Нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæйы фæлгæтты дарддæр кæны нæ горæты уынгты арæзтад. Ацы аз программæйы фæлгæттæм хаст æрцыдысты 24 арæзтадон объекты, уыцы нымæцы Дзауы районы сывæллæтты улæфæн лагерь, Леуахийы доны сæрты 13 коммунары уынджы хиды реконструкци æмæ горæты авд уынджы хæрзарæзтад. Арæзтады министр Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ арæзт æрцæудзысты Цхинвалы Плехановы, Санахъойы фырты, Сабырады, Саулохы фырты, Путины уынджы иу хай, Нарты уынгæй Плиты Ароны уынгмæ фæзилæн æмæ Едысы уынгтæ.  Апрелы мæйы райдайæны уал зæххыбын  коммуникацион хæтæлтæ ивыны куыстытæ райдыдтой Сабырады, Саулохы фырты, Плехановы, Едысы уынгты æмæ Нарты уынгæй Плиты  Ароны уынгмæ фæзилæны. Едысы уынджы ацы куыстытæ æххæст кæны арæзтадон бригадæ Джиоты Игоры къухдариуæгадæй. Уый нын куыд загъта, афтæмæй ам канализацион æмæ доны хæтæлтæ ивыны куыстытæ хъуамæ фæуой 40 боны æмгъуыдмæ. «Ныридæгæн уал кæронмæ бахæццæ сты канализацион хæтæлтæ раивыны куыстытæ. Уымæн йæ дæргъ у 330 метры, æмæ ныр та бавнæлдтам доны хæтæлтæ ивынмæ. Уыдонæй дæр уал ивд æрцыд 50 метры бæрц»,-  загъта Игорь. Уый ма куыд загъта, афтæмæй уынджы дæргъ у  318 метры.

Ныртæккæ ацы куыстытæ кæнынц Водоканалы иу бригадæ 5 адæймаджы скондæй, кусæг техникæйæ сæм ис 2 КамАзы æмæ 2 та – къахæн трактортæ. «Ацы объектыл ныр кусæм 10 бонæй фылдæр, ис нæм æппæт хъæуæг техникæ, æрмæджытæ, кусæгдых. Ницы ныхдуртыл æмбæлæм. Кæд нæ боныгъæдтæ нæ бахъыгдарой, уæд æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой æмгъуыдæй раздæр», – загъта  Игорь.

Банысан кæнын хъæуы, Джиоты Игорь ма ахæм куыстытæ кæй бакодта нæ горæты Цхинвалы, Коцты Грийы, Гафезы, Базарады æмæ ноджы æхсæз уынджы. Бригадæйы кусджытæ сæ куыстмæ дарынц бæрнон ахаст, æппæт куыстытæ дæр конд цæуынц гъæдджынæй.

Ацы уынджы цæрджытæ 50 азæй фылдæр тыхстысты уынджы уавæрæй.  «Къæвдабонты ам рацæуæн нæ уыд, дзыхъхъытæ-иу донæй кæй байдзаг сты æмæ-иу сæ сæрты ахизæнтæ кæй нал уыд, уый тыххæй. Къæвдайы дон-иу бакалд ныккæндтæм дæр æмæ-иу сæ ссыгъдæг кæнын бахъуыд Уæлвæткон уавæрты министрады æххуысæй. Афтæ уыд æрдæг æнусæй фылдæр.  Кæд нæ хъаст хастам республикæйы алы инстанцитæм, уæддæр нæм йæ хъус ничи дардта. Рæстæгæй рæстæгмæ-иу ыл хуыр æркалдтой æмæ та -иу цыбыр рæстæгмæ фæстæмæ фехæлд. Ныр нæ фæнды бузынг зæгъын, чидæриддæр ацы куыстытæм йæ хъус дары, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр», – загътой уынджы цæрджытæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.