Ахадгæ ивындзинæдтимæ цæуы Мæскуыйаг микрорайоны дыууæ уынджы рацарæзт. Владимир Путин æмæ Медведевы уынгты фæуæрæхдæр кæндзысты. Паддзахадон унитарон куыстуат «Комавтодор»-ы сæргълæууæг Гæбæраты Алан куыд зæгъы, афтæмæй ацы дыууæ уынджы скъола æмæ дыууæ сабиты рæвдауæндоны ис æмæ сæ цуры адæмæй азмæлæн нал вæййы. «Фæндаг уынгæг кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу машинæтæн аскъæрæн нал уыд. Ныр проектмæ гæсгæ фæндаг афæтæн кæндзыстæм æртæ метры бæрц. Скъола æмæ сабиты рæвдауæндæтты раз та арæзт æрцæудзæн машинæты егъау парковкæтæ. Уымæй уæлдай  ма сырæздзæнис, машинæтæ сæрибарæй кæм æрзилой, ахæм тымбылæг дæр, цæмæй ист æрцæуа къæрмæджыты проблемæ».

Куыстытæм æрæвнæлдтой апрелы мæйы æмбисы æмæ ныртæккæ сты сæ тæккæ тæмæны.

Мæскуыйаг микрорайон арæзт æрцыд 2008 азы фæстæ. Куыддæр хæдзæрттæ байуæрстой, афтæ дзы æрцардысты, сæ хæдзæрттæ кæмæн басыгъдысты, хæсты азарæй кæй бинонты уæнгтæ фæмард сты æмæ æнæхæдзар чи уыд, ахæмтæ. Райдианы  микрорайоны зæххыбын коммуникацитæ раст арæзт не ‘рцыдысты æмæ уый фæстиуæгæн зæххы бынæй дон-иу стыдта æмæ уынгтыл лæдæрст. Медведевы уынджы цæрæг сылгоймаг зæгъы: «Нæ уынг тынг æвзæр уавæры уыд. Ацы микрорайоны иууыл фыццаг чи æрцард, æз дæр уыдонæй дæн. Мæ сæрыхицауы мын августы хæсты амардтой. Тельманы уынгыл цардыстæм, уым та нæ хæдзар басыгъд. Кæй зæгъын æй хъæуы, коттедж нын куы радтой, уæд нæ цинæн кæрон нæ уыд. Фæлæ фæндæгты арæзтад гъеуæд дæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Тротуартæ уæрæх, машинæты фæндаг та уынгæг. Коммуникацитæ æмæ доны хæтæлтæ арæзт æрцыдысты талф-тулфтæй, аслам æрмæгæй. Уыдон-иу арæх фехæлдысты æмæ та-иу, зæххы бын цы хæтæлтæ цыд, уыдон баивтой. Фæндагыл та сæвзæрд дзыхъхъытæ, æмæ къæвдабонты зымæгон рæстæджыты вæййынц цъыфбадæнтæ. Цæмæй горæтмæ сыгъдæгæй ацæуай, уый тыххæй нæ бахъæуы кæнæ ивæн къахыдарæс скæнын, кæнæ та транспортыл ацæуын. Дон бакæлы хæдзæртты ныккæндтæм. Хаттгай бахъæуы уæлвæткон уавæрты министрадмæ бадзурын, цæмæй ныккæндæй дон сæнцъирой», – зæгъы Уалыты Ангелинæ.

Æндæр цæрæг та нын радзырдта (йæ ном не схъæр кодта) «Тынг æхсызгон нын у боны фæстагмæ, мах рад кæй æрхаудта. Бузныг стæм нæ хицауадæй! Ам алы хæдзары дæр ис скъолайы ахуыргæнинаг, кæнæ скъолайы агъоммæйы кары сабитæ. Уыдоны сæ ныййарджытæ фæкæнынц машинæтыл, кæд æмæ скъола дæр æмæ сабиты рæвдауæндон дæр хæрзæввахс сты, уæддæр. Доны цадтæ ахæм арф вæййынц æмæ дзы саби нæ, фæлæ стыр адæймаг дæр нæ ахиздзæн æвыдæй. Уал азы дæргъы нæхи тыхтæй уынгыл-иу æркалдтам хуыр. Фæлæ, æвæццæгæн, канализацион хæтæлтæ байдзаг сты цъыфæй æмæ цалынмæ уыдон баивой, уæдмæ афтæ тухитæ кæндзыстæм. Аразджытæ зæгъынц, зæгъгæ, ныр хæтæлтæ ивд цæуынц бæстон. Кæд ныр мах дæр баулæфиккам».

Къæвдайы дæттæ канд ацы микрорайоны цæрджыты нæ тыхсын кæнынц. Капиталонæй цалцæгкæнинаг уынгтæ нæ горæты нырма бирæ ис. Горæты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад дæр иу ран нæ бады, кусы бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты хæрзарæзтыл. Ацы аз Инвестпрограммæмæ хаст æрцыдысты Мичурины, Икъаты Владимиры, Кавказаг, Гагарины, Бушы æмæ Козайы фырты уынгтæ. Ныртæккæ сыл кусынц паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал» æмæ «Энергоресурс». Уыдон сæ куыстыты хай куы фæуой, уæд та сæ баивдзæн «Комавто-дор».

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.