, уыдон Хуссар Ирыстонæн уой тæссаг. Тæссаг та уыдзысты, нæ мидæггагон уавæр стабилон куы нæ уа, уый аххосæй. Бирæ хъуыддæгты фæдыл  политикон элитæты ‘хсæн нæй иудзинад. Республикæйы интересты, йæ имидж æмæ æдасдзинады сæрты хизын кæй нæ хъæуы, уый тыххæй нæй сырх хæххытæ.

Скъуыддзаггæнинаг фарстатæ нæм бирæ кæй ис, уый æвзæрæрдæм æндавы нæ республикæйы стабилон уавæрыл. Уыцы фарстатæ стыр бæрндзинадимæ 2024 азы аскъуыддзаг кæнын хъæуы. Мидполитикон уавæр цæмæй стабилон уа, уый тыххæй хъуамæ бацархайæм, цæмæй республикæйы парламентон æвзæрстытæ ацæуой закъоны фæлгæтты, æнæ хъаугъайæ.

Депутат Санахъоты Давид банысан кодта, зæгъгæ, дырысæй сбæрæг кæнын хъæуы, республикæ кæдæм цæуы æмæ цæмæ тырны, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, экономикæйы фарстатæ ахсджиаг сты, уымæн æмæ æндавынц алы фадыджы цардархайдыл дæр. Фидар æмæ размæдзыд экономикæ æхсæнады стабилондзинады, паддзахадон хæдбардзинады æмæ хъомысджын паддзахады бындур у. Ныртæккæ республикæйы демографион уавæр тынг мæгуырау у, нæй нæм къуындæг специализацийы кадртæ. Ацы проблемæ азæй азмæ актуалондæр кæны. Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты дæр ног æмвæзадмæ хъæуы ракæнæн.

Депутат Бесаты Зитæ банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы уавæрыл тынг æндавынц æддагон фактортæ æмæ процесстæ æмæ уый тыххæй приоритеты сты паддзахадон æдасдзинад, политикон стабилондзинад æмæ экономикон рæзт. Экономикон фарст ахсджиаг æмæ нысаниуæгджындæр  у.

«Алкæцы разамонæггæнæджы куысты дæр вæййы æвæрццаг æмæ æппæрццаг хъуыддæгтæ. Республикæйы хицауиуæгад алкæмæн дæр фадат радта, чи кæм бæззы, уым хорз фæстиуæг равдисынæн. Чиновникы архайд хъуамæ здæхт уа республикæйы рæзтмæ. Критикæ кæнын æнцон у, фæлæ æз афтæ нымайын, æмæ алкæцы адæймаджы куыст дæр пайда у», – загъта депутат.

Æддагон сидтыты тыххæй та Бесаты Зитæ банысан кодта, зæгъгæ, «Абон тынг ахсджиаг у паддзахадон æдасдзинад дæр æмæ политикон стабилондзинад дæр. Размæдзыд экономикæйыл та баст у социалон фадыг дæр æмæ æндæр здæхтытæ дæр. Алы паддзахады стратеги дæр у куыд наци, афтæ хи, культурæйы рæзт, традицитæ, мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын».

Мадзалы раныхас кодтой иннæ хайадисджытæ дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.